17-æм марты уагъд æрцыдис 2015-2017 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны контролы фæдыл штабы радон рабадт. Уагъта йæ Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти. Рабадты хайад райстой профилон министрадтæ æмæ ведомствоты, подрядон организациты, контролгæнæг органты къухдариуæггæнджытæ.

Рабадты райдианы Хицауады Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, куыд ивгъуыд аз, афтæ ацы аз дæр ис бирæ объекттæ саразинаг. Уыдон хауынц куыд социалон къабазмæ, афтæ инфраструктурæ æмæ экономикæмæ дæр, кæцыты эксплуатацимæ раттын дарддæр ахъаз кæндзæн республикæйы цæрджыты æмвæзад бæрзонддæр кæнынæн. Нæ горæты уынгты хæрзарæзтадыл дзургæйæ банысан кодта, ацы аз цалцæг кæй хъуамæ æрцæуой 13 уынджы. Дарддæр арæзт цæудзысты фæндæгтæ, ахæмтæ, куыд Гуфта-Къуайсайы фæндаг. Ацы фæндагыл куыстытæ никуы æрлæуудысты. Ацы аз дарддæр арæзт цæудзысты цæрæнуат скъолатæ, скъолайы кары агъоммæйы уагдæттæ, медицинон объекттæ. Фæлæ Хицауады Сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй ныртæккæ куыст цы объекттыл цæуы, уыдоны арæзтадон куыстытæ алыран æмхуызон нæ цæуынц. Хицæн объектты фæстейæ зайынц графикæй. Куыд цæуынц куыстытæ хицæн объектты, уый тыххæй рабадты хайадисджытæн радзырдта республикæйы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй зындзинæдтæ фæзындис университеты комплексы арæзтады. Кæд куысты графикæй раздæр цыдис, уæддæр ныр 8-10 боны фæстейæ аззад, фæлæ уавæр раст кæны. Финансон æгъдауæй къуылымпыдзинад нæй, ифтонг сты арæзтадон æрмæджытæй æмæ кусæгдыхæй, закъазгонд сты хъæуæг инвентарь дæр.

Рабадты дзырд цыд, арæзт чи фæуд кæны, уыцы паддзахадон драмон театры раз фæзуаты, фонтаны арæзтадыл дæр. Хицауады Сæрдар бацымыдис кодта йæ проектон-сметæйон документаци цæттæ у, æви нæ, уымæ. Арæзтадон организаци «Эверест»-ы минæвар куыд загъта, афтæмæй сметæйон документаци у цæттæ, фæлæ ма йæ технологи къуылымпы кæны, æнæуый куыстытæ райдайынмæ сты цæттæ. Арæзтадон организацийы минæвар ма куыд загъта, афтæмæй финанскæнынад дæр уыдзæн æввахс бонты.

Хъуылымбегты Доменти йе ‘нæразыдзинад равдыста иумæйагæй сисгæйæ «Эверест»-ы архайды фæдыл æмæ æрдомдта, цæмæй сæ хæстæ æххæст кæнынмæ кæсой бæрнондæр цæстæй.

Горæт Къуайсайы цы объекттæ арæзт æрцыдысты, уыдон балансмæ райстæуыд, æви нæ, уыцы фарстæн Арæзтады министр дзуапп радта, зæгъгæ, иууылдæр ист æрцыдысты.Горæты уынгты хæрзарæзтадыл дзургæйæ, Хицауады Сæрдар бафæдзæхста, цæмæй ма арæзтцæуæг уынгты цы бакæнинаг куыстытæ ис, уыдон иууылдæр баконд æрцæуой, æмæ æрмæстдæр уый фæстæ æрывналой асфальт æвæрынмæ. Иугæр завод асфальт рауадзыны охыл куы скуса, уæд хъуамæ бакуса 3-4 боны æмгъуыдмæ, уымæн æмæ чысыл хицæн бынæтты асфальт сæвæрыны тыххæй уымæн скусынгæнæн нæй, бирæ фыдæбон домы.

Хирургион корпусыл дзургæйæ, Арæзтады ми-нистр банысан кодта куыстытæ сæ тæмæны кæй сты дыккаг уæладзыджы. Кусджытæй иутæ амайынц æд-даг къултæ, иннæтæ амайынц хатæнты дихгæнæн лæсгæртæ, аннæтæ та раст кæнынц астæрдты. Арха-йынц, цæмæй ифтонггæрзтæ дæр рæстæгыл самал кæной.

Тельманы уынджы 10 фатерон хæдзары тыххæй Арæзтады министры хæдивæг Гаглойты Сергей банысан кодта ныртæккæ уым кæй цæуынц мидæггагон куыстытæ, ахорынц къулты, æрывналдзысты йæ территорийы хæрзарæзтадмæ. 10 бонмæ баконд æрцæудзысты æппæт куыстытæ дæр. Хицауады Сæрдар равдыста ацы 10 фтерон корпусы тыххæй йе ‘нæразыдзинад, куыстытæ дзы уæззау темптæй кæй цæуынц, уый тыххæй æмæ карзæй бафæдзæхста, 10 боны æмгъуыдмæ куынæ бакæной æппæт куыстытæ дæр, уæд стыр æфхæрд кæй баййафдзысты.

Рабадты дзырд цыдис Арæзтадон æрмæджыты заводæй аразджытæ цы æхцайы фæрæзтæ дарынц, уыдон ын бафидыныны тыххæй.

Хицауады Сæрдар ма загъта, иуæй-иу объектты кусджытæн сæ куыстмызд рæстæгыл кæй нæ фидынц, уый тыххæй карзæй æфхæрд кæй баййафдзысты аххосджынтæ.

Рабадты ма уынаффæ цыдис арæзтадон объектты æндæр æмæ æндæр фарстытыл дæр.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.