6-æм декабры социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл парламентон комитетæн уыд рабадт. Комитеты уæнгтæ уынаффæ кодтой турбазæ «Ирыстон»-ы цæрæг лигъдæтты æмæ «Æнæмæнгхъæуæг пенсион фæдзæхстады тыххæй» закъоны проектмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фарстатыл. Рабадт уагъта комитеты сæрдар Плиты Александр. Рабадты хайад райстой турбазæйы цæрджыты минæвæрттæ дæр.

Бæрæг куыд у, афтæмæй лигъдæтты фарст æстæм сессийы фæндзæм рабадты раразмæ кодта депутат Санахъоты Давид. Комитеты рабадты дæр Санахъойы фырт бамбарын кодта парламентон къамис саразыны тыххæй лигъдæтты домæн.

«Турбазæйы цæрæг лигъдæттæ бахатыдысты, цæмæй арæзт æрцæуа парламентон къамис æцæг лигъдæтты сбæрæг кæныны нысанæн. Уымæн æмæ турбазæйы лигъдæттæй дарддæр цæрынц æндæр категорийы адæймæгтæ дæр. Ис ма дзы, цæрæнуат кæмæн рахицæн кодтой, фæлæ турбазæйæ чи нæ комы, ахæмтæ дæр», — банысан кодта Санахъоты Давид.

Къамисы нысан у турбазæйы цæрæг æцæг лигъдæтты æмæ цæрæнуатæй хъуаг чи у, уыцы бинонты сбæрæг кæнын.

Комитеты сæрдары хæдивæг Цоциты Игоры ныхæстæм гæсгæ, 2020 азы республикæйы цæрджыты сфысты рæстæджы турбазæйы цард 60 бинонты уæнгтæ — 110 адæймаджы. 1994 азы Министрты советы уынаффæмæ гæсгæ, турбазæйы фынæйгæнæн корпус рæстæгмæ лæвæрд æрцыд Национ хъуыддæгтæ æмæ миграцийы фæдыл комитетмæ. Уæдæй фæстæмæ ацы корпус у йемыдзаг. Цæрджытæй исчи йæ хатæн куы ссæрибар кæны, уæд дзы æндæртæ бацæрынц.

Турбазæйæ дарддæр лигъдæттæ цæрынц БАМ-ы микрорайоны, «Заготзерно»-йы, хъæууонхæдзарадон техникумы бæстыхæйтты æмæ СМО-йы иумиаг цæрæндоны. Æдæппæт Национ хъуыддæгтæ æмæ миграцийы фæдыл комитеты хыгъды ис 81 бинойнаджы. Банысангонд цæрæн бынæтты лигъдæттæй дарддæр цæрынц, сæ хæдзæрттæ кæмæн басыгъдысты, ахæм бинонтæ дæр.

Цæрæнуат чи райста, фæлæ йæ раздæры бынатæй чи нæ комы, уыцы адæймæгты дæр сбæрæг кæнын хъæуы, уымæн æмæ уыдон сæ цæрæнуæттæ фæрсаг адæймæгтыл сфидар кæнынц æмæ сæхæдæг дарддæр лæууынц цæрæнуат райсынмæ хыгъды. Ацы æнæраст хъуыддаг, Санахъоты Давиды ныхæстæм гæсгæ, хъæуы æрбæстон кæнын.

Лигъдæттæ æмæ æвæндонæй рацæуæг æмбæстæгты социалон æгъдауæй хъахъхъæныны фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Цоциты Игорь куыд банысан кодта, афтæмæй турбазæйы коммуналон фиддонтæ кæй нæ фидынц, уый тыххæй турбазæйыл стыр хæстæ ис.

Турбазæйы цæрæг лигъдон бинонты нымæц у æрмæстдæр 11, дзырдтой турбазæйы цæрджыты минæвæрттæ.

Плиты Александры хъуыдымæ гæсгæ, турбазæйы цы æнæраст хъуыддæгтæ ис, уыдонмæ æркæсын хъæуы æмæ проблемæ аскъуыддзаг кæнын хъæуы закъоны фæлгæтты. Уый фæндон бахаста, фарстыл Парламенты Президиумы рабадты æруынаффæ кæнын æмæ лигъдæтты фарсты тыххæй парламентон къамис саразын.

Дарддæр уынаффæ цыд «Æнæмæнгхъæуæг пенсион фæдзæхстады тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проектмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фарстатыл.

Закъоны проектмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фарст сæвзæрд ацы аз, Уæрæсейы Федерациимæ æмгуыстады къамисы фæдыл рабадты рæстæджы сенатор Елена Бибиковайы рекомендацимæ гæсгæ.

«Закъоны дзырд цæуы. зæгъгæ, РХИ-йы æмбæстæгтæй республикæйы территорийыл рæстæгмæ кæнæ æдзухæй чи цæры, афтæ ма фæсарæйнаг æмбæстæгтæ æмæ æмбæстагдзинад кæмæ нæй, уыцы адæймæгтæ нымад сты фæдзæхстгонд адæймæгтыл», — бамбарын кодта Плиты Александр.

Фарст рахастой РХИ-йы Парламенты Президиумы рабадтмæ.