Ӕрæджы та Уæрæсейы ныхмæ европæйаг санкциты радон пакет йæ тыхы бацыд æмæ куыд рабæрæг, афтæмæй йæ фæлгæтты хæлд цæ-уынц Европæйæн йæхи цæрджыты бартæ – альтернативон информаци райсынæй та сæ æнæхай фæкодтой. Санкциты хыгъдмæ бахаудтой зынгæ журналисттæ, дзыллон информацийы фæрæзтæ, политикон партитæ, банктæ, куыстуæттæ æмæ афтæ дарддæр. Кæд æмæ Европæйы территорийыл раздæры райсгæ санкциты фæстиуæгæн уæрæсейаг телеканалтæ нал æвдыстой, уæд дзы ныр та арабаг æвзагыл телеканалтæ «RT» æмæ «Sputnik» дæр нал æвдисынц.

«Ныры онг хурныгуылæйнаг бæстæтæ алкæмæн демократон закъæттæм гæсгæ цæрын амыдтой, уыдысты алыгъуызон санкциты ныхмæ. Фæлæ ныр сæхæдæг сæ сæрмæ алцыдæр хæссынц – рахастой экономикон санкцитæ, кæцытæ халынц æппæтадæмон базарадон бадзырдтæ, ВТО-йы принциптæ. Ахæм амæлттæй далдзиныг кæнынц, сæ коммæ чи нæ кæсы, уыцы паддзахæдты æмæ къухдариуæггæнджыты, исынц сын сæ хæдбардзинад. Алыран дæр ирдæй зыны сæ æнæлегитимон архайд. Дзыллон информацийы фæрæзты ныхмæ райсгæ санкцитæ та халынц адæмы бартæ, цух сæ кæнынц альтернативон информацийæ, сæрибар хъуыдытæй, журналисттæ систы æбар. Хурныгуылæйнаг чиновникты фæнд у, цæмæй сæ цæрджытæн саразой изоляци, сæхи пайдайæн информаци йед-дæмæ мацы хъусой», – дзырдæуы уæрæсейаг фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарийы.

Ахæм политикæимæ разы не сты æрмæст æндæр континентты бæстæтæ нæ, фæлæ Европæйы цæрджытæ æмæ чиновниктæ дæр. Венгрийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Петер Сийярто зæгъы, зæгъгæ Евроцæдисы разамынад Венгрийы критикæ кæны, ома дзыллон информацийы фæрæзты сæрибарæй кусын нæ уадзæм, афтæмæй та æгас хурныгуылæйнаг бæстæты дзыллон информацийы фæрæзты 98% бæрц сты сæ паддзахадты пропагандæгæнджытæ.

«Махæн нæ цæстытæ чи къахы дзыллон информацийы фæрæзты хъыгдарыны тыххæй, уыдон сæхæдæг журналистты хæссынц санкциты номхыгъдтæм. Мæнмæ уыцы хабар диссаг кæсы. Дунеон æхсæнадæн йæ сæйраг хæс у, цæмæй хæстон дуджы адæмы мæлæтæй бахиза. Хурныгуылæйнаг бæстæтæ та æрмæстдæр хæссынц санкцитæ æмæ ифтонг кæнынц æхсæнгарзæй конфликты хайадисджыты», – банысан кодта Петер Сийярто.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.