РААРФÆ КОДТА ОБРАДОРÆН

УФ-йы Президент Владимир Путин раарфæ кодта Андре Мануэль Лопес Обрадорæн, Мексикæйы президентон æвзæрстыты кæй фæуæлахиз, уый сæраппонд. Арфæйы телы дзырдæуы, зæгъгæ, Уæрæсейы стыр аргъ кæнынц Мексикæимæ традицион хæларадон ахастытæн. Уымæй дарддæр ма уæрæсейаг президент банысан кодта, зæгъгæ, йæ ныфс ис, Мексикæйы президенты бынатмæ Лопес Обрадор куы бахиза, уæд æнæмæнгхъæуæг хъусдард кæй здахдзæн дыууæ паддзахады æмархайдмæ.

СФИДАР КОДТА ЗАКЪОН

УФ-йы Президент Владимир Путин сфидар кодта закъон фæсарæйнаг паспорт райсыны тыххæй паддзахадон фиддон 3,5 мин сомæй 5 мин сомы онг фæфылдæр кæныны тыххæй. Уый размæ та документ райста Паддзахадон Думæ æмæ йæ Федерацийы Совет сфидар кодта 27 июны. Дзырд цæуы ног фæлтæры паспорттыл, кæцыты уыдзæн информацийы электронон хæссæг.

АМЕРИКÆЙАГ СЕНАТОРТЫ БАЛЦ

Америкæйаг сенатортæ дзурынц Уæрæсеимæ ахастытæ ногæй райдайыны тыххæй. Уæрæсе æмæ АИШ алы хатт дæр уы-дзысты конкуренттæ, фæлæ уыдон ма хъуамæ уой ныхмæлæуджытæ кæнæ знæгтæ, – загъта америкæйаг сенатор Ричард Шелби уæрæсейаг парламентаритимæ фембæлды рæстæджы. Америкæйаг парламентаритæ æрцыдысты Уæрæсемæ, цæмæй «æрæвæрой цахæмдæр бындур» дыууæ президенты фембæлдæн. Уый размæ та фембæлдысты УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровимæ. «Ныфс мæ ис, æмæ ацы визит кæй суыдзæн нæ парламентты ‘хсæн ахастытæ сæндидзын кæныны символ. Парламентаритæ сты адæмы минæвæрттæ, уыдон æвдисынц нацийы зæрдæйыуаг», – фехъусын кодта уæрæсейаг дипломат.

АЦЫД РАДОН КОМПРОМИССЫЛ

Германы канцлер  Ангела Меркель æмæ бæстæйы мидхъуыддæгты министр Хорст Зеехоферæн уыд экстренон фембæлд, кæцыйы фæстæ уыдон фехъусын кодтой, зæгъгæ,  фæндаг ссардтой мидæггагон кризисæй рахизыны тыххæй æмæ бадзырдтой миграцион фарстыты фæдыл. Канцлер ацыд радон компромиссыл, æмæ мидхъуыддæгты министр та баззад йæ бынаты. Ацы 15 боны Меркелæн уыдысты иууыл вазыгджындæр бонтæй сæ иутæ. Бæстæйы æрцыд хицауадон кризис, кæцы гæнæн уыд æмæ æркодтаид къухдариуæггæнæг партийы ныппырхмæ. Æппынæдзух хъуыстысты ультиматумтæ æмæ æртхъирæнтæ, уыимæ æмцæдисонтæй дæр. Евроцæдисы саммитæй Меркель æрцыд цæттæ фæндонимæ мигрантты фарсты тыххæй, фæлæ Зеехоферæн йæ зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ бартхъирæн кодта отставкæйы ацæуынæй. Ацы хатт канцлерæн уыд æрмæстдæр æртæ боны ахъуыды кæнынæн. Меркель æмæ Зеехоферæн уæддæр сæ къухты бафтыд конфронтацийæ компромиссмæ рахизын. «Мах араздзыстæм Германы транзитон центртæ, æмæ мигрантты депортаци кæндзыстæм, цы бæстæтæй æрбацыдысты, уырдæм, уыцы бæстæты сразыйæ», – банысан кодта Меркель.

БАЛÆВÆРДТА ЙÆ ДОКУМЕНТТÆ

Мæскуыйы архайæг мэр Сергей Собянин йæ документтæ балæвæрдта Мæскуыйы горæтон æвзарæн комитетмæ муниципалон депутатты къухфыстыты сыфтимæ, æвзарджыты къухфыстытимæ æмæ ацы бынатмæ кандидатæй сгрегистраци кæныны тыххæй æппæт æнæмæнгхъæуæг документтæ. Æвзæрстытæ уагъд æрцæудзысты 9 сентябры. Æдæпптæй ацы бынатмæ кандидаттæ сты дæсæй фылдæр.

ÆРСИДТ ИРАНМÆ

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æрсидт Иран æмæ йæ партнертæм, цæмæй бахъахъхъæной архайдтыты иумиаг план.  Ираны ядерон бадзырды фондз бæстæтæ-хайадисджыты (Стырбритани Герман, Иран, Китай, Уæрæсе æмæ Франц) æмæ Ираны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадты сæргълæуджытæ фембæлдзысты Венæйы 6-æм июлы, цæмæй бакусой иумиаг позици, бахъахъхъæной бадзырдтæ сразыдзинадæй АИШ-ы рахызты фæстæ.

НЫППЫРХ КОДТОЙ ПУШКИНЫ ЦЫРТ

Львовы областы районон центр Золочевы вандалтæ ныппырх кодтой стыр уырыссаг поэт Александр Пушкины цырт. Уый тыххæй фехъусын кодта горæты мэр Игорь Гринькин. Уыимæ Гринькин банысан кодта, зæгъгæ, ацы æрцæугæ цауы «политикæ нæй». Горæты советы рабадты уынаффæ цыд Пушкины сквер Хъайтарты мысæн сквермæ раивыныл. Фарст план цыд æхсæнадон уынаффæмæ рахæссын, фæлæ, зæгъ, æхсæнад уыд йæ ныхмæ. Украинæйы уый фыццаг цау нæу. Ивгъуыд аз зымæджы вандалтæ адавтой Пушкины бюст, кæцы æвæрд æрцыд Черниговы 1900 азы.

ФÆФЫЛДÆР КОДТА ГАЗЫ ÆФТИАГ

«Газпром» 2018 азы фыццаг æмбисы хатдзæгтæм гæсгæ фæфылдæр кодта газы æфтиаг 8,7 проценты – 253 миллиард кубометры онг, ивгъуыд азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ. Дард фæсарæнтæм газы экспорт сырæзт 5,8 проценты æмæ ссис 101,2 миллиард кубометры, фыццаг хатт компанийы историйы 100 миллиард  кубометры фæфылдæр уæвгæйæ. Уый размæ  «Газпром»-ы сæргълæууæг Алексей Миллер дзырдта, зæгъгæ, Европæмæ газы экспорт гæнæн ис суа рекордон – 200 миллиард кубометры. Газ фылдæр кæй хардз кæнын райдыдтой, уый баст у европæйаг бæстæты экономикон активондзинады рæзтимæ æмæ газы европæйаг æфтиаг кæй фæкъаддæр, уыимæ.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.