ТАГЪД  ÆХХУЫСЫ  ВЕРТОЛЕТТÆ – РЕСПУБЛИКÆЙÆН

Æвæццæгæн, Цæгат Ирыстоны разамынд цы нæ мадзæлттæ сарæзта æгъдаухалæг шофырты ныхмæ, ахæм ницыуал баззад, фæлæ фæндагон фыдбылызтæ нæ къад-дæр кæнынц. Уый нæ, фæлæ фаронимæ абаргæйæ фæфылдæр сты 12 проценты. Фылдæр та вæййынц нозтджын шофырты аххосæй.

Фæндагон-транспортон фыдбылызы чи бахауд, уыдоны нымæц ацы рæстæджы мидæг рауад 765 адæймаджы,  фæмард  49 адæймаджы, уыдонæй 3 – сывæллæттæ. Уыдон тынг сагъæсаг нымæцтæ кæй сты, ууыл уыд сæ ныхас РЦИ – Аланийы Хицауады Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ Мидхъуыддæгты министрады разамындæн сæ радон æмбырды. Боны фæткы сæйраг фарста уыд автоскъолайы ахуырдзауты фыццаг медицинон æххуыс бакæныныл сахуыр кæныныл. Иннæ предметты æмрæнхъ  æнæмæнг хъуыддаг у медицинон ахуырад райсын, цæмæй шофырæн бахъуаджы заманы йæ бон фыццаг медицинон æххуыс бакæнын уа. Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Михаил Ратмановы хъуыдымæ гæсгæ, уыцы мадзал бирæ фæкъаддæр кæндзæн фæндæгтыл мæлыны цаутæ: “Ацы хъуыддаг кæнын медицинон ахуыр-гæнæндæтты бар. Бадзырдтæ саразæд автоскъолатимæ, сæрмагонд уроктæ сын куыд уадзой медицинон æххуыссы тыххæй, афтæ. Аразын ницы хъæуы, æрмæстдæр ахуырадон æрмæг, программæ. Ацы ногдзинад царды куыд уагъд цæуы, уый æдзухдæр бæрæг кæндзыстæм”, – загъта министр.

Уый ма йæ ныхæстæм куыд бафтыдта, афтæмæй сæ къухы бафтыд стыр æнтыст. Ног азы райдайæнæй республикæйы фæзындзæн æвæстиатæй медицинон æххуысы вертолеттæ. Бæрæг куыд у, афтæмæй бирæ цæфтæн машинæтыл сæвæрæн нæ вæййы, стæй медицинон уагдæттæм тагъд нæ бахæццæ вæййынц æмæ арæх байрæджы вæййы. Фыдбылызы рæстæджы-иу инспекцийы кусджытæ бауромдзысты фæндагыл транспорты змæлд вертолет æрбадынæн æмæ уый æвæ-стиатæй рынчындæттæм хæццæ кæндзæн хъыгдард баййафджыты. Бафиппайын хъæуы уый æмæ Кавказы регионтæй вертолеттæ æрмæстдæр кæй райсдзысты Цæгат Ирыстон æмæ Дагестан.

РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы хицауы хæдивæг Хæныкъаты Геннади куыд фехъусын кодта, афтæмæй фæстæмæ скуыстой фæндæгтыл æвæрд видеокамерæтæ. Уыдон, цыдæр ах-хосæгтæм гæсгæ, афæдзæй фылдæр нæ куыстой æмæ фæндæгтыл фæтк халыны цаутæ дзæвгар фæфылдæр сты. Ныр фæндагыл цæуыны фæтк фехалыны чысыл цауы тыххæй дæр  шофырты ивар кæндзысты. Уый дæр æнæуаг шофырты рохтыл чысыл æрхæцдзæн.

Фембæлды ма ныхас цыд фæндæгтыл æвæрд светофорты уавæрыл, скъолаты автобусты æдасдзинад бæрæг кæныныл æмæ бирæ æндæр фарстатыл.

Нæ уацх.

 

ПЕНСИИСДЖЫТÆН ЗОНИНАГ

Пенситæ кредитон кусæндæттæй чи исы, уыдонæн сæ пенси дæттыны уагæвæрд   ивд   æрцæудзæн   ацы   азы   1 октябрæй. Афтæ хъусын кæны  Уæрæсейы Федерацийы Пенсион фонды цæгатирыстойнаг хайад. Пенситæ æмæ æндæр социалон лæггæдтæ исыны уаг 1 октяб-рæй фæстæмæ ивд кæй æрцæудзæн, уыцы домæнмæ хаст æрцыд ивддзинæд-тæ.

Ахӕм уагыл фӕлтӕргай сӕ пенситӕ исыны хъуыддагмӕ ивддзинӕдтӕ хаст цӕуы Уӕрӕсейы иннӕ регионты дӕр. Уымӕн та ис объективон аххосаг, цӕмӕй Уӕрӕсейы Пенсион фонды ӕхцайы ӕфтиӕгтӕ нывылдӕр фыст цӕуой адӕмӕн, уый тыххӕй. Уыцы уаг хауы, куыст-дӕтджытӕ адӕмӕн трансферттӕ федералон бюджетӕй кӕй фидынц, уый дӕр.

Ныридӕгӕн УФ-йы Пенсион фонды цӕ-гатирыстойнаг хайад республикӕйы кредитон куыстуӕттӕм пенситӕ ӕмӕ ӕндӕр социалон фиддонтӕн арвыста 1,8 миллиард сомы. Уыдон фидыны фыццаг ӕмгъуыд хауы декабры райдайӕнмӕ. Республикӕйы пенсиисджыты 63 проценты се ‘хца исынц алы мӕйы райдайӕны (1,10 миллиард сомы). 28 проценты мæйы 14 бонæй фӕстӕмӕ (0,5 миллиард сомы), ӕртыккӕгтӕ – 9 проценты – 22 бонæй фӕстӕмӕ алы мӕй дӕр (0,2 миллиард сомы).

Уӕрӕсейы Пенсион фонды республикон хайады разамынад сфæнд кодта, пенсион фиддонты тыххӕй бюджетыл цы уæз цӕуы, уый фӕкъаддӕр кӕнын, пенситӕ фидыны æмгъуыдмӕ ивындзинӕдтӕ бахӕсгӕйӕ. Уымӕ гӕсгӕ пенситы фиддонтӕ фидыны уаг хаст ӕрцыд алы мӕйы 2-аг ӕмӕ 3-аг ӕмгъуыдмӕ. Уый та нӕ фӕзындзӕн пенситы ӕхца посттӕм ӕмӕ ӕфснайӕн банктӕм ӕрвитыны уагыл.

Пенситæ фидыны уагмӕ цы ивындзинӕдтӕ хаст ӕрцыд, уыдон фӕзындзысты республикӕйы районты пенсиисджытыл дæр, Мӕздӕджы районӕй фӕстӕмӕ. Уым пенситæ фидыны уаг фонды бюджетыл ӕппӕрццагӕй нӕ зыны.

 

КИНОНЫВ СИСТОЙ ИРЫСТОНЫ ХÆХТЫ

Цалдӕр мӕйы дӕргъы, цӕгатирыстой-наг киноисӕг къорд “Зона-ИксТВ” иста фӕсивӕдон кинокомеди “Ведьма гор”. Иннӕ аз республикӕйы цӕрӕг адӕмӕн уыдзӕн йæ феныны фадат.

– Ныртӕккӕ киноныв монтаж кӕнӕм. Классикон кинонывты ӕууӕлтӕм гӕсгӕ арӕзт чи нӕу, уыцы киноныв цӕгатирыстойнаг кинематографийæн у фӕлварӕн. Сюжет ӕнцайы, ныртӕккӕ Швецийы  цӕрæг, фыссӕг Максат Оразовы радзырдыл. Ӕппӕт социалон къордты цард ӕвдисӕг кинонывы сӕйраг архайджытӕ бахауынц алыгъуызон уавӕрты. Кинонывмӕ кӕсӕг адӕймаг бирӕ цӕуылдӕрты ахъуыды кӕны. Исӕг къорды иуӕй-иу кинонывтӕ дунеон кинофестивальты бацахстой фыццаг бынӕттӕ. Зӕгъӕм, карзсюжетон кинойы дунеон кинофестиваль “Капля”-йы архайгӕйӕ, 57 минуты цӕуӕг нӕ киноныв “Портал”,   номинаци “Молодые кинематографисты”-йы бацахста фыццаг бынат. Нӕ зӕрды ис “Ведьма гор” дӕр алыхуызон фестивальты равдисын, – загъта проекты автор, режиссер, Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Лагкуты Спартак.

 

БАЙГОМ УЫДЗÆН НОГ КАФЕДРÆ

УФ-йы Монополиты ныхмӕ службӕйы конкурентон барады кафедрӕ байгом уыдзӕн Цӕгат Ирыстоны. Йӕ сӕргъ та ӕрлӕудзӕн монополиты ныхмӕ службӕйы республикон управленийы разамонӕг Плиты Раман. Кафедрӕ байгом кӕныны тыххӕй иумӕйаг ӕмгуыстады бадзырд бафыстой ӕрӕджы УФ-йы монополиты ныхмӕ федералон службӕйы разамонӕ-джы хӕдивӕг Алексей Доценко ӕмӕ ЦИПУ- йы ректор Огъуаты Алан.

Конкурентон барады кафедрӕ йӕ ахуыртӕ кӕндзӕн бӕлвырд программӕмӕ гӕс-гӕ, экономикон ӕмӕ юридикон факультеты (бакалавриаты) чи ахуыр кӕны, уыцы студентты ‘хсӕн. Уыдонӕй уӕлдай конкурентон барады программӕмӕ гӕсгӕ зонындзинӕдтӕ исдзысты, университеты уӕлӕмхасӕн уӕлдӕр ахуырад райсын кӕй фӕнды, уыдон дӕр.

– Студенттӕн лекцитӕ, практикон ахуыртӕ кӕндзысты монополиты ныхмӕ федералон службӕйы специалистæ. Фӕстӕдӕр фӕсивӕдӕн фадат уыдзӕн УФ-йы Монополиты ныхмӕ службӕйы федералон ӕмӕ цӕгатирыстойнаг управленийы практикӕйы цæуынæн. Ахуырадон предметтӕм цӕттӕ кӕнынӕн, стӕй университет нӕ дӕсныйадмӕ гӕсгӕ каст фӕуынӕн дӕр студенттӕн сараздзыстӕм ӕппӕт фадӕттӕ, – фехъусын кодта Алексей Доценко.

Конкурентон барады кафедрӕ ма амӕйразмæ Уӕрӕсейы Федерацийы цы субъекттæ байгом, уыдонæй Цæгат Ирыстон у фӕндзай ӕртыккӕгӕм.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.