Донецкы Адæмон Республикæйæ Хуссар Ирыстонмæ официалон балцы æрцæуæг делегаци знон РХИ-йы Юстицийы министрады къухдариуæгад æмæ æндæр бæрнон кусджытимæ венок æмæ дидинджытæ сæвæрдтой нæ горæты 5-æм скъолайы кæрты Мемориалон комплексыл.

Уый фæстæ Хуссар Ирыстон æмæ Донецкы Юстицийы министрадты ‘хсæн цытджын уавæры къухтæ фыст æрцыдысты Барадон æмгуыстады фæндæтты фæдыл меморандумыл. Документыл сæ къухтæ æрфыстой РХИ-йы юстицийы министр Лалыты Залинæ æмæ Донецкы юстицийы министры хæстæ æххæстгæнæг Яков Ходос.

Меморандумы нысаниуæгыл дзургæйæ, Лалыты Залинæ банысан кодта, зæгъгæ, дыууæ министрадты ‘хсæн фыццаг хатт къухтæ фыст æрцыд ахæм нысаниуæгджын документыл. Зæрдыл æрлæууын кодта, 2014 азы Хуссар Ирыстон кæй банымадта Донецкы Адæмон Республикæйы паддзахадон хæдбардзинад, уый фæстæ та къухтæ фыст æрцыдысты Хуссар Ирыстон æмæ Донецкы ‘хсæн кæрæдзийæн æххуыс кæныны фæдыл Сразыдзинадыл.

«Ацы Меморандумыл къухтæ фыст кæй æрцыдысты, уый нæ уагдæтты ‘хсæн æмахастытæ ракæндзæн æмгуыстады ног æмвæзадмæ. Документæн ис нормативон характер æмæ бæлвырд кæны райрæзты ног здæхт. Бæлвырд у нæ архайды фадыг – æмбæстагон барад, ома, адæймаг æмæ æмбæстæгты интерестæ, бартæ, сæрибардзинæдтæ æмæ закъонон интерестæ хъахъхъæнын. Ацы барадон документы ма фыст ис уый дæр, æмæ йæ бындурыл арæзт кæй æрцæудзæн комитет, кæцы æмбырдтæ уаддзæн æнæмæнгхъæуæг рæстæджыты. Уымæй дарддæр ма дыууæ фарсæрдыгæй дæр арæзт æрцæудзæн кусæгон къордтæ», – дзырдта министр.

Лалыты Залинæ ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ документы бындурыл уагъд цæудзысты тымбыл фынгтæ, цыран уы-наффæ цæудзæн адæймаг æмæ æмбæстæгты закъонон интерестæ, бартæ, сæрибардзинæдтæ фарстатæ бахъахъ-хъæныныл.

«Донецкы фарсы инициативæйæ ба-фыссынмæ цæттæ цæуынц æндæр нормативон-барадон документтæ, кæцытæм гæсгæ æмгуыстад æмæ иумиаг архайд уагъд цæудзæн дыууæ министрады ‘хсæн æмбæстагон уавæры акттæ регистраци кæныны фадыджы», – банысан кодта юстицийы министр.

Бафысгæ документ æмæ дыууæфарсон æхсæнведомствæйон ахастытæ рæзын кæныны фæдыл Донецкы юстицийы министры хæстæ æххæстгæнæг Яков Ходос банысан кодта, зæгъгæ, кусæгон къордимæ куыст æрцæудзæн фæндагон картæйыл, кæцы фæхуымæтæгдæр кæндзæн не ‘мбæстæгты барадон фарстатæ.

«Ныртæккæ нæ уагдæтты сæйраг хæс у Донецк æмæ Хуссар Ирыстоны æм-бæстæгты бартæ хъахъхъæнын, фыццаджыдæр, Æмбæстагон уавæры акттæ фыссыны фæдыл, ома, дыууæ республикæты документтæ нымайын æмæ министрадты ‘хсæн информаци кæрæдзийæн дæттын», – дзырта Ходос.

Меморандумы пункттæ, реализаци кæ-ныны æмгъуыдтыл дзургæйæ, дыууæ бæс-тæйы министртæ банысан кодтой, зæгъгæ, бацархайдзысты цыбыр æмгъуыдты уыдон реализаци кæныныл, кæд сыл уæхскуæзæй кусын хъæуы, уæддæр.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.