Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фæуазæг Адæмты Хæлардзинады орденджын Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон академион кафты ансамбль «Алан»-ы концертмæ, кæцы уагъд æрцыд горæт Цхинвалы паддзахадон киноконцертон зал «Чермен»-ы.

Хуссар Ирыстоны æппæт адæмы номæй паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта зынгæ коллективæн йæ 80 азы юбилейы цытæн æмæ бузныджы ныхæстæ загъта бæрзонд æмвæзады кафты аивад кæй равдыстой, уый тыххæй.

«Алани нын дидин æфтауадзæн, цалынмæ махæн, ирæттæн ис национ кафт, национ музыкæ æмæ культурæ. Уадз æмæ бирæ мин азты хъуыса нæ зарæг, æххæст цæуа нæ кафт. Уадз æмæ нæ кæстæр фæлтæр алыхатт дæр аккагæй æмæ афтæ курдиатджынæй æвдисæнт нæ национ хореографи»,  –  загъта Президент.

Анасмблы аивадон къухдариуæггæнæг Тедеты Русланы Президент схор-зæхджын кодта «Республикæ Хуссар Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæджы» кадджын номæй. Республикæ Хуссар Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæджы кадджын нæмттæ ма лæвæрд æрцыдысты ансамблы артисттæ Джиоты Эдитæ, Дзебысаты Заирæ, Тъотъоты Виктория, Мæргъиты Вадим æмæ Тедеты Тамазæн «хореографон æмæ музыкалон аивадмæ стыр хайбавæрд  æмæ бирæ азты дæргъы сфæлдыстадон архайды тыххæй».

Бибылты Анатоли ма йæ раныхасы банысан кодта, ансамбль «Алан»-ы аивадон къухдариуæггæнæг Тедеты Руслан бæрæг æмгъуыд кæй акуыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Галаты Барисы номыл кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд»- ы æмæ хорз фæд кæй ныууагъта.

Йæ рады, Тедеты Руслан бузныджы ныхæстæ загъта хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæгæн, йæ арæхстæн ын стыр аргъ кæй скодта, уый тыххæй. «Ансамбль «Алан»- ы фыццаг концерт юбилейон туры фæлгæтты мах равдыстам нæ хотæн æмæ не ‘фсымæртæн Цхинвалы. Бузныг уын, абон кæй æрбацыдыстут æмæ нын уæ къухæмдзæгъдæй нæ зæрдæтæ кæй барухс кодтат», – загъта Тедеты Руслан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.