РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли ауагъта æмбырд Республикæ Хуссар Ирыстоны тæрхондонон системæйы реформæйы фарстыты фæдыл.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй закъоны проект рæхджы фидаргонд æрцæуа.

«Мах æмбарæм нæхи бæрндзинад æмæ тæрхонгæнджыты бæрндзинад дæр, цы экономикон æмæ уголовон хъуыддæгтæ æвзарынц, уыдоны раз. Реформæйы æнæмæнгхъæуындзинад сæвзæрдис 2015 азæй фæстæмæ. Мæнмæ гæсгæ, мах цы æмгъуыдтæ сæвæрдтам –  октябры кæронмæ хъуамæ сфидар кæнæм закъоны проект æмæ йæ арвитæм Парламентмæ – уыцы æмгъуыдтæ нын фаг сты», – загъта Президент.

Банысан кодта, зæгъгæ, тæрхондонон системæйы реформæ хъуамæ ацæуа æнæ тыхархайдæй.

«Цыфæнды реформæ дæр расайы хæрдзтæ, фæлæ реформæ æххæст куы цæуа, уæд хъуамæ ма фæзына тæрхонгæнджыты бюджетыл. Æппæтдæр хъуамæ ацæуа сабырæй, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æнæ тыхархайдæй», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Æмбырды хайад райстой Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь, Уæлдæр Тæрхондоны Сæрдар Хуыгаты Илонæ, Арбитражон тæрхондоны сæрдар Хуыбылты Екатеринæ, Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг, Юстицийы министр Лалыты Залинæ, Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынады парламентон комитеты сæрдар Коцты Олеся.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты

пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.