Ууыл кусынц арæзтадон организацийы кусджытæ

Президент Гаглойты Алан, горæты администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Ромео, æмæ Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ сæ эксплуатацийы комитеты сæргълæууæг Гæбæраты Аланимæ бабæрæг кодта,  цалдæр къуырийы дæргъы нæ горæты Джиоты Аланы проспекты кæрон  183, 185, 187, 189, 195 æмæ 193-æм  бирæуæладзыгон хæдзæртты алыварс территоритæ куыд хæрзарæзт цæуынц, уый.

Фыццаджыдæр, аразджытæ æрæвнæлдтой, хæдзæртты алывар серритортыл цы æнæзакъонон æфсæйнагæй гаражтæ уыдис, уыдон исынмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы хъуыддаг цæрджыты ‘хсæн сæвзæрын кодта быцæудзинæдтæ. Фæлæ горæты администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Ромео цæрджытимæ фембæлды рæстæджы куыд загъта, афтæмæй æфсæйнагæй гаражтæ æнæмæнгæй ист хъуамæ æрцæуой, æмæ сæ бынаты арæзт æрцæуой, цæрджыты фæндонмæ гæсгæ сывæллæттæн хъазæн фæзуæттæ, цъæх зонæтæ æмæ ирон къæбицтæ. Уыцы хъуыдыимæ сразы сты цæрджыты фылдæр хай. Уымæн æмæ уыдон  куыд загътой, афтæмæй алкæмæн фадат æмæ бынат нæй капиталон гараж самайынæн, стæй сæ сывæллæттæ дæр хъазынмæ ацæуынц куыд Гафезы, афтæ æндæр æввахс районты сывæллæтты хъазæн фæзуæттæм.

Æмæ ныр «ЮгОсетСтройИнвест»-ы кусджытæ кусынц банысангонд хæдзæртты кæртытæ схæрзарæзт кæныныл.  Кусджыты иузæрдион архайдæй цæрджытæ тынг райгонд кæй сты, уый загътой, Президент Гаглойты Алан сæм куы бацыд, уæд. Банысан кодтой, зæгъгæ, рагæй хъаст кодтой, цæмæй сæ хæдзæртты  алыварс территоритæ хæрзарæзт æрцæуой, фæлæ хъуыддаг йæ бынатæй не ‘ггуырст. Уымæ гæсгæ бузныджы ныхæстæ дзырдтой Гаглойты Алан, Хуыгаты Ромео æмæ Гæбæраты Аланæн.

«13 Коммунары уынг æмæ Зæрон хид цы æдзæсгом подрядонтæ арæзтой, уыдонæй цы ‘хцайы фæрæзтæ раздæхта прокуратурæ, уыдонæй арæзт æмæ цалцæг цæуынц БАМ-ы микрорайоны æмæ Джиоты Аланы проспекты бирæуæладзыгон хæдзæртты территоритæ», – фехъусын кодта Гаглойты Алан. 

Президент хъусдард аздæхта æнæзакъонон арæзтæдты бынæтты сывæллæтты фæзуæттæ, цъæх зонæтæ æмæ машинæтæ уромæн бынæтты саразыны хъуыддагмæ. Банысан кодта, зæгъгæ, кусджытæ цыбыр рæстæгмæ сæххæст кодтой цалцæггæнæн куыстытæн сæ фылдæр хай.

«Куыстытæ æххæст кæныны рæстæджы сæвзæры бирæ проблемæтæ. Кæд райдианы бирæ цæрджытæ уыдысты ацы куыстытæ райдайыны ныхмæ, уæд ныр та æрцыдысты иу хъуыдымæ, цæмæй нæ алфæмблай уа рæсугъд. Хъуамæ хъуыды кæнæм æрмæст нæхиуыл нæ, фæлæ нæ кæстæрты сомбоныл, сæ æдасдзинадыл дæр», – загъта Гаглойты Алан.

Цæрджытæ фембæлды рæстæджы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй  бирæ рæстæджы дæргъы ам чи нæ цæры, уыдон нæ разы кæнынц сæ гаражтæ исыныл. Уый фæдыл сын Президент ныфс бавæрдта, зæгъгæ, иу æфсæйнаг гараж дæр æнæ ист нæ баззайдзæн.

Цæрджытæй ма бирæтæ фæндон бахастой, цæмæй сын æнæзакъонæй æвæрд гаражты бынæтты саразой «Ирон къæбиц»-тæ, уыцы хъуыддагыл Президент сразы æмæ сын ныфс бавæрдта кæй сын баххуыс кæндзæн, уымæй.

***

Дарддæр Президент æмæ йе ‘мбæлццæттæ ацыдысты БАМ-ы микрорайонмæ. Ам дæр хæрзарæзтадон куыстытæ сты сæ тæмæны. Кусджытæ кæртæй аиуварс кодтой мæнгагъуыстытæ æмæ йæ ныссыгъдæг кодтой алыгъуызон бронæй. Ныр уынг йæ аивдзинадæй цæстæнгас йæхимæ здахы. Ам дæр цалынмæ асфальт æвæрд не ‘рцæуа, уæдмæ кусынц къæвдадæтты донæмбырдгæнæнтæ аразыныл, канализацион æмæ доны хæтæлтæ раивыныл. Цæрджытæ райгонд сты, уыцы куыстытæ «Водоканал» куыд арæхстгай æмæ бæстонæй кæны, уымæй. Ам дæр хæдзæртты бацæуæнтæм хæстæг уыд æфсæйнагæй гаражтæ æвæрд. Уыдон иууылдæр сисын кодтой, гаражтæ саразынæн та сын бынат рахицæн æрцыд бирæуæладзыгон корпустæм дæрддзæфгомау бынаты. Фæлæ горæты администрацийы сæйраг архитектор Тадтаты Мераб куыд зæгъы, афтæмæй уым æртæ азы æмгъуыдмæ капиталон гараж куыннæ уа, уæд адæймаг горæты администрациимæ цы бадзырд арæзт æрцыд, уый йæ тых сафы. Архитектор ма куыд загъта, афтæмæй уыцы пункт фыст ис  бадзырды, фæлæ йæ цæрджытæ ницæмæ дарынц. Закъонон гаражыл та нымад цæуы ахæм гаражы арæзтад, кæцы дзуапп дæтты арæзтадон нормæтæн. Уыцы домæнтæн дзуапп кæцы арæзтад нæ дæтта, уыдон та ист æрцæудзысты, цæмæй ма фыдуынд кæной горæт.

 

                          ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.