16 июлæй 30 июлмæ Цхинвалы 2-æм астæуккаг скъолаты сывæллæтты кафджыты ансамбль «Кафт» уыд Болгарийы. Уыдон уым хайад райстой кафджыты 18 Æппæтадæмон конкурс-фестиваль «Розы обзора»-йы. Не ‘взонг артисттæ фестивалы сæххæст кодтой ирон кæфтытæ «Симд», «Хонгæ», «Лирикон кафт», «Абхазаг кафт» æмæ «Хъаматимæ кафт». Жюрийы уæнгтæм гæсгæ сæ номыртæ хуыздæр сæххæст кодтой цхинвайлаг æвзонг артисттæ æмæ «Адæмон кæфтыты» номинацийы бацахстой фыццаг бынат.

Не ‘взонг артисттæ Цхинвалмæ æрыздæхтысты 31 июлы. Уыдоныл 2-æм астæуккаг скъолайы кæрты фембæлд Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли. Уый ансамблы æнтысты тыххæй раарфæ кодта æвзонг артисттæн, сæ къухдариуæггæнæг æмæ хореографтæн – Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Четион Мая, Джиоты Къоста, Бестауты Ирмæ æмæ Кæркуысты Аленæн.

Уый фæстæ 2-æм астæуккаг скъолайы директор Ольга Михаилиди та йæхи рады раарфæ кодта президентæн сæ куырдиатмæ сын йæ хъус кæй æрдарта æмæ сын сæ ацыд æмæ æрцыды хæрдзтæ йæхимæ кæй райста, уый тыххæй.

Хореограф Джиоты Къоста та банысан кодта, зæгъгæ, – Стамбулы аэропорты ныл фембæлд туркаг ирон Цæрыкъаты Аднана æмæ нын баххуыс кодта бирæ хъуыддæгты. Болгаримæ дæр ацыд æмæ æрцыд немæ. Мах дзы не ‘ппæт дæр, зæгъгæ, баззадыстæм райгондæй.

«Куы здæхтыстæм, уæд ма сæ уæздан æмæ хъарм ахасты тыххæй стыр бузныджы ныхæстæ загътам болгайрæгтæн дæр.

Стыр бузныджы ныхæстæ ма дзурæм горæт Самарайы Культурæйы институты кафедрæйы сæргълæууæг Хуссар Ирыстоны Культурæйы сгуыхт архайæг Алексей ацы конкурс-фестивалмæ нæ кæй фæхуыдта уый тыххæй», – загъта Джиойы фырт.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.