Сылгоймæгты Алайнаг аргъуаны ауагъд æрцыд рæсугъд мадзал Чырыстийы Райгуырды темæйыл – Г. Х. Андерсены аргъау «Снежная королева»-йы мотивтæм гæсгæ æвæрд æрцыд спектакль, – хъусын кæны эпархийы пресс-службæ.

Театрализацигонд равдысты хайад райстой 30 адæймаджы бæрц  аргъуаны кусджытæ, ардæм цæуджытæ æмæ сывæллæттæ. Декораци æмæ костюмты дæр сарæзтой уыдон. Актерты костюмтæ профессионалон театрты костюмтæй мæгуыраудæр нæ уы-дысты.

Равдысты режиссертæ уыдысты аргъуаныл аудæг ингумен Нонна (Багаты чызг) æмæ реабилитацион центры ахуыргæнæг Хосаты Анжелæ.

Импровизацигонд кæсæн залы бынæттæ нæ фаг кодтой, цæмæй спектаклмæ бакæсын кæй фæндыд, уыдон æм бацыдаиккой. Мадзалмæ цæттæ кодтой дыууæ мæйы дæргъы. Ингумен Ноннæйы фæхуындмæ гæсгæ мадзалмæ æрбацыд Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг эпископ Леонид.

Сылгоймæгты аргъуаны ахæм бæрæгбонтæ уадзын ссис традици. Цалдæр азы размæ арæзт æрцыд мини-театр, кæцы регулярон æгъдауæй æвæры оригиналон спектаклтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.