Республикæ Хуссар Ирыстон расидыны боныл 27 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон парад Театралон фæзуатмæ æрæмбырд кодта нæ æмбæстæгты стырæй чысылæй бæрæгбонвæлыстæй. Фæзуаты рæнхъæйлæууæг æфсæддон гарнизоны службæгæнджытыл азылд хъахъхъæнынады министры хæс-тæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим æмæ сын бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта.

Республикæйы Гарзджын тыхтыл Сæйраг командæгæнæг, Президент Бибылты Анатоли парады хæдразмæ арфæ ракодта Хуссар Ирыстоны цæрджы-тæн ацы нысаниуæгджын боны цытæн се ‘ппæтæн дæр – ацы бæрæгбон, зæгъгæ,  у Хуссар Ирыстоны фæуæлахизуæвæг адæмы иугæнæг символ (йæ доклад мыхуыр æрцыд).

Нæ паддзахады ахсджиаг бæрæгбонмæ уыцы бон бирæ уазджытæ æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Президенты Администрацийæ, Паддзахадон Думайæ, Цæгат Ирыстонæй, Абхазæй, Приднестровьейæ, Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæтæй.

Нæ республикæйы уазæг, Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр Лев Кузнецов дæр бæрæгбонон арфæ ракодта Хуссар Ирыстоны адæмæн. Банысан кодта, зæгъгæ, æвзонг Республикæ йæ хæдбардзинад сфидар кæнын æмæ бахъахъхъæныны рацыд вазыгджын фæндæгтыл.

«Ацы зæхмæ йæ цæрджыты æцæг уарзт, ныфсхастдзинад æмæ Райгуырæн бæстæйыл æнувыддзинады руаджы Республикæйæн бантыст хæдбар, демократон паддзахад æмæ регионы стабилондзинад сфидар кæныны  хъуыддаджы серьезон æнтыстытæ»,- дзырдта уæрæсейаг бæрзонд уазæг.

Банысан ма кодта, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы кæй бæттынц рæстæгæй бæлвырдгонд хæлардзинад æмæ æмгуыстады æнгом ахастытæ.

Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав йæ раныхасы банысан кодта, ацы бæрæгбон уæлдай ахсджиаг æмæ нысаниуæгджын цау кæй у æгас ирон адæмæн.

«Бæрæг аххосæгтæм гæсгæ мах дих стæм географион æгъдауæй, уый хыгъд иумиаг историон хъысмæтæй, иумиаг фæндтæй, экономикон стабилон æмæ æнтыстджынæй рæзæг регионы сабырæй цæрынмæ та нын ис иумиаг фæндон æмæ тырнынад.

Уæззау фæлварæнтæ æмæ бирæнымæц адæймæгты æдзард удтæй арæзт у хуссарирыстойнаг адæмы фæндаг сæ сæйраг бæллицмæ. Йæ адæмы сæрыл йæхи нывондæн чи ‘рхаста, йæ сæрибардзинад æмæ амондджын сомбоны тыххæй йæ цард чи рауæлдай кодта, уыцы хъайтарты нæмттæ рох никуы уыдзысты махæй»,- дзырдта Вячеслав.

Уый фæстæ цытджын трибунæйы рæзты бæрæгбонон парады рацыдысты Хъахъхъæнынады министрады тырысахæссæг къорд æмæ æфсæддон дæл-хæйттæ, мидхъуыддæгты министрады дæлхæйттæ, Паддзахадон æдасдзинады комитеты арæнхъахъхъæнæг службæ, уæлвæткон уавæрты министрады службæгæнджытæ, Хуссар Ирыстоны УФ-йы хъахъхъæнынады министрады 4-æм æфсæддон базæйы æфсæддонтæ, кадетон скъолайы курсанттæ æмæ æфсæддон техникæйы иуæгтæ.

Бæрæгбонон парад адарддæр æх-сæнады минæвæртты демонстрацийæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.