22-æм февралы Паддзахадон кино-концертон зал “Чермен”-ы  уыд Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæджы боны цытæн адæмон нывгæнæг Гæбæраты Барисы нывты юбилейон равдыст. Советон Цæдисы Нывгæнджыты цæдисы уæнг, Адæмон нывгæнæджы райгуырды 65 азы цытæн равдысты æвдыст æрцыдысты йæ хуыздæр куыстытæ.

Киноконцертон зал “Чермен”-ы фойемæ æрбамбырд ис бирæ адæм, нывгæнæджы курдиатæн табугæнджытæ. Уыдон стыр аргъ скодтой йæ куыстытæн. Равдысты залы цы 40 нывы онг æвæрд æрцыд, уыдоны уый равдыста йæ райгуырæн бæстæмæ, æрдзмæ уарзондзинад. Равдыстмæ цы бирæ адæм æрбацыд, уыдон уæлдай стырдæр аргъ скодтой, йæ удæй  чи райгуырд, уыцы куыстытæн. Уыдон сæйраджыдæр хауынц 20-æм азты ирон адæмы геноцид æмæ 2008 азы хæсты цаутæм.

Гæбæраты Барис йæ нывты равдыста æрмæст райгуырæн къуым нæ, фæлæ ма нывты ‘хсæн фенæн ис æндæр бæстæты æрдз æмæ цард дæр. Уый йе ‘нкъарæнтæ ирдæй равдыста йæ конд нывты.

Нывгæнæджы равдыстмæ æрбацыдысты Президент Тыбылты Леонид, Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли, Культурæйы министр Остъаты Мадинæ, Ирыстоны Фысджыты Цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон, интеллигенцийы минæвæрттæ æмæ аивад уарзджытæ.

Президент Тыбылты Леонид стыр аргъ скодта равдысты нывтæн æмæ банысан кодта, Барис стыр курдиаты хицау кæй у, уый.

Юбилярæн ма арфæйы ныхæстæ загъта Культурæйы министр Остъаты Мадинæ дæр, æмæ банысан кодта нывгæнæгæн æнахуыр диапазон кæй ис, уый.

«Фæстаг дыууæ азы культурæйы министрадæн нывгæнджыты цæдисимæ иумæ,  Хицауады æххуысæй арæзт æрцыд бирæ равдыстыты проекттæ, зæгъæм, Хъырымы, Мæскуыйы, Санкт-Петербурджы. Уыцы рæстæджы персоналон равдыстытæ гом цыдысты бирæ хæттыты – 24 равдыстыты проекттæ. Барис Сардионы фырт активон хайад исы æппæт ма-дзæлтты дæр», – банысан кодта Культурæйы министр.

Гæбæраты Барис бузныг загъта æрæмбырдуæвджытæн, стыр аргъ ын кæй скодтой йе сфæлдыстадæн æмæ йын ацы равдыст саразынмæ чи баххуыс кодта, уыдонæн. Стыр бузныджы ныхæстæ загъта Культурæйы министр Остъаты Мадинæйæн, Президент Тыбылты Леонидæн æмæ Хицауады уæнгтæн.

Юбилярæн ма раарфæ кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Нывгæнджыты цæдисы сæрдар Цхуырбаты Тамерлан, Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон. Уыдон дыууæ дæр банысан кодтой Гæбæраты Барис кæй у æрмæст курдиатджын нывгæнæг нæ, фæлæ ма у хорз æмæ уазæгуарзон адæймаг.

Гæбæраты Барис райгуырд 1952 азы Цхинвалы районы Къостайыхъæуы. Æстæм къласы фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Цхинвалы Тугъанты Махарбеджы номыл нывгæнæн ахуыргæнæндонмæ, цыран ын фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ Санахъоты Барис æмæ Турманты Димитр лæмбынæг бацамыдтой нывгæнæн аивады сусæгдзинæдтæ.

Нывгæнæн аивады къабазы йе стыр  лæггæдты æмæ бирæ азты дæргъы сфæлдыстадон архайды тыххæй Гæбæраты Барисæн Президенты Барамындæй лæвæрд æрцыд «РХИ-йы Адæмон нывгæнæг»-ы кадджын ном.

Чертхъоты Ж.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.