Ацæугæ къуырийы, цыппæрæмы Хуссар Ирыстоны бæлццæттæласæн куыстуаты шофыртæ, цыппоры бæрцæй сарæзтой куыстурæд. Шофырты домæн уыд, цæмæй фæфылдæр уа сæ куыстмыздтæ.

Ацы фарсты фæдыл куыстуаты разамонæг Дудайты Альберт банысан кодта, зæгъгæ, автобусты шофыртæн сæ мыздтæ нæ фæфылдæр сты 2013 азæй фæстæмæ.

Фарсты фæдыл бæлццæттæласæн куыстуаты шофыртимæ фембæлд Хицауады сæрдар Джусойты Константин. Уый лæмбынæг байхъуыста шофырты домæнтæм, сарæзта хатдзæгтæ æмæ сын ныфс бавæрдта, æввахс рæстæджы уавæр рарастгонд кæй æрцæудзæнис, уымæй.

Шофыртæ Хицауады сæрдармæ байхъусыны фæстæ дыккаг бон рахызтысты сæ куыстмæ æмæ æххæст кодтой æрвылбонон хæстæ.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта ГÆЗЗАТЫ Иван

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.