Иунæг хуссарирыстойнаг радио «Ир-FM»-ы эфиры фæзынд ирон æвзагыл ног изæрыгон программæ «Аннæрдыгæй бакаст». Программæйы амонджытæ Гасситы Аннæ æмæ Къуылыхты Аннæ æрвыл изæр куысты кæрон радиойы хъусджытæн дзурынц политикæ, бæрæгбонтæ, ирæтты æгъдæуттæ, традицитæ æмæ æндæр, æнæмæнгхъæуæг цымыдисаг темæтыл.

Гасситы Аннæ, радиоамонæг: «Мах ацы программæ куы план кодтам, уæд кæй зæгъын æй хъæуы, хъуыды кодтæм куыд æй схонæм, ууыл. Афтæмæй мах, дыууæ Аннæйы дæр, фæндыд алцæуыл дæр дзурын  политикæйы йедтæмæ  æмæ нæм фæзынд нæ тематикæимæ баст ном – Аннæрдыгæй бакаст. Нæ дыууæйæн дæр комкоммæ эфиры кусыны ис чысыл фæлтæрддзинад, фæлæ махæн куы загътой эфиры ирон æвзагыл кусдзыстæм, уæд æз ахъуыды кодтон –  цы агуырдтон, уый! Тынг мæ фæнды мадæлон æвзаг размæ кæнын, цæмæй адæм фехъусой æмæ йæ бамбарой, æвзагæй кæй ис æххæстæй пайада кæнæн, кæй йыл ис дзурæн. Нæ иумæйаг хæс у хорз зæрдæйы уаг аразын æмæ уый ирон æвзагыл цæмæннæ хъуамæ аразæм?»

Къуылыхты Аннæ, радиоамонæг: «Изæрыгон эфирмæ хаст æрцыдысты тематикæйы фæдыл цыбыр цымыдисджын æмæ алыгъуызон рубрикæтæ «Факты», «Литературæ», «Курьезы», «Хроникæ», «Про первое». Алы изæрмæ мах фæхонæм уазæджы. Ныхас фæцæуы алыгъуызон темæтыл. Уый у психологи, балц кæныны, хъайтардзинад, рекламæ, культурæ, социалон хызæгты проблемæтæ æмæ æндæртæ. Мах  уазæгимæ ныхас кæнын арæх трансляци кæнæм Instagram-ы комкоммæ эфиры, уымæн æмæ эфиртæм стыр цымыдисдзинад ис Хуссар Ирыстонæй рацæуæггæгтæн. Махæн уый, кæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгон у»

Цхуырбаты Алан, радиойы къухдариуæггæнæг: «Радиойы эфиры уый фыццаг программæ нæу ирон æвзагыл, фæлæ йæм тынг æнхъæлмæ кастыстæм. Махæн ис кадрты  цухдзинад, кæцытæн сæ бон кусын у ирон æвзагыл комкоммæ эфиры. Хуссарирыстойнаг радиойы алыхатт дæр куыстой ахæм гоймæгтæ, кæцыты онг мах нырма рæзын хъæуы. Нæ йæ зонын, зæгъæн ис, мах кæй схъомыл кодтам кадртæ, фæлæ дыууæ Аннæйы, Къуылыхты æмæ Гасситы чызджытæ, рацыдысты мах проект «Стъалыты ферттывд». Махæн тынг æхсызгон у, ахæм  диссаджы фæсивæд кæй ссис нæ командæйы иу хай. Мах ныфс ис, æвзонг амонджытæн сæ бон кæй суыдзæн аудитори рауæрæх кæнын æмæ нæм фылдæр фæсивæд  кæй хъусдзæн».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.