Куыд зонæм, афтæмæй ивгъуыд хуыцаубоны Донецк æмæ Луганскы адæмон республикæты паддзахадты сæргълæуджытæ равзарыны фæдыл уагъд æрцыд æвзæрстытæ. Централон æвзарæн къамистæ æвзæрстыты фæстиуджытæ банымайыны фæстæ  Донецкы лидер ссис Денис Пушилин æмæ Луганскы лидер та – Леонид Пасечник.

Ацы æвзæрстыты хайад райстой бирæ бæстæтæй хъусдарджытæ, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстонæй дæр. Донецкы горæт Донбассы Хуссар Ирыстонæй хъусдарджытæ уыдысты РХИ-йы Парламенты депутат Цоциты Игорь æмæ Президенты Администрацийы фыццаг хæдивæг Джуссойты Алан.

Уый фæдыл уыд информацион агентад «Спутник»-ы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Марияимæ радон брифинг. Брифингы хайад райста æвзæрстытæм хъусдарджытæй иу – Джуссойты Алан. Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Донбассы цæрджытæ хъыгзæрдæйæ мысынц сæ адæмон лидер Александр Захарченкойы, кæцы фæмард теракты фæстиуæгæн.

«Донбассмæ мах æрцыдыстæм 9 ноябры. Дыккаг бон нæ йæхимæ райста Донецкы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Наталья Никонова. Æмæ 11 ноябры та дунеон хъусдарджытимæ иумæ бæрæг кодтам æвзарæн фадгуытæ», – дзырдта Администрацийы минæвар.

Иумиагæй сисгæйæ, Луганскы республикæйы территорийыл байгом 360 æвзарæн фадыджы. Бæстæйы сæргълæууæджы æв-зæрстытимæ иумæ æмбæстæгтæ хъæлæс кодтой Адæмон æмбырды депутаттæ равзарыны фæдыл. Ацы цаумæ стыр хъусдард здæхт æрцыд – æвзарæн фадуыты хайад истой бирæнымæц журналисттæ. Уыимæ цæрджытæ  равдыстой бæрзонд активондзинад.

Джуссойты Аланы ныхæстæм гæсгæ европæйаг хъусдарджыты дисы æппæрста Донецк æмæ Луганскы æвзæрстыты рæстæджы бæрзонд организаци æмæ æдасдзинады æмвæзад. Ныфс бавæрдтой, сæ бæстæты ацы республикæты царды рæстдзинады тыххæй кæй радзурдзысты. Дæнцæгæн æрхаста Грецийæ хъусдарæджы ныхæстæ, зæгъгæ, Греци у демократийы бæстæ, фæлæ Донецк æмæ Луганскы æвзæрстытæ уымæн бар радтой, цæмæй дзура, ацы æвзонг республикæтæ æвзæрстытæ куыд сорганизаци кодтой, уый кæй ахызт демократийы барæнты сæрты.

«Донбассы адæм хъарм ахаст дарынц Хуссар Ирыстонæй уазджытæм. Нæ бæстæты ‘хсæн цы хæларадон ахастытæ, уыдон фидарæй фидардæр кæнынц. Мах азылдыстæм æмæ федтам, хæстон архайдтытæ цы бынæтты уыд, уыдон. Уыцы нывтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, адæймаджы æнкъард æнкъарæнтыл æфтыдтой. Донбассы адæмæн сæйраг у æрмæстдæр фидыдад æмæ сабырад. Мæнæн æхсызгон уыд иу хъуыддаг – адæм кæй сты фæллойуарзаг æмæ сын уымæн фадæттæ дæр кæй ис.  Уымæ гæсгæ не ‘мгуыстад дæр ацы бæстæимæ уыдзæн æнтыстджын», – банысан кодта Алан.

Джуссойты Алан ног бæрнон бынатмæ нысан кæй æрцыд, уый фæдыл нæ бахæлæг кодта йæ дарддæры куысты  плæнттæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ ноджы фылдæр кусдзæн бæстæйы мидæггагон политикæйыл. Парламентон æвзæрстытæ кæй æрæввахс кæнынц, уый ноджы бæрнондæр кæны Президенты Администрацийы куыст. Уымæ гæсгæ сæрмагонд хъусдард здæхт цæудзæн политикон процесстæм.

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.