Йæ дæргъвæтин историон фæндагыл бирæ уæззау рæстæджытæ скодта Афганистаныл. Бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстой æнусты дæргъы ацы бæстæйы адæмтæ фæсарæйнаг колонизаторты къухтæй. Уымæн йæ ивгъуыдыл нæ цæст куы ахæссæм, уæд фендзыстæм, ахæм бæстæ нæй зæххы къорийыл, афгайнаг адæмы хуызæн фыдæбæттæ чи бавзæрста æмæ абон дæр, æвзары. Бирæ базаргæнæн фæндæгтæ цыдис ацы бæстæйыл, уымæ гæсгæ тыхджындæр паддзахадтæн сæ хъавд уыдис уыдон басæттын æмæ сæ сæ дæлбар бакæнынмæ. Бирæтæн-иу ацы хъуыддаг бантыстис, фæлæ æрмæстдæр рæстæгмæ. Истори нын куыд амоны, афтæмæй Афганистан бацахсын никуы никæмæн бантыст. «Ацы бæстæ бацахсæн ис, æрмæст къухты йæ бауромын зын у», –  афтæ фыста йæ рæстæджы иу азфыссæг.

Афганистан басæттын, науæд æй йæ дæлбар бакæнынмæ нæ хъавыдис Советон Цæдис ивгъуыд æнусы 70-æм азты кæрон. Не ‘фсад бакæныны хæдразмæ ам цардис 16 милуан адæймагæй фылдæр. Мах, советон хæстон-тæ, нæхи цæстæй федтам ацы бæстæйы адæмы гæвзыкдзинад æмæ фæстæзаддзинад. Махмæ уæд дисау каст, ахæм уавæрты куыд цæрæн ис, уый.

1979 азы апрелы, хицауады фæфæлдæхты фæстиуæгæн бæстæйы къухдариуæгадмæ æрцыдис Нур Муххамед Тараки, Советон Цæдисы стыр хæлар. Фæлæ йæ фондз мæйы фæстæ гадзрахатæй æд бинонтæ амардта йæ хæдивæг Хафизулла Амин æмæ слæууыд паддзахады сæргъ. Уый уыдис, карз, æгъатыр æмæ хицауы къæлæтджын йæхи цардæй фылдæр чи уарзта, ахæм налат адæймаг.

Йе ‘рбалæудимæ бæстæ аныгъуылд туджы малы.

Уавæр цæхгæр фæкарздæр декабры райдианы. Бæстæ уы-дис ныггуыппæввонг. Амин æппæт амæлттæй дæр архайдта йæ политикон æмæ хæстон уавæр сфидар кæныныл, фæлæ уый йæ къухты æххæстæй не ‘фтыд. Уымæй размæ дæр цалдæр хатты бахатыдис Советон Цæдисы къухдариуæгадмæ хæстон æххуысы тыххæй, фæлæ уыдон нæ разы кодтой. Политбюройы уæнгтæ хорз æмбæрстой, дунейы иннæ бæстæтæ ацы хъуыддаг растыл кæй нæ банымайдзысты, фæлæ уæдмæ дунейы сæвзæрд ахæм æндыгъд уавæр, æмæ æфсадæн æнæ бакæнгæ нал уыд.

1979 азы 25 декабры советон Æфсады фыццаг дæлхæйттæ бацыдысты ацы бæстæмæ. Нæ Гарзджын тыхтæ, сæйраджыдæр уæлдæфон-десанты æфсад, бацахстой æмæ æрбынат кодтой Кабул æмæ Баграмы æфсæддон аэродромты. Амин æнхъæл уыдис, зæгъгæ, советтæ уымæн баххуысы тыххæй æрбакалдтой се ‘фсады æмæ уый цытæн Кабулмæ æввахс йæ галуан Тадж-Бекы йæхи æмсæр æмæ æввахс адæймæгтæн сарæзта стыр куывд. Фæлæ залым фыдæн-хъæл фæцис.

Изæрырдæм 27 декабры горæты ацы хайы «æнæнхъæ-лæджы» ахицæн сты электроны рухс æмæ телефоны бастдзинад. Раст уыцы рæстæджы райдыдта Галуанмæ бабырст. Йæ алфæмблай цалдæр бынаты бацайдагъ сты карз тохтæ уый байсыны сæрыл. Штурмгæнджыты разæй цыдысты Паддзахадон Æдасдзинады Комитеты сæрмагонд нысаниуæджы къордтæ «Гром» æмæ «Зенит»,- æдæппæт 50 адæймаджы. Галуан хъахъхъæнджытимæ ‘нæрынцой тох ахаста æртæ сахаты бæрц. Уыцы изæр фæ-мард æгъатыр диктатор Амин йæхæдæг дæр.

Ацы хæстæй цалдæр боны фæстæ æз мæ хæстон æмбæлт-тæй цалдæримæ уыдтæн ацы Галуаны мидæг æмæ мæхи цæстæй федтон, ам цы стыр хæст æрцыд, уый фæстиуджытæ. Федтон, Амин æмæ йе ‘нахъом фырты цы бынаты амардтой, уый дæр. Уыцы тохы цы афгайнаг хæстонтæ фæмард, уыдон та рæстæгмæ бавæрдтой Галуаны хуссар-ныгуылæн фарс æфсы-мæрон ингæны. Фæстæдæр сæ рахастой æндæр ранмæ, галуаны та сцалцæг кодтой æмæ ам æрбынат кодта 40-æм армийы штаб.

Уыцы изæр хæстон архайдтытæ куы æрсабыр сты, уæд бæстæйы адæм æмæ дунейы дзыллæтæн фехъусын чындæ-уыд, Афганистаны кæй æрлæу-уыд ног дуг. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ныр ацы бæстæйы цæугæ хабæрттæн разамынд кæй лæвæрдтой Мæскуыйæ. О, радон революци та æрцыдис ацы гæвзыкк бæстæйы, фæлæ уы-мæй адæмы цард нæ фæхуыздæр. Алы адæмы хæттытæ, къордтæ, мыггæгтæ æмæ змæлд-тытæ ноджы кæрæдзийыл бафтыдысты, бæстæ схæццæ. Ацы æфсымæрмарæн хæсты ноджы тынгдæр та аныгъуылдысты не ‘фсад ракæныны фæстæ. Дæргъ-вæтин æмæ уæззау уыдысты нæ хæстон фæндæгтæ 3250 боны. Дæс азы ацы дард æмæ æцæгæлон зæххыл службæ хастой 580 мин советон салдат æмæ афи-церы.

1989 азы февралы æмбисмæ Советон Цæдис йæ Гарзджын тыхтæ ракодта ацы бæстæйæ. Уæдæй рацыдис 29 азы, ныр нал дæр уыцы бæстæ ис, нал дæр кæддæры Советон Цæдис, фæлæ нæ раздæры Цæдисы республикæты нæ хæстон æмбæлтти-мæ алы ран дæр нысан кæнæм ацы Бон- Афганистанæй не ‘фсад ракæныны Бон. Æрæмбырд вæййæм, æрымысæм нæ тох-вæндæгтæ, ссарæм не ‘дзард æмбæлтты рухс нæмттæ, кады куывтытæ фæдзурæм афгайнаг судзгæ хур æмæ хуыдуггæнæг змис-рыг кæимæ ныхъхъуырдтам, нæ кæрдзыны фæстаг къæ-бæр æмæ доны æртах кæимæ дих кодтам, уыцы лæппуты номыл…

Уыцы фыддуг, уæззау азты Афганистаны зæххыл хъайтары мард акодтой 14951 салдат æмæ афицеры, 52 минæй фылдæр та фесты уæззау æмæ рог цæфтæ, 102 мины та систы инвалидтæ, æбæрæгæй та фесæфтысты 400 салдат æмæ афицеры. Сæ хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинады тыххæй 71 адæймагæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары кадджын нæмттæ.

Не стыр æмæ бирæнацион Советон Цæдисы иннæ адæмты фырттимæ Афганистаны зæххыл службæ кодтой æмæ се ‘мбæлттæн хъæбатырдзинады цæвиттон уыдысты ирон лæппутæ дæр. Сæ хъæбатырдзинады тыххæй паддзахадон хорзæхтæй хорзæхджын æрцыдысты Дыгъуызты Геннади, Алихан æмæ Витали, Гуыцмæзты Мурат, Тедеты Гермаген, Хъоцыты Гиви, Наниты Отар, Елбачиты Вячеслав, Бестауты Омар æмæ Мурман, Гаглойты Тимофей æмæ Геннади, Дриаты Гела, Тедеты дыууæ Едуарды, Мæргъиты Инал æмæ Юри, Дзигойты Александр, Æлборты Иорам, Бететы Михаил, Санахъоты Юри, Гæбæраты Роланд, Хæныкъаты Уасил, Челæхсаты Аркади, Икъоты Гиви, Гæззаты Хазби, Цæриаты Нугзар, Джиоты Славик, Чехойты Роберт, Уырыгаты Инал, Хуыбиаты Валери, Мæлдзыгаты Валери, Лохты Му-рат, Къусраты Иван, Коцты Сослан æмæ бирæ æндæртæ. Ирон лæппутæй 200 фылдæр хорзæх-джын сты хæстон сгуыхтдзинæдтæ æмæ сабыр царды активон куысты тыххæй хицауадон хор-зæхтæй.

Хъыгагæн, хæст æнæ зиан нæ вæййы. Афганистаны зæххыл сæ адзал ссардтой 36 ироны. Уыдонæй нæ уæды автономон облас-тæй: – Тыджыты Гуливер, Чысиаты Нодар, Куымæриттаты Мераб, Сиукъаты Игорь æмæ Миндиашвили Заза. Гæбæраты Константин та æбæрæгæй фесæфт.

Нæ лæппутæ кадджынæй сæххæст кодтой сæ хæстон ард-бахæрд, æмæ уымæй бирæ азты фæстæ – ныр та Райгуырæн Ирыстон бахъахъхъæнын куы ба-хъуыд, уæд ногæй сæ къухмæ райстой хæцæнгарз æмæ хъæбатырæй тох кодтой гуырдзыйы тыххæйисджыты ныхмæ. Сæ хъæбатырдзинадæй номхæссæн фесты Джиоты Владик, Дзабиты Геннади, Уалыты Витали æмæ æндæр лæппутæ, кæцытæ сæ цард нывондæн æрхастой Ирыстоны сæрибардзинады сæраппонд.

2008 азы августы хæсты хъæбатырдзинад кæй равдыстой, уый тыххæй нæ бæстæйы уæлдæр хæстон хорзæх «Уацамонгæ»-йы орденæй хорзæх-джын æрцыдысты Зæгъойты Роберт, Дыгъуызты Геннади æмæ Тедеты Гермаген. Дыууадæсæй – «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæ-джы» æмæ цыппæрдæсæй та – «Сгуыхтдзинæдты тыххæй» майдантæй.

Лохты Джамбулат,

Афганистаны хæсты ветеран

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.