26 июны ӕхсӕвы Боливийы ӕрхъавыдысты паддзахадон фӕфӕлдӕхт саразынмӕ ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ се ‘хсӕнад схӕццӕ. Бӕстӕйы разамынады ныхмӕ растадысты ӕфсӕддонты иу хай инӕлар Хуан Хосе Суньигайы сӕргълӕудӕй, кӕцыйы ӕрӕджы арвыстой отставкӕйы ӕмӕ уый фӕдыл не сразы разамынады рахӕсгӕ уынаффӕимӕ. Ӕфсӕддонтӕ уӕззау техникӕйыл баскъӕрдтой хицауады резиденцимӕ ӕмӕ йӕ ӕрхъавыдысты тыхӕй бацахсынмӕ.

Ахӕм тӕссаг ӕмӕ ӕндыгъд уавӕры фӕстиуӕгӕн бӕстӕйы президент Луис Арсе ӕрсидт ӕмбӕстӕгтӕм, цӕмӕй растой ӕмӕ мидӕггагон знӕгтӕй бахъахъхъӕной сӕ паддзахад. Ӕрсидт ноджы ӕфсӕддонты иннӕ хаймӕ дӕр, цӕмӕй ма баиу уой змӕнтджытимӕ.

Инӕлар Суньига дзырдта, зӕгъгӕ, тыхсы йӕ райгуырӕн бӕстӕйыл ӕмӕ йӕ фӕнды ныры президент Луис Арсейы аиуварс кӕнын ӕмӕ раздӕры президент Эво Моралесы ӕрцахсын. Банысан кӕнын хъӕуы уый, ӕмӕ 2019 азы Эво Моралес иуварс ӕрцыд президенты бынатӕй ӕфсӕддон паддзахадон фӕфӕлдӕхты фӕстиуӕгӕн. Уымӕй уӕлдай ма Суньига домдта, цӕмӕй ивд ӕрцӕуой министрты фылдӕр хай ӕмӕ ахӕстӕттӕй ссӕрибар кӕной, политикон хъуыддӕгты фӕдыл кӕй ӕрцахстой, уыдоны.

Президенты фӕндыд Суньигаимӕ фембӕлын ӕмӕ аныхас кӕнын, фӕлӕ йын нӕ бакоммӕ каст. Уавӕр ӕндыгъддӕр кодта, адӕмӕй уынгтӕ байдзаг сты, тӕссаг уыд туг ныккӕлынӕй ӕмӕ ӕвӕстиатӕй хъуыд исты мадзӕлттӕ райсын. Уымӕ гӕсгӕ Луис Арсе Хъахъхъӕнынады министрадӕн сны-сан кодта ног командӕгӕнӕг – Санчес Веласкесы  ӕмӕ уый уайтагъд бардзырд радта ӕфсӕддонтӕн, цӕмӕй сӕ казармӕтӕм ацӕуой. Ӕфсӕддонтӕ йӕ бамбӕрстой, кӕй сӕ фӕрӕдийын кодтой ӕмӕ рӕстӕгыл куы нӕ ‘рсабыр уой, уӕд сын ӕвзӕрдӕр уыдзӕн, ӕмӕ уайтагъд абадтысты сӕ транспорттыл ӕмӕ ацыдысты сӕ дислокацийы бынӕттӕм. Суньига йӕ куы бамбӕрста, йӕ растадӕн тых нал ис, уӕд уый дӕр танкыл абадт ӕмӕ ацыд президенты резиденцийы кӕртӕй. Фӕлӕ йӕ фӕстӕдӕр ӕрцахстой йӕ цӕдисӕмбал Хуан Сальвадоримӕ. Уый та уыд денджызон ӕфсӕддон тыхты командӕгӕнӕг. Дыууӕйыл дӕр бакодтой уго-ловон хъуыддӕгтӕ терроризмы статьямӕ гӕсгӕ.

Ӕнӕзакъонон паддзахадон фӕфӕлдӕхты ныхмӕ рацыдысты Уӕрӕсе, Куба, Перу, Венесуэлӕ, Мексикӕ, Колумби, Бразили ӕмӕ бирӕ ӕндӕр бӕстӕтӕ. Сергей Лавров телефонӕй фӕдзырдта йӕ коллегӕмӕ ӕмӕ йын бамбарын кодта, паддзахадон фӕфӕлдӕхт аразджыты ныхмӕ кӕй сты, Уӕрӕсе Боливийы кӕй нымайы йӕ стратегион портнерыл ӕмӕ сын баххуыс кӕнынмӕ дӕр цӕттӕ кӕй у сӕ хӕдбардзинад бахъахъхъӕныны тыххӕй.

Экспертты хъуыдымӕ гӕсгӕ, инӕлар Суньига ис АИШ-ы спецслужбӕты дӕлбар ӕмӕ йын йӕ архайд дӕр координаци кодтой уырдыгӕй. Ӕгӕрыстӕмӕй, Суньига ахуыр дӕр кодта АИШ-ы ӕмӕ стажировкӕ дӕр уым рацыд. Ацы паддзахадон фӕфӕлдӕхты аххосӕгты та бӕттынц литиимӕ, кӕцыйӕ хъӕздыг сты Боливийы зӕххытӕ. Ӕрӕджы Боливи ӕмӕ Уӕрӕсе бафыстой бадзырд карбонат литийы къахыны тыххæй сæудæджерадон промышленон комплекс саразыны тыххӕй, кӕцыйы аргъ ахызт 600 милуан долларӕй. Ӕдӕппӕт та Боливийы территорийыл ис дунейы литийы гуырахсты 24 проценты бӕрц ӕмӕ нымад у иууыл хъӕздыгдӕр бӕстӕйыл литийӕ. Банысан кӕнын хъӕуы, литий кӕй у экологон транспорттӕ аразыны ӕмӕ нырыккон бӕрзонд технологиты рæстæджы сӕйраг ӕрмӕг.

Ӕфсӕддон эксперт Александр Степанов куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй АИШ у сӕйраг змӕнтӕг Боливийы. Уымӕн ӕмӕ Боливи азӕй-азмӕ дард кӕны АИШ-ӕй ӕмӕ йын уыимӕ иумӕ ӕнгом ахастытӕ ис Уӕрӕсеимӕ. Ӕрӕджы Уӕрӕсе бадзырдта Боливийы разамынадимӕ ядерон медицинӕйы центр саразыны тыххӕй. Ацы центр уыдзӕн фыццаг ахӕм объект Латинаг Америкӕйы ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Боливи суыдзӕн ацы континенты онкологон рынчынтӕн хос кӕныны лидер. Уымӕй уӕлдай ма Боливийӕн ис ӕнгом ахастытӕ Китаимӕ дӕр. Китай егъау инвестицитӕ ӕвӕры Боливийы транспортон ӕмӕ энергетикон инфраструктурӕйы. Иу мӕйы размӕ ма Луис Арсе уыд Уӕрӕсейы кусӕгон балцы ӕмӕ фехъусын кодта, Боливи кӕй бадӕтта куырдиат БРИКС-мӕ бацӕуыны тыххӕй. Боливи хӕдбар политикӕ кӕй уадзы, уый нӕ цӕуы АИШ-ы зӕрдӕмӕ ӕмӕ сӕ фӕнды сӕхи «адӕймаг» сӕвӕрын ацы бӕстӕйы.

Раздӕры президент Эво Моралес йӕ рӕстӕджы райсын кодта закъон, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгтӕн ӕмӕ компанитӕн нал уыд Боливийӕ фӕсарӕнтӕм ӕнӕбафӕрсгӕйӕ ӕрдзон хъӕздыгдзинӕдтӕ ласыны бар. Ацы закъон иууыл тынгдӕр бандӕвта америкӕйаг компанитыл ӕмӕ 2019 азы сӕ спецслужбӕты ӕххуысӕй сарӕзтой паддзахадон фӕфӕлдӕхт. Моралесы бӕсты рӕстӕгмӕ президентӕй сӕвӕрдтой фашистон хъуыдытыл хӕст адӕймаг Жанин Аньесы. Фӕлӕ АИШ-ы бӕллиц нӕ сӕххӕст. Боливийы ӕмбӕстӕгтӕ тагъд рӕстӕджы бамбӕрстой, ӕддагон тыхтӕ сӕ кӕй спайда кодтой ӕмӕ Аньес кӕй у зианхӕссӕг политик. 2020 азы ӕвзӕрстыты адӕм сӕ хъӕлӕстӕ радтой Луис Арсейӕн ӕмӕ та Боливийы ныллӕууыд сабырдзинад. 2021 азы Аньесы ӕрцахстой, тугкалдмӕ кӕй сидт, уый тыххӕй, ӕмӕ абоны  онг дӕр бады ахӕстоны.

Экспертты хъуыдымӕ гӕсгӕ АИШ дарддӕр дӕр архайдзӕн Боливийы паддзахадон фӕфӕлдӕхт саразыныл. Ӕмӕ Боливи та АИШ-мӕ абаргӕйӕ, у ӕгӕр чысыл ӕмӕ ӕнӕбон паддзахад. Уӕрӕсе ӕмӕ Китай йӕ фарсмӕ куы нӕ балӕууой, уӕд ӕй ӕввахс рӕстӕджы сӕ къӕхты бын ныссӕддзысты америкӕйаг спецслужбӕтӕ. Уыцы хъуыддаг ӕмбары Боливийы разамынад дӕр ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй рӕхджы бахизой БРИКС-ы скондмӕ. Ныридӕгӕн Луис Арсе у популярон лидер ӕмӕ ӕппӕт интеграцион процесстӕ хъӕуы тагъд аразын. Кӕннод Боливийы дӕр разындзӕн фаг уӕйгӕнджытӕ ӕмӕ та АИШ-ы разӕй скӕндзысты сӕ паддзахады.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.