Рационализатортæ æмæ æрхъуыдыгæнджыты бонмæ

Раздæры азты нæ куыстуæтты ахадæн уыд сæ архайд рационализатортæ æмæ æрхъуыдыгæнджытæн. Уыдон уыдысты алы завод æмæ фабрикæйы дæр, зонгæ уыдысты æрвылбонон куысты процессимæ æмæ æдзухдæр хъуыды кодтой, иу кæнæ иннæ куыстæн ноджыдæр куыд ис фæхуыздæргæнæн. Афтæмæй сæ уæзгæ хайбавæрд хастой куыстуаты экономикæ сырæзын кæнынмæ, стæй ма бындурон продукцийæ дарддæр уагътой æндæр продукци дæр æмæ уый ахъаз уыд хомыс æмæ æрмæджытæ дзæгъæлы ма сафынæн. Ахæм рационализатортæ æмæ æрхъуыдыгæнджытæ дзæвгар уыд заводтæ «Электровибромашинæ», «Эмальпровод» æмæ æндæр куыстуæтты. Сæ номхыгъдмæ раздæры азты ахæссæн уыд механикон заводæн дæр. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы завод уагъта дзæвгар хуызы продукци, фæллой дзы кодта куыстуарзаг коллектив æмæ рæстæджы цыдимæ иумæ хуыздæр кодта рауадзгæ продукцийы гъæд дæр. Уыцы хъуыддагыл æнувыдæй архайдтой куыстуаты разамынд æмæ кусджытæ сæхæдæг дæр. Хæрзгъæд продукци уадзыныл ма архайдтой, заводы цы рационализатортæ уыд, уыдон дæр æмæ уый фæстиуæгæн сæ къухтæй рацæугæ продукцимæ нæ уыд фау æрхæссæн æмæ дзы фæлхасгæнджытæ уыдысты райгонд, агуырдтой йæ зæрдиагæй. Ахæм зæрдæргъæвд рационализатортæ ацы заводы уыдысты, коллектив буц æмæ сæрыстыр кæмæй уыд, уыцы раззагон кусджытæ Цхуырбаты Амиран, Мамиты Таймураз æмæ ноджы æндæртæ. Фæлæ уæддæр ацы хъуыддаджы иу уыл тынгдæр кæмæн æнтыст, уыдонæй иууыд Дудайты Виктор. Уый механикон заводмæ кусынмæ æрбацыд уæлдæр сæрмагонд ахуырадимæ, 1972 азы дзы кусын райдыдта сæйраг инженерæй. Куыстуаты уыд рационализатортæ æмæ æрхъуыдыгæнджыты æхсæнад æмæ йын уый дæр бакодтой йæ бæрны. Ацы куыст биноныг кæныны тыххæй сæм уыд уагæвæрд æмæ кусджыты разæнгард кодта сæ рационализаторон фæндæттæ бахæссынæн.

Дудайты Виктор йæхæдæг бахаста дзæвгар рационализаторон фæндоны æмæ уый стыр ахъаз кодта, куыд заводы рауадзгæ продукци фæфылдæр кæнынæн, афтæ алыгъуызон æрмæджытæ дзæгъæлы ма сафынæн, фæлæ сæ æмбæлон æгъдауæй пайда кæнынæн. Уыцы рационализаторон бахæсгæ фæндæттæй сæ иу уыд, «Жигули» машинæйы сæр цы багажник арæзт æрцыд, уый æмæ уымæй фенцондæр шофыртæ æмæ бæлццæттæн дæр. Зымæг сабитæ тынг агуырдтой дзоныгътæ митыл бырынæн æмæ уыцы рационализаторон фæндон дæр куы бахаста, уæд тынг фæцыд заводы разамынды зæрдæмæ æмæ уый дæр биноныг æрцыд. Зæгъын хъæуы, махмæ, Хуссар Ирыстоны ахæмтæ нæ уагътой раздæр, уый дæр уыд Дудайы фырты æрхъуыдыдзинад æмæ уымæй уыцы азты фæрогдæр кодтой фæлхасгæнджыты къух. Æмæ канд уыдон нæ, фæлæ ма ноджыдæр æрхъуыды кодта æфсæйнаг къæлæтджын бандæттæ æмæ сæ пайда кодтой администрацийы кусджытæ. Кæнæ кæуылты уыд йæ ахадындзинад, кусджытæ хæдзарон æфсинтæн цы ног пец уадзын райдыдтой, уымæн, хъарм кодта тагъд æмæ уазал та æрæгмæ æмæ уымæй æнцондæр уыд æфсинтæн. Иннæ ахæм чысыл халамæрзæны фæзынд æхсызгон уыд нæ цæрджытæн, алы хатт стыр халамæрзæнæй уый бæрц нæ ферæхсынц чысыл фæзуат бакусынæн æмæ уæд йæ бæсты куыстытæ æнæзивæгæй феххæст кæны чысылдæр. Ахæмтæ уыдысты ацы заводы рационализаторты бахæсгæ фæндæттæ æмæ уымæй дзæвгар ахъаз фесты æмбæстæгтæн.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.