Æрбалæууыд 2017 азы фыццаг æмбисæн газеттæ æмæ журналтæ рафыссыны кампани, уый аххæсдзæн 3 мæйы бæрц. Кæй зæгъын æй хъæуы, абоненттæн мыхуыр рафыссыны æмгъуыд бирæ у, райдианы та уадиссаг ничи фæтагъд кæны уарзон газеттæ æмæ журналтæ рæстæгыл рафыссынмæ. Фæлæ уæддæр абон саразæн цæмæн ис, уый соммæ æргъæвын нæ хъæуы, цæмæй æдыхстæй бацархайай дæ хъуыддагыл.

Уæдмæ уал бацымыдис кодтон, ацы азы дыккаг æмбисæн нæ республикæйы бынæттон газеттæ æмæ журнал рафыссыны куыст куыд ацыд, уымæ. Раст зæгъгæйæ, сæ фæстиуджытæй зæрдæ нæ барухс. «ЮГОСЕТПЕЧАТЬ»-ы агентады хистæр Саулохты Зоя загъта, зæгъгæ, ацы азы фыццаг æмбисимæ абаргæйæ, дыккаг æрдæджы газет «Хурзæрин» рафыстой 158 экземпляры къаддæр, «Южная Осетия» -148, «Республика» -129, журнал «Фидиуæг» куыд фыццаг, афтæ дыккаг æмбисæн дæр йæ рафысджыты нымæц у иугъуызон – 738. Саулохты чызг ма куыд загъта, афтæмæй газеттæ уый фæстæ мæйты дæр чидæртæ фыстой, фæлæ уæддæр азы фыццаг æрдæджы бæрæггæнæнтæм сæ нымæц не схæццæ. Ныр бакæсæм, ног азæн ацы ахсджиаг куыст куыд ацæудзæн, уымæ. Æрæджы «Хурзæрин»-ы уыд хорз рекламæ, Чидæриддæр йæхи ироныл нымайы, уый æнæмæнгæй рафыссæд газет «Хурзæрин», зæгъгæ. Амæйразмæ нæ газеттæн рафыссæн уыд Цæгат Ирыстонмæ дæр, уымæн æмæ сæ бахастой æхсæнрегионалон агентство «Почта России»-мæ, фæлæ, сæ хъыгагæн, ацы аз нал бахастой каталогмæ. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ сын таможнæйы фидын кæнынц хъалонтæ. Æз мæхæдæг ацы бонты уыдтæн Дзæуджыхъæуы, фембæлдтæн, мыхуыр рафыссыны куыст кæмæ хауы, уыцы сылгоймаг – Мæрзойты Ритæимæ æмæ мын уый афтæ радзырдта, ома таможнæйы сæ къухтæ бафыстой ацы фарсты фæдыл, цæмæй æнæкъуылымпыйæ хæццæ кæной сæ рафысджытæм. Уый тыххæй ма хъуамæ дыууæ республикæйы Хицауады минæвæрттæ дæр баныхас кæной ацы фарст æрбæстон кæныны тыххæй.

Уымæй дарддæр ма ис ахæм фæндон дæр. Цахæмдæр хисæрмагонд фирмæ, «Ивис», зæгъгæ, мæм фæдзырдта Мæскуыйæ, йæ хицау у Егорова Ритæ. Уый мæм бахатыд, цæмæй йын посты æрвитæм, Хуссар Ирыстоны цы мыхуыры органтæ цæуы, уыдон. Баныфсæвæрдта, куыд сæ бахæсдзæн йæхи каталогмæ дæр æмæ сæ парахат кæндзæн газеткæсджыты хсæн, ацы хъуыддаг радзырдтон Мыхуыры паддзахадон комитетæн дæр, фæлæ сыл тынг не ууæндæм, паддзахадон фирмæ кæй нæу, уымæ гæсгæ.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.