Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Айсут иууыл зæрдиагдæр арфæтæ æппæтадæмон бæрæгбон Джиуæргуыбайы боны цытæн!

Сыгъдæг Уастырджи у лæгтыл аудæг, кæцыйæ къуырийы дæргъы алы бинонтæ дæр курдзысты аудындзинад, цæмæй уый хъахъхъæна нæ зæхх фыдбылызтæй, нæ адæмæн радта сабырдзинад æмæ фæрныгад. Æмæ кæмфæнды ма цæрой не ‘мбæстæгтæ, уæддæр уыдон Сыгъдæг Уастырджийы бон нысан кæнынц, фæкувынц æм, цæмæй сæ бахъахъхъæна фыдбылызæй. Мæ цæст уын уарзы, цæмæй уæ куывдтытæ, кæцытæ загъд æрцæудзысты ацы сыгъдæг къуырийы Стыр Хуыцау æмæ Сыгъдæг Уастырджимæ, фехъуысой, æмæ, уадз, уыдон нæ Ирыстонæн раарфæ кæной æмæ йæ байдзаг кæной хорздзинад æмæ бæркаддзинадæй.

Мæ зынаргъ адæм! Стыр Джиуæргуыбайы хорзæх уæ уæд! Алкæйы хæдзар дæр нæ фæрнæйдзаг æмæ бæркадджын уæд, æнæниздзинадæй æххæст æмæ амондджын уæд! Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан

***

Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарады зынаргъ кусджытæ æмæ фæллойгæнджытæ!

Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Хъæууон хæдзарады кусæджы боны цытæн!

 Ацы бæрæгбон иу кæны, зæххыл чи цæры æмæ кусы, фосдарды æмæ зæхкуысты хъуддагыл чи архайы, æппæт уыдоны. Аграрон сектор нæ республикæйæн у экономикæйы рæзты сæйраг хай, кæцы бæрæг кæны хæлцадон базæйы уавæр. Фæллойгæнджыты куысты фæстиуджытыл баст у нæ цæрджыты фæрныгад æмæ царды æмвæзад, республикæйы цæрджыты æнæмæнгхъæугæ æмæ гъæдджын продукттæ, дыргътæ æмæ халсæрттæй сифтонг кæнын. Бузныг уын, ацы зын, фæлæ æнæмæнгхъæуæг æмæ æнтыстджын куысты чи архайы, æппæт уыдонæн сæ цæсгомджын куысты тыххæй, кæцы домы хъæддыхдзинад, быхсындзинад æмæ физикон тыхтæ.

Ирыстоны зæхкусæджы куыст кæддæриддæр уыд кадджын, уымæ æдзухдæр лæмбынæг хъусдард здæхт цыд республикæйы къудариуæгады фарсæрдыгæй. Хуссар Ирыстоны Парламент йæ рады дарддæр дæр æххуыс кæндзæн, зæххы куыст чи кæны æмæ нæ адæмы чи ифтонг кæны хæлцадæй, йæ хайбавæрд чи хæссы республикæйы хъæууонхæдзарадон фадыджы рæзтмæ.

Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, амонд, бинонты фæрныгад æмæ æнтыстытæ уæ зын, фæлæ ахсджиаг куысты.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.