Хъысмæт… Амонд… Диссаг у ацы дзырдты мидис. Уыдонæй адæймаджы Хуыцау куыд барæвдауы, афтæ рауайы йæ цард. Фæлæ, хъыгагæн, алы адæймаджы йæ хъысмæт æмæ амонд æмхуызон нæ барæвдауынц, уымæ гæсгæ алкæмæндæр йæ цард вæййы алыгъуызон, кæмæн рогдæр, чи та йæ царды бавзары бирæ маст æмæ уæззау бонтæ, кæнæ та йæ зæрыбонты баззайы æнæ фæкæсæгæй. Сæ хъысмæт уæззау кæмæн вæййы, ахæмтыл зæрдæ уæлдай тынгдæр фæриссы, сæ уæззау хъысмæтыл бамæт кæнæм, йæ бон нæ кæмæн куыд у, афтæ йæ фарсмæ дæр балæууæм.

Адæймагæн йæ зæрдæйы алыгъуызон уæззау æнкъарæнтæ сæвзæрынц, нæ горæты æвæгæсæгтæн цы пансионат «Аудындзинад» ис, уый къæсæрæй куы бахизы, уæд. Æвиппайды сæры магъзы сæвзæры ахæм хъуыды, зæгъгæ, цæмæн рауадис сæ хъысмæт афтæ, æмæ сæхи къуымæй сæ царды иу хай æрвитынц ам, кæм сты се ‘ввахс адæм, сæ хиуæттæ. Пансионаты сын кæд цæрынæн хорз уавæртæ ис, уæддæр хи хæдзары ницы баивдзæнис.

Пансионат «Аудындзинад»-ы ныртæккæ чи цæрынц, уыдонæн сæ зæрдæтæ фæрогдæр кæныны тыххæй, сæм арæх фæуазæг вæййынц нæ горæты скъолаты ахуыргæнинæгтæ. Се ‘рбацыд ацы рыстзæрдæ адæймæгтæн вæййы чысыл бæрæгбоны хуызæн, ахуыргæнинæгтæ та сæ лæггадæй райсынц стыр æхцондзинад.

Ахæм чысыл лæваримæ 10-æм марты «Аудындзинад»-мæ фæуазæг сты нæ горæты скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæ. Уыдон сын бацæттæ кодтой цымыдисон концерт, бакастысты сын æмдзæвгæтæ, афтæ ма сын æрбахастой адджинæгтæ æмæ адджын дæттæ.

Скъола-интернаты драмон кружокы къухдариуæггæнæг Хъотайты Сæрмæт та, пансионаты чи цæрынц, уыдонæн загъта бирæ рæсугъд æмæ хъарм ныхæстæ, афтæ ма сын раарфæ кодта уалдзæджы æрбалæуды тыххæй, бафæндыдис ма йæ, цæмæй, уыдон уой æнæниз æмæ æнæмаст.

Уыдон дæр ахæм хъарм æмæ аудгæ ахастæй райгондæй кæй баззадысты, уый бæрæгæй зындис сæ цæстæнгасыл, афтæ ма йæ æвдыстой къухæмдзæгъды руаджы дæр.

Уæдæ бузныг ахæм æрхъуыдыджын кæстæртæн!

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.