Цæгат Ирыстоны Транскамы автомагистралы зæй æрцæуынæй тæссаг кæм уыд, уыцы фадыджы арæзт æрцыд зæйты ныхмæ галерейæ, хъусын кæны Росавтодоры сайт. Транскамы галерейæ капиталон  цалцæг кæнын райдыдтой 2020 азы апрелы мæйы. Объекты дæргъ у 800 метры, йæ бæрзæнд та – 4,5 метры. Арæзт дзы æрцыдис мембранæйæ гидроизоляци, фæтыхджындæр кодтой колоннæтæ, къуылдымтæ сфидар кæныны тыххæй та сарæзтой быцæу къултæ – сæ кæцыйы дæргъ 270 метры онг. Цалцæггонд дзы æрцыдысты инженерон системæтæ, видеоцæстдард, ифтонг æрцыд вентиляцийæ, электрон рухсæй, автоматикæ æмæ зынгсирвæзты ныхмæ сигнализацийы фæрæзтæй, ифтонг арцыд телефонон бастдзинадæй.

Уымæй дарддæр ма Дзæуджыхъæуы бацæуæны сарæзтой машинæты æнæаргъ лæууæн бынат, кæцыйы фæзуат у 12 футболон фæзы бæрц. Йæ территорийыл бацæудзæн 400 уæзласæн æмæ 250 рог автомашинæйы. Уым дæр сæвæрдтой видеоцæстдарæн æмæ управленийы диспетчерон пункт, кæцыйы руаджы шофыртæн сæ бон уыдзæн боныгъæд базонын æмæ фæндаджы уавæры тыххæй.