РХИ-йы УФ-йы Федералон æдасдзинады службæйы Арæнгæрон управленийы сырæзтыл 7 азы сæххæсты цытæн Хуссар Ирыстоны уагъд æрцы-дис чемпионат хæстон къухæйæхсгæ хæцæнгæрзтæй æхсыны фæдыл. Ерысты хайад райстой 5 командæйы — Арæнгæрон управленийы Знауыр, Дменис, Ленингор æмæ Дзауы цæрæн пунктты хайадты командæтæ, афтæ ма Арæнгæрон управленийы аппараты командæ дæр. Алы командæйы сконды дæр уыдысты пистолетæй дыууæ æхсæджы, автоматæй дыууæ æхсæджы æмæ дыууæ та снайпертæ. Ерысты нæлгоймæгтимæ хайад истой сылгоймаг æфсæддон службæгæнджытæ дæр.

Ерысты программæйы уыдис цалдæр ерысгæнæн фæлтæрæны.

Хыгъдон рæстæджы арæнхъахъхъæнджытæ хъуамæ фенын кодтаиккой сæ рæстдзæвиндзинад æмæ сцæф кодтаиккой мысанты, кæцытæ уыдысты 25 метры дæрццæгæн Ярыгины пистолæй æхсгæйæ, 100 метры Калашниковы автоматæй æхсгæйæ æмæ 150 метры та — Драгуновы снайперон винтовкæйæ æхсгæйæ. Автоматæй æмæ снайперон винтовкæйæ æхсгæйæ, чемпионаты хайадисджытæ фæд-фæдыл æхстой æртæ уавæры хуысгæйæ, зоныгуылæй æмæ лæугæйæ. Пистолетæй æхс-джытæ та ерыс кодтой 2 ерысон фæлтæрæны стандартон æмæ тагъдыл æхсынæй.

Командон хыгъдимæ иумæ ерыстæ уагъд цыдысты хицæнтæй дæр, куыд нæлгоймæгты, афтæ сылгоймæгты ’хсæн дæр.

Ерысты сæйраг тæрхонгæнæг, Арæнгæрон управленийы минæвар Александр Смирновы ныхæстæм гæс-гæ уыдон уыдысты æвзарæн ерыстæ Уæрæсейы Федералон Æдасдзинады службæйы чемпионаты агъоммæ.

«Ахæм ерыстæ мах уадзæм æрвылаз дæр. Чемпионаты хайадисджытæ фенын кодтой хорз фæстиуджытæ. Æхсæнгарзимæ хорз арæхсыны æмвæзад фенын кодтой сылгоймаг æфсæддон службæгæнджытæ дæр. Фæлæ уыимæ æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй сæ цæттæдзинад регулярон æгъдауæй бæрзонддæр кæной æмæ хуыздæрæй-хуыздæр кæной. Уавæрæй пайда кæнгæйæ мæ фæнды арæнхъахъхъæнджытæн раарфæ кæнын Арæнгæрон управленийы сырæзтыл 7 азы кæй сæххæст, уый цытæн æмæ Стыр Уæлахизы цытæн», — загъта А. Смирнов.

Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ 1 бынат бацахста Арæнгæрон управленийы аппараты командæ, 2 бынат Арæнгæрон управленийы Дменисы хайады командæ æмæ 3 бынат та Арæнгæрон управленийы Ленингоры хайады командæ.

Чемпионаты фæуæлахизуæвджытæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ æмæ грамотæтæй, фæуæлахизуæвæг командæйæн та лæвæрд æрцыд кадджын кубок.

Ерысты фæстæ æхсæнгарзæй сæ арæхстдзинад равдисыны бар радтой мадзалы уæвæг журналисттæн дæр, кæцытæ инструкторты хъуыдымæ гæсгæ æвзæр нæ фехстой.

Чемпионат уагъд цыдис Знауыры районы æхсæнгарзæй æхсæн бынаты.

Зæгъын ма хъæуы уый æмæ майы мæйы управленийы разамынад кæй план кæны ноджыдæр ерыстæ ауадзын Арæнхъахъхъæнæджы боны цытæн.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.