Цхинвалы районы Громы хъæуккаг Быценты Юра, 1993 азы  Хъахъхъæнынады министрад куы сырæзт, уæдæй фæстæмæ службæ кодта уым. 8-æм августы хæсты судзгæ цæхæр æй æрæййæфта Къусреты къуылдымыл посты. Уыдысты 7 лæппуйæ – Кокойты Гена, Цхуырбаты Эдуард, Гуыбеты Юра, Лалыты Батыр, Бæззаты Толик, Хъæцмæзты Нугзар æмæ Быценты Юра, сæ къухдариуæггæнæг уыд Харебаты Батыр. 7-æм августы изæрæй Гуырдзыстоны фæлитой президент Саакашвили куы радзырдта, ирон адæммæ йын кæй ис хæлар ахаст æмæ, зæгъгæ, сæвзæргæ конфликт æрбæстон кæныныл архайдзæн, æрмæстдæр, сабырадон æгъдауæй, тыхæй не спайда кæнгæйæ, уæд Юра æмæ йæ къорды лæппутæ дæр сугъæд кодтой сæ позици.  Хæцæнгарзæй сæм цы уыд, уыдон сæвæрдтой машинæйыл æмæ рацыдысты горæтмæ. Æрдæг сахаты фæстæ Цхинвалыл сæмбæлдысты гуырдзыйы æфсады фыццаг хъомысджын цæфтæ. Райдыдта, Гуырдзыстон «Сыгъдæг быдыр» кæй рахуыдта, уыцы хæстон операци.

«Цы бамбарын ма нын хъуыд, гуырдзиаг президенты телеуынынады раныхас  радон фæлитой авантюрæ кæй уыд, æмæ фæстæмæ не ‘хсæнгæрзтæ сæвæрдтам машинæйыл, хъуамæ сыздæхтаиккам нæ позицитæм, фæлæ гуырдзыйы æфсад горæт алыгъуызон хъомысджын хæцæнгæрзтæй кæй æхста, уый тыххæй нын нал уыд уыцы фадат. Бацыдыстæм уал хъахъæнынады министрады агъуыстмæ. Куы ‘рбабон ис, уæд æхст чысыл фæкъаддæр. Нæ къорды хистæр нын загъта, горæтмæ æрбахизæнтæм æххуыс арвитын кæй хъуыд æмæ мах хъуамæ балæууæм сæ фарсмæ…», – радзырдта Юра.  Рацыдысты снысангонд бынатмæ, фæлæ Хъахъхъæнынады министрады гаражмæ æввахс, Къуайсайы уынгыл фембæлдысты лигъдæттыл. Уыдон афтæ тарст æмæ тыхст уыдысты, æмæ нæ зыдтой сæхи кæм бамбæхстаиккой. Семæ уыд цалдæр цæфы, Богъиты Эдуардæн та йæ дыууæ къахы дæр уыдысты пырх, калдис сæ туг æмæ йæ афтæмæй йе ‘мбæлццæттæй чидæртæ хастой сæ къухтыл.  Лæппутæ стыхстысты æмæ сæхимæ райстой адæмæн баххуыс кæныны хæс. «Уыцы уысм, тыхст адæмæн баххуыс кæнынæй дарддæр мах æппындæр ницæуыл­уал хъуыды кодтам, кæд нæхæдæг дæр æххæстæй нæ зыдтам, куыд сæ фервæзын кæнæм, уæддæр æвæстиатæй æрæвнæлдтам машинæйы гуыффæмæ сæ схизын кæныныл, нæ фæнд уыд æдасдæр ранмæ сæ бакæнын», – дзырдта Юра йæ мысинæгты.

Знаджы мæлæтхæссæг нæмгуыты ихуарды бын тыхст адæмæн æххуыскæнгæйæ, Юрайæн фæцæф сты йæ фæсонтæ. Йæ туг æрлæдæрстис, фæлæ æххуыс кодта дарддæр. Растдæр зæгъгæйæ та, банкъардта цавæрдæр æнахуыр рыстытæ, фæлæ сын ницы нысаниуæг радта, цалынмæ йын йе ‘мбæлттæ загътой, йæ фæсонтыл туг парахатæй кæй лæдæрсы, уæдмæ. Туджы хъарм Юрамæ фæкаст хиды ‘ртæхты æрлæдæрсты хуызæн. «Разылд мæ сæр, къæхтæ цудын райдыдтой, фæлæ мæм афтæ каст, уый цалдæр боны тыхст æмæ фæллады аххос у. Мæ цæф та æнкъаргæ дæр нæма фæкодтон», – дзырдта уый.

Куы базыдта, йæхицæн дæр æххуыс кæнын хъæуы, уæддæр йæхи кой нæ бакодта, фæлæ дарддæр æххуыс кодта лигъдæттæн, йæ фæсонтыл та лæдæрстис йæ туг.

Уыцы фыдуавæрты, адæймаджы цард æрдуйы тагыл хæцæгау куы уыд,  уæд шофыр Цхуырбаты Нугзар дæр равдыста стыр хъæбатырдзинад. Сбадтис йæ машинæйы æмæ æхстытæм нæ кæсгæйæ, адæмы аласта æдасдæр бынатмæ, цы­ран сын  бакодтой фыццаг медицинон æххуыс.

«Мæ цард уыд иу, уыдон та – бирæ. Æмæ æз мæхиуыл нæдæр ахъуыды котон, афтæмæй мæ хæсыл банымадтон уыдон аирвæзын кæнын. Кæй аирвæзтыстæм, уый та уыд, æрмæстдæр, хъысмæты фæндон», – загъта  Нугзар.

Уый фæстæ дæр ма Харебаты Батыры къорды лæппутæ иу æмæ дыууæ хатты нæ бахаудысты тæссаг уавæрты се ‘мтуг ирон адæмæн æххуыс кæнгæйæ, фæлæ сæ бæстонæй радзурын нæ бафæндыд. «Уый уыд нæ сæйраг хæс æмæ хъайтардзинадæй бытондæр ницы сарæзтам», – загътой уыдонæй чидæртæ.

Юра йæ фидæн, æфсæддон цардимæ æппындæр никуы баста, фæлæ йæ  нæ республикæйы тыхст уавæртæм гæсгæ бахъуыд сахуыр кæнын бирæ æфсæддон хъуыддæгтæ. «Цалдæр азы дæргъы нæ Ирыстоны хæстон æндыгъд уавæртæ куы уыдтон, уæд рыстис мæ зæрдæ ирон адæмы хъысмæтыл. Мæ бинонтимæ, мæ райгуырæн хъæу Громмæ цæугæйæ арæх  бахаудыстæм зын уавæрты гуырдзыйы постытытыл. Уым цытæ уыд­тон, уыдон мæ æвзæрын кодтой ахæм хъуыдытæ, цæмæй æппæт уавæрты дæр сарæхсон мæхи, мæ бинонты, уарзон адæмы æмæ райгуырæн бæстæйæн балæггад кæнын. Æфсæддон арæхстдзинадæй уыйбæрц цæттæ нæ уыдтæн, фæлæ адæймагдзинад фесафын та худинаджы хъуыддагыл нымайын абон дæр», – зæгъы Быценты фырт.

Хъыгагæн, цард кæм ис, уым ис мæлæт дæр. Юрайы къорды лæппутæй дыууæйæ абон немæ нал сты – Бæззаты Толик æмæ Гуыбеты Юра. Ныртæккæ Ирыстоны сабырад, кæй зæгъын æй хъæуы, махæн ахсджиаг хъуыддаг у, фæлæ  махæй рох никуы уыдзысты, уый сæраппонд, йæ сæр нывондæн чи æрхаста, уыцы хъæбатыр лæппуты нæмттæ.

Юрайæн та мæ зæрдæ зæгъы æнæниздзинады фæндиæгтæ йæ бинонтæ æмæ æввахс адæмимæ.

                                                                            ХУЫГАТЫ Миленæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.