4 февралы милицийы тагъд фердæхты къордыл(ОМСН) сæххæст 18 азы. Спецкъорды рæнхъон сконды цытджын ралæудмæ фæуазæг ис Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Дзабиты Ӕхсар æмæ сын зæрдиаг арфæ ракодтæ сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн. Уымæй уæлдай ма сын бакаст Мидхъуыддæгты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Пухаты Мерабы арфæйы ныхæстæ дæр.

«Сымахыл ис стыр хæс, уымæн æмæ хъахъхъæнут фæтк æмæ закъонад. Уæ оперативондзинад æмæ профессионалондзинад æндавы комкоммæ нæ адæмы дарддæры цардыл, æхсæнадон æдасдзинадыл æмæ сабырадыл. Сымахæн уæ разæй бирæ аккаг кусджытæ куыста ам, мидхъуыддæгты органты, æмæ мæ фидарæй уырны, кæй сæ нæ фæхудинаг кæндзыстут, цæсгомджынæй кæй æххæст кæндзыстут уæ разы лæууæг хæстæ», – дзырдæуы арфæйы фыстæджы.

Дзабиты Ахсар йæ раныхасы банысан кодта ОМСН-ы æнтыстджын куыст æмæ сын арфæйы хуызы загъта, зæгъгæ-иу цахæм фæнды службæйон хæс сæххæст кæныны фæстæ алы хатт дæр æдасæй æмбæлут уæ бинонтыл.

Кæронбæттæны спецкъорды хуыздæр кусджыты схорзæхджын кодтой майдантæй æмæ æхцайы премитæй.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.