Сирийы æмæ Хуссар Ирыстоны базарадон-сæудæджерадон палатæтæ сæ къухтæ æрфыстой æмгуыстады тыххæй сразыдзинадыл. РХИ-йы базарадон-сæудæджерадон палатæйы сæргълæууæджы хæдивæг Козаты Роин информагентад «Рес»-æн куыд фехъусын кодта, афтæмæй документыл къухтæ æрфыстæуыд 10 сентябры хуссарирыстойнаг делегаци РХИ-йы базарадон-сæудæджерадон палатæйы сæрдар Æлборты Аланы сæргълæудæй хайад 60-æм Дамаскаг æхсæнадæмон равдысты хайад куы райста, уый фæлгæтты.

Козайы фырты ныхæстæм гæсгæ, хуссарирыстойнаг делегаци ауагъта фембæлтытæ Дамаскы, цыран уынаффæ кодтой дарддæры æмархайды фарстатыл.

«Хуссарирыстойнаг делегацийы уæнгтæ Сирийы, Китайы, Хуссар Африкæйы, Æввахс Скæсæны бæстæты минæвæрттимæ уынаффæ кодтой æмгуыстады фарстатыл», – загъта Козайы фырт.

Куыд зонæм, афтæмæй Дамаскаг æхсæнадæмон равдыст уагъд цæуы 6 сентябрæй 15 сентябрмæ САР-йы Президент Башар Асады къухдариуæгадæй. Йæ куысты хайад исынц 48 бæстæйы. Аргентинæ æмæ Македонимæ, Хуссар Ирыстон фыццаг хатт хайад исы ацы регионы уæрæх инвестицион фæзуаты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.