Чи цал хъæлæсы райста?

УФ-йы архайæг Президент Владимир Путин фæуæлахиз паддзахады президентон æвзæрстыты æвзарджыты 76,66% хъæлæсы æрæмбырд кæнгæйæ. Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ Путины тыххæй схъæлæс кодтой 56,206 милуан адæймаджы. УФ-йы Коммунистон партийæ кандидат Павел Грудинин бацахста дыккаг бынат 11,80% хъæлæстимæ, æртыккаг бынатыл ис ЛДПР-æй кандидат Владимир Жириновский 5,66%, цыппæрæм бынатыл ацыд «Гражданская инициатива»-йæ раразмæгонд кандидат Ксения Собчак æвзарджыты 1,67% хъæлæстимæ. Фæндзæм рæнхъыл ис «Яблоко»-йæ кандидат Григорий Явлинский (1,04%), «Партия роста»-йы кандидат Борис Титов ис æхсæзæм бынаты (0,76%), «Коммунисты России»-йæ кандидат Максим Сурайкин ацыд æвдæм бынатыл (0,68%) æмæ парти «Российский обшенародный союз»-æй кандидат Сергей Бабурин (0,65%) та ис æстæм бынаты.

УФ-йы ЦÆК-ы сæргълæууæг Элла Памфилова 19-æм марты куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ æвзарæн фадгуытæм æрбацыдысты æвзарджыты 67,46% кæнæ 73,36 милуан адæймаджы.

97 мин æвзарæн фадыджы

18-æм марты Уæрæсейы президентон æвзæрстыты боны бæстæйы байгом сты 97 мин æвзарæн фадыджы, уыцы нымæцы 400 – фæсарæнты. Хъæлæс кæныны рæстæджы æвзæрстытæм сæ хъус дардтой 109 бæстæйы 1513 мин дунеон хъусдарæджы. Иууыл фылдæр хъусдарджытæ Уæрæсемæ рарвыстой Герман – 75 æмæ АИШ – 51 адæймаджы. Æвзарджыты æппæт хъæлæстæ нымад æрцæудзысты 29-æм марты онг, æмæ сæ фæстиуджыты тыххæй официалонæй фехъусын кæндзысты 3-æм апрелы.

Æвзæрст æрцыд дыккаг æмгъуыдмæ

Адæмон минæвæртты æппæткитайаг æмбырд æмхъæлæсæй равзæрста архайæг сæдар Си Цзиньпины Китайы Адæмон Республикæйы сæрдары бынатмæ дыккаг фондзазон æмгъуыдмæ. Уымæй дарддяр ма Си Цзиньпин ногæй æвзæрст æрцыд Китайы централон æфсæддон советы сæргълæууæгæй.

Владимир Путин раарфæ кодта Си Цзиньпинæн ногæй йæ Китайы Адæмон Республикæйы сæрдарæй кæй равзæрстой, уый сæраппонд.

Æрæппæрстой Су-24

Скæсæйнаг Каламуны регионы «Джейш Тахрир аш-Шам»-ы къорды боевиктæ æрæппæрстой Сирийы Æфсæддон Уæлдæфон Тыхты хæдтæхæг Су-24. Экипажы хъысмæт бæрæг нæма у.

Ракодтой сæ амынæты

Сирийы æфсад амынæты ракодта «Джебхат ан-Нусра»-йы 16 уæнджы. Амынæты сæ райстой Дамаскмæ æввахс территорийы боевиктæй асыгъдæг кæныны операцийы рæстæджы. Сирийаг æфсæддонтæ бæрæг кæнынц горæт Хаммурийы террористты сусæг ацæуæнтæ. Афтæ ма Сирийы хицауадон хæстонтæ дарддæр дæр куынæг кæнынц террористты æмæ кусынц Дамаскы провинцийы боевикты æфсæддон инфрастуктурæтæ скуынæг кæныныл. Скæсæйнаг Гутайы горæт Хаммурийы гуманитарон къæлидор бахъахъхъæныны фæлгæтты сирийаг æфсæддонтæ бæрæг кæнынц цæрæн хæдзæртты ныккæндтæ террористты зæххыбын тунелтæ ссарыны тыххæй.

Рацыдысты тæссаг зонæйæ

Гуманитарон къæлидорыл Скæсæйнаг Гутайæ иу суткæмæ ноджы рацыдысты 26 мин адæймагæй фылдæр. Иу сахатмæ тæссаг зонæтæй рацæуынц 3 мин адæймаджы бæрц. Уыдонæн иууылдæр бакæнынц гуманитарон æххуыс. Лигъдæтты ‘хсæн ис цæфтæ дæр, кæцытæн медицинон æххуыс бакæнынц уæрæсейаг медиктæ. Скæсæйнг Гутамæ æрбаластой дæсгай тоннæтæ хæлцадон продукттæ æмæ сæ адих кæнынц адæмыл. Сирийы хицауадон æфсæдтæ террористтæй асыгъдæг кодтой Скæсæйнаг Гутайы территорийы 70 проценты.

Ныхас кодтой телефоны

Уæрæсейы æмæ Узбекистаны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министртæ Сергей Лавров æмæ Абдулазиз Камилов телефоны ныхас кæнгæйæ æруынаффæ кодтой Централон Азийы регионы стабилондзинад сфидар кæныны фарстытыл. Уæлдай хъусдард здæхт æрцыд Централон Азимæ Афганистанæй цæуæг тæссагдзинæдтæм æмæ дунейы фæсидтытæм. Узбекистаны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр информаци радта Лавровæн Афганистаны фæдыл бæрзонд æмвæзады дунеон конференцимæ цæттæ кæныны тых-хæй, кæцы уагъд æрцæудзæн Ташкенты 27-æм марты. Уæрæсейаг министр банысан кодта конференцийы хайад кæй райсдзæн, уый.

Дзуаппон мадзæлттæ

Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад фехъусын кодта Стырбританийы ныхмæ дзуаппон мадзæлтты нысанæн Уæрæсейæ 23 бритайнаг дипломаты арвитыны тыххæй. Афтæ ма æхгæд æрцæудзæн Санкт-Петербурджы бритайнаг генералон консулад æмæ æхсæнадон организаци бритайнаг совет дæр. Уæрæсейаг политиктæ æмæ эксперттæ рахæцыдысты ацы ма-дзæлтты æвварс. Стырбританийы премьер-министр Тереза Мэй фехъусын кодта, зæгъ-гæ, æввахсдæр бонты се ‘мцæдисонтæ æмæ партнертимæ æруынаффæ кæндзысты  Мæскуымæ ахасты дарддæры къахдзæфты тыххæй. УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ фæхуыдтой Уæрæсейы Стырбританийы минæвар Лори Бристоуы, цæмæй йын фехъусын кодтаиккой дзуаппон мадзæлтты тыххæй. Бритайнаг фарс фæдзæхст æрцыд, зæгъгæ, Уæрæсейы ахасты æнæхæларадон характеры дарддæры архайдтытæ ист куы цæуой, уæд уæрæсейаг фарс дæр райсдзæн æндæр дзуаппон мадзæлттæ.

Æртхъирæн сæм кæнынц

Хъырымы авдбонон кусæгон визитимæ уæвæг финаг делегаци æртхъирæнтæ исын райдыдта Финляндийы Украинæйы минæварæй. Делегацийы сæргълæууæг, уырыссаг-финаг хæлардзинады ассоциацийы сæрдар Дарья Скиппари-Смирнова радзырдта Хъырыммæ финаг делегацийы визитмæ Украинæйы минæвары реакцийы тыххæй. «Финляндийы Украинæйы минæвар бахатыд финаг фарсмæ, цæмæй нæ бафхæрой Хъырыммæ кæй æрцыдыстæм, уый тыххæй. Фæлæ Финляндийы кусынц закъæттæ, адæмæн ис сæхи хъуыдыйы бар. Финаг делегаци Хъырымы ис фыццаг хатт Уæрæсемæ куы æрбаиу, уый фæстæ. Æрдæгсакъадахмæ фæсарæйнæгты бацыд æнæразыдзинад сæвзæрын кæны Украинæйы. Зæгъæм, Хъырыммæ немыцаг парти «Альтернатива для Германии»-йы парламентариты визиты тыххæй Германы украинæйаг минæвар æрдомдта делегацийы бафхæрын. Депутатты се ‘ппæты дæр бахастой «Миротворец»-ы сайты номхыгъдмæ. Депутаттæ дзуаппæн украинæйаг минæва-рæн бауынаффæ кодтой, цæмæй дипломатийыл йæхи сахуыр кæна.

Рахаудысты сыгъзæринтæ

Якутскы уæзтæласæн хæдтæхæг Ан-12 куы стахт, уæд фегом йæ уæзтæласæн люкæхгæнæн æмæ уырдыгæй рахаудысты сыгъзæрины къæрттытæ. Фæдагурæн комитеты куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ сыгъзæринты уæз уыд 9,3 тоннæйы.

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.