Ленингоры районы  Уæллаг Захъоры хъæуæй рæсугъд æрдзы хъæбысы хæххон фæндагыл дыууæ километры бæрц ауайгæйæ, схæццæ уыдзынæ  хæххон хъæу Цъолдмæ. Ленингоры районы иннæ хъæутау, ацы хъæу дæр дих кæны цалдæр сыхыл: Надагур, Балуан, Стыр Цъолд, Бырнæцтæ, Баротæ, Музиатæ æмæ Сатагур.

Цъолды  хъæуы сæйраджыдæр цæрынц Мæргъитæ. Бæлвырд у, Мæргъитæ ардæм кæд æрлыгъдысты, уыцы аз дæр. Уый уыдис 1816 аз. Уæд Дзауы районы Тлийы хъæуæй ардæм ралыгъд Мæргъиты Буда. Цыдис ыл  17 азы. Лидзгæ та иунæгæй нæ ракодта. Уыдысты цалдæр æмæ æрцардысты, ныртæккæ Уæллаг Цъолд æмæ Æхсæрджын кæй хонынц, уыцы сыхты. Цъолды комы уыцы рæстæджы цæрджытæ нæ уыд. Æхгæд уыд  тар хъæдæй æмæ уыдис чысайнаг Ерыстауты къухы. Ног æрлидзджытæн бар лæвæрд æрцыд, цæмæй хъæд ныццæгъдой æмæ дзы æрбынат кæной. Ахæм бар сын кæй лæвæрдта æлдар, уый тыххæй æхсай азы дæргъы æрвылаз дæр хъуамæ фыстаиккой 40 сомы. Уый фæстæ зæхх хъуамæ бауыдаид сæхи. Æмæ афтæ дæр рауад. Хъæуы рагон цæрджытæ куыд дзырдтой, афтæмæй хъæд уыд тынг æгæндæг, фæрæтæй цæгъдæн ын нæ уыд. Уымæ гæсгæ йæ цагътой чысыл фæрæтæй, “цъолд” кæй хуыдтой, ахæмæй. Уырдыгæй рацыд хъæуы ном “Цъолд” дæр, зæгъгæ.

Азтæ куыд цыдысты, афтæ хъæу стырæй стырдæр кодта, йæ цæрджытæ та – фылдæрæй фылдæр. Фæстæдæр ардæм цæрынмæ æрлыгъдысты æндæр мыггæгтæ дæр. Цæвиттон, Слантæ æрлыгъдысты Брытъатæй, Гусойтæ та -Цæгат Ирыстонæй. Лазартæ æмæ Уанитæ æрцардысты Дæллаг Цъолды. Уæллаг Цъолдмæ чи æрлыгъдис, уыдонæй Гуырцъытæ æмæ Дзолатæ кæм æрцардысты, ууыл сæвæрдтой ног ном – Сатагур. Уæллаг Цъолдыл ма нымад цыдис Уаниты хъæу дæр, кæд авд километры æддæдæр бæрзонд хæхты хъæбысы уыдис, уæддæр. Музиатæ æмæ Уанитæ кæм æрцардысты, уый та схуыдтой Музиаты хъæу.

Цъолды хъæуы цæрджытæ хæларæй цардысты, куыд кæрæдзиимæ, афтæ сыхаг хъæуты цæрджытимæ дæр. Сæ уазæгуарзондзинад дардыл хъуыстгонд уыдис. Фæлæ сæйраджы сæйрагдæр уыдысты куыстуарзаг адæм. Сæ сæйрагдæр куыст уыд фосдард. Сæ алыварс хъæд куыд цагътой, афтæ арæзтой хуымзæххытæ æмæ фæстагмæ райдыдтой зæххы куыст кæнын дæр. Афтæмæй сæхицæн царды амæлттæ кодтой.

Цъолд

Цъолды цæрджытæн дæр сæ цард бындуронæй фæивта Октябры революцийы фæстæ. Ног дуджы комулæфт бахæццæ дæрддаг хъæумæ æмæ ныл-лæууыдысты ног цард аразыны фæндагыл. Фосæй сæйраджыдæр дардтой ставдкъах фос, сæ нымæц хызтис 300 сæрмæ, дардтой фыстæ дæр, уыдоны нымæц та хызтис æртæ мины бæрцмæ. Сæ зæххыты фадгуыты тыдтой нартхор, уалдзыгон хор, мæнæу, цъой, хъæдур, къабускæ, джитъри æмæ æндæр культурæтæ.

Цъолд стыр хъæуыл нымад цыдис Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты. Уæд уым уыдис 124 цæрæг хæдзары. Бирæ цæрджытæ дзы кæй уыдис, уымæ гæсгæ 1930 азы, дыууæ Цъолды дæр баконд æрцыдис райдиан скъолатæ, 1940 азы та Дæллаг Цъолды  сырæзтис  астазон скъола, Уæллаг Цъолды та – райдиан скъола.

Фыццаг рухстауджытæ ацы хъæуы уыдысты Мæргъиты Петре, Биазырты Алыксандр, Созанты Сослан, Мæргъиты Абрам, Гуыбаты Яша, Мæргъиты Георги æмæ æндæртæ.

Стыр Фыдыбæстæйон хæст уæззау фæлварæн уыдис цъолдæгтæн дæр. Хъæуы фæсивæдæй тохы быдырмæ араст 126 адæймаджы. Уыдонæй ма фæстæмæ æрыздæхт æрмæстдæр 58. Чи нал æрыздæхт, уыдонæй бирæтæ ныгæд æрцыдысты æфсымæрон ингæнты æндæр æмæ æндæр рæтты. Чи та дзы æбæрæгæй фесæфт.

Финляндийы ныхмæ хæсты дæр бирæтæ истой хайад цъолдæгтæй. Уым бабын сты Мæргъиты Хетæг, Уаниты Алыкси, Цопан æмæ æндæртæ.

Чи æрыздæхт, уыдон дарддæр активонæй кодтой сæ фæллойадон архайд. Ахæмтæ уыдысты Гуырцъиты Софрон, Мæргъиты Гено, Елиоз, Давид, Гусойты Антъон æмæ бирæ æндæртæ.

Елиоз бирæ азты дæргъы разамынд кодта Захъоры хъæусоветæн. Гуырдзыстоны сгуыхт экономист ссис Мæргъиты Давид.

Фæсхæсты азты бæллиццаг нæ рауад йæ хъысмæт Цъолды хъæуæн. Мæхъæлы куы фæсырдтой, уæд Цæгат Ирыстонмæ Хуссар Ирæй алыгъд бирæ адæм. Бирæ дзы алыгъд Цъолды хъæуæй дæр. Афтæмæй хæсты азарæй æмæ уыцы алыгъды аххосæй зынгæ фæкъаддæр сты хъæуы цæрджытæ. Фæлæ ма дзы чи баззад, уыдон уæддæр цудын нæ бауагътой сæ колхозы.  Арæз-той сæхи цард дæр æмæ райгонд уыдысты, арæзтой капиталон хæдзæрт-тæ. Сæ бæркад азæй азмæ рæзт. Фæлæ та æппæт Хуссар Ирыстоны цæрæг адæмау, уыдон дæр бахъуыд 1990 азты фыдæвзарæнты цæхæрыл рацæуын. 1990-92 азты трагикон цаутæ, 1991 азы стыр зæххæнкъуыст æмæ ма не Стыр Цæдис кæй ныппырх, уыдæттæ тынг мæгуырауæрдæм бандæвтой цæрджытыл. Бирæтæ нæ бафæрæзтой æмæ фæлыгъдысты цæрынмæ æндæр æмæ æндæр рæттæм. Зæххæнкъуысты фæстиуæгæн хъæуыл уæлдай стырдæр зи-æнттæ æрцыд. Сæ хæдзæрттæ ныффæстытæ сты, бирæтæ дзы цæрынæн нал сбæззыдысты. Æмæ сыл кæд æгъатыр цард йæ дæрзæг арм æруагъта, уæддæр цъолдæгтæ нæ фесæфтой сæ раздæры хорз æгъдæуттæ. Ныр дæр сты уазæгуарзон æмæ æгъдауыл хæст.

Куыд цъолдæгтæн, афтæ Захъоры хъæууон администрацийы æппæт цæр-джытæн дæр сæ уарзондæр бынат уыдис, Цъолдмæ ссæуæн фæндагыл Къос-тайы цыртдзæвæн æвæрд кæм уыд, уыцы бынат. Ам Къостайы райгуырды боны цытæн уагъд цыдысты алыгъуызон культурон æмæ хиирхæфсæн мадзæлттæ. Фæлæ йæм баххæссыдис гуырдзиаг фыдгæнджыты къух æмæ ныртæккæ лæууы нæмыгдзæфтæй.

Хъæуæй бирæ аккаг фырттæ æмæ чызджытæ рацыд. Ацы хъæуккаг уыд Мæргъиты Алекси. Тбилисы физикæ-математикæйы факультет каст фæугæйæ, куыста бирæ бæрнон бынæтты, уыцы нымæцы партийы Ленингоры райкомы фыццаг секретарæй, облæххæсткомы сæрдары фыццаг хæдивæгæй, облæххæсткомы фæндæгты хайады хистæрæй. Фæстаг бынаты  кусгæйæ, Ирыстоны цæугæдæттыл сарæзта 56 æфсæйнаг-бетонон хиды, хъæутæм та – æртæсæдæ километры бæрц хуыргонд фæндæгтæ. Уыцы хъæутæй сæ иу уыд йæ райгуырæн хъæу Цъолд. Алекси ма стыр куыст бакодта Ирыстоны зынгæ адæймæгты цард æмæ архайдимæ баст мыхуыр æрмæджытæ æрæмбырд кæныныл. Цы æрмæджытæ йын бантыст æрæмбырд кæнын, уыдон та сты дæсгай томтæ æмæ сын ис ахсджиаг историон нысаниуæг.

Тбилисы кибернетикæйы институты хистæр зонадон кусæгæй кусы Гуырцъыты Сардион. Минералон Дæтты горæты рынчындоны сæйраг хирургæй та кусы Сардийы кæстæр æфсымæр. Ацы хъæуæй рацыдысты зынгæ журналист Гусойты Ленгиор æмæ фыссæг Мæргъиты Лианæ дæр. Лианæ каст фæцис Горькийы номыл литературон институт. Йæ чиныг “Сумасшедшая” мыхуыры рацыд Америкæйы.

Абоны уæззау дуг йæ дæрзæг арм æрæвæрдта бирæтыл. Фехæлдис сæ кæддæры нæргæ колхоз цъолдæгтæн. Царды уавæртæ бæрæг февзæрдæр сты. Сæ кæддæры иумæйаг исад ныппаплой сты. Раздæрау дзы нал уыд, культурон æгъдауæй кæм баулæфыдаиккой, ахæм  бынат, нал дзы уыд библиотекæ, клуб, скъола. Адæмæн куыст нал уыд, фæлмæцыдысты æмæ сæ хъус адардтой æндæр рæттæм, хуыздæр цардагур.

Иудзырдæй, цъолдæгтæ аззадысты сæ хъысмæты æвджид. Æмæ кæд зын уавæрты цардысты, уæддæр нæ бафæнддзæн, цæмæй æппæт зындзинæдты сæрты дæр ахизой. Сæ цард хуыздæрæй хуыздæр кæна æмæ та фæстæмæ сæ уарзон хъæумæ æрбаздæхой, чи дзы фæлыгъдысты, уыдон дæр.

Бестауты Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.