ХИПУ-йы кафты ансамбль «Сæрмæт» ссис адæмон хореографийы фестиваль «Приз хореографа Виктора Шернёва»-йы I къæпхæны лауреаты дипломы хицау. Фестиваль уагъд æрцыд Сочийы культурон фонд «Алые паруса»-йы эгидæйы бын. Фестивалы ма Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты ансамблы коллектив райстой сертификат 2017 азы октябры мæйы «Кубок победителей» ахуыры азы хуыздæр коллективты æхсæн æхгæд грантон конкурсы тыххæй æмæ «Адæмон кафты национ традицитæ бахъахъхъæныны тыххæй» диплом.

Конкурсы уæлахиздзауты йæхимæ райста ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим. Уый зæрдæбын арфæтæ ракодта ансамблы коллективæн сæ уæлахизы тыххæй, æмæ сын загъта дарддæры æнтысты фæндиæгтæ.

«Æз стыр бузныг дæн сымахæй ахæм бæрзонд професионалон дæсныйады тыххæй, кæцы сымах равдыстат Æппæтуæрæсейон сфæлдыстадон фестивалы.  Мæн фидарæй уырныдта, сымах фыццаг бынат кæй бацахсдзыстут, уымæн æмæ ахæм хореографимæ æмæ ахæм къухдариуæггæнæгимæ, куыд Тедеты Ацæмæз,  ахæм студенттимæ, куыд сымах, æндæр фæстиуæг ма хъуамæ уыдаит».

Тедеты Вадим бузныджы ныхæстæ загъта нæ республикæйы Президент Тыбылты Леонидæн, финансон æххуыс сын кæй бакодта фестивалмæ ацæ-уынæн, уый тыххæй.

«Æз сымахæй уе ‘ппæтæй дæр стыр бузныг дæн, уымæн æмæ сымах конкурсы æвдыстат æрмæст Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты нæ, фæлæ æмтгæй нæ республикæйы. Сымах фенын кодтат уæ курдиат æмæ бацахстат фыццаг бынат»,- банысан кодта ректор.

Уый коллективæн ныфс бавæрдта, зæгъгæ, сын ног университеты комплексы кæй уыдзæн максималонæй комфортон уавæртæ æмæ загъта, зæгъгæ, алыгъуызон конкурсты цы грамотæтæ æмæ дипломтæ райстат, уыдон дæр сæ бынат кæй ссардзысты университеты музейы.

Фембæлды рæстæджы ма рабæрæг,  ректоры фыд, Тедеты Ботаз йæ рæстæджы кæй уыд, уæды педагогон институты кафты ансамблы солист. Æмæ цалынмæ уæлдæр ахуыргæнæндоны сæйраг корпус нæ басыгъд – 2008-æм азы, уæдмæ сæ нывтæ конд уыдысты уагдоны къултыл.  Кинофильм «Фатимæ»-йы та солон кафт сæххæст кодта Ботазы æфсымæр Тедеты Георги.

Ансамблы къухдариуæггæнæг Тедеты Ацæмæз дæр стыр бузныг загъта ректорæн, коллективæн йæ алыварсон æххуысы тыххæй.

Уый ХИПУ-йы ректормæ радта Культурон фонд «Алые Паруса»-йы президент Александр Минины бузныджы фыстæг, Уæрæсейы æвзæнгты сфæлдыстады рæзты æмæ конкурсмæ ансамблы балцы тыххæй.

Кокайты Зарина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.