2008 азы августы 8-æм бон ирон адæмы ныхмæ Гуырдзыстон цы геноцид райдыдта, уымæй  рацыд 16 азы, фæлæ рæстæджы æмгъуыд не’ндавы нæ хъуыдыкæнынадыл. Уыцы бонты æрцæугæ цаутæ сау тæлмæй баззадысты нæ мысынады, Ирыстоны ног историйы та фыст æрцыдысты тугæйдзаг рæнхъытæй.

Фынæй горæтæй «Сыгъдæг быдыр» аразынмæ чи æрхъавыд, уыцы, хъомысджын хæцæнгарзæй ифтонг, фашистон æфсады ныхмæ Ирыстоны лæппутæн сæ арм уыд афтид. Кæд сæ бон нæ уыд хæцæнгарзæй аккаг ныхкъуырд радтын, уæддæр бирæтæ сæ царды аргъæй ирвæзын кодтой не ‘мбæстæгты.

Бибылты чысыл хур Ланæйыл уæд фондз азы йедтæмæ нæ цыд. Августы мæйы фыццаг бонты æрцыд Цхинвалмæ йæ нанамæ сæрдыгон улæфтыты. Фæлæ бахауд хæсты цæхæры…

Сыгъд Хуссар Ирыстон…Нал уыд горæтæй æдтæмæ ахизыны уавæртæ, чи ма-иу афæлвæрдта, уыдон та-иу бахаудысты горæтæй ахизæнты гуырдзыйы тугмондаг лæгсырдты хъæлæсы æмæ-иу ссардтой сæ адзал. Ланæ æмæ йæ нана цалдæр æхсæвы сæхи бааууон кодтой ныккæнды æхстытæй.  8-æм августы райсомæй æхстытæ иучысыл  куы фæсабыр сты, уæд атагъд кодтой автостанцмæ. Нæ зыдтой, горæт цы уавæры уыд, Октябры уынджы уæллаг кæронмæ куы сæввахс сты, уæд та сытынг сты æхстытæ, æмæ сын нал уыд дарддæр ацæуыны фадат, цы ма фæуыдаиккой, уый нал зыдтой. Æввахс хæдзары цæрæг Хъуылымбегты чызг фехъуыста сывæллоны кæуын æмæ сæм рахызт, кæд йæхи удæн дæр тæссаг уыд, уæддæр. Бакодта сæ мидæмæ æмæ бамбæхстысты ныккæнды.

Ефименко Сашæ уыд, нæ горæты лæппутæ цы бархионты штабтæ сарæзтой, уыдонæй сæ иуы. Августы раззаг бонты уавæр æндыгъдæй-æндыгъддæр кодта, бæлвырд уыд, куыддарддæр уавæр карздæр кæй уыдзæнис æмæ 6-æм августы Сашæ йе ‘ртæ сывæллоны сæ мадимæ арвыста Цæгат Ирыстонмæ.  Йæхæдæг та уыцы æхсæв бахсæвиуат кодта штабы. «Дыккаг бон абæрæг кодтон мæ хæдзар. Афтæ мæм каст æввахс рæстæджы ардæм нал æрæфтдзынæн. Мæ миддунейы мæ фидарæй уырныдта, хæст кæй уыдзæн!», – загъта Сашæ.

Ахæм хъуыдытимæ бафснайдта документтæ, хæдзары мигæнæнтæй цыдæртæ æмæ аздæхт штабмæ.  Куыд æрвылизæр, афтæ та 7-æм августы дæр  лæппутæ штабмæ æрæмбырд сты, байхъуыстой Гуырдзыстоны мæнгард къухдариуæггæнæг Саакашвили телеуынынады куыд хъавыд ирон адæмæн йæ «æфсымæрон ахаст» бауырнын кæнынмæ. Кæд фæлывд президенты ныхæстæ уадиссаг никæйы бауырныдтой, уæддæр фæллад æмæ цалдæр æхсæвы æгъуыссæг лæппутæй бирæтæ æрулæфыдысты. Сашæ дæр ацыд хæдзармæ. Куыддæр йæ сæр хуыссæныл æрæвæрдта, афтæ йын йæ фæллад уæнгтæ хуыссæг алхъывта æмæ тарффынæй ацис. «Цас бафынæй дæн, нæ зонын, фæлæ райхъал дæн тыхджын срæмыгъдтыты хъæлæбайæ. Цы æмбарын ма мын хъуыд, Гуырдзыстоны фæлывд президент сайдæй кæй разылд æмæ цæмæй тарстыстæм, уый нæ кæй баййæфта», –  мысыд Сашæ.

Уайтагъд йæхи арæвдз кодта, йе уæхскыл йæ автомат баппæрста, вазæйы ма цы æртæ къаффетты уыд, уыдон цыма кæмæндæр хаста, уыйау сæм фездæхт æмæ араст штабы ‘рдæм. Фæлæ ма куыд? Гуырдзыстоны тугмондаг хæстонтæ тыхджын æхсæн æрмæджытæй горæтыл æхстой ихуарæгау. Алырдыгæй пиллон арт ссыд Цхинвалыл. Нæ фæтарст фæлтæрд æмæ ныфсджын лæппу  æмбæрста, размæ цæуа æви фæстæмæ – уавæр уæддæр иу у æмæ тындзыдта размæ, йæ хæстон æмбæлттæм. Хæдзæртты аууæтты æмбæхсгæ-æмбæхсгæ куыддæртæй схæццæ ис Рукъы уынгмæ. Йемæ ма æрбамбал сты цалдæр нæлгоймаджы. «Махæй ничи зыдта, горæт цы уавæры ис. Нæдæр нæм мобилон бастдзинад уыд, нæдæр мигæнæнтæ. Уæдмæ Тъбеты хъæуы ‘рдыгæй горæтмæ  æрбацæуæнæй райхъуыст танкты хъæлæба æмæ сæ уæлвæд – тыхджын срæмыгъдтытæ. Фæстæдæр куыд базыдтон, афтæмæй Гуырдзыйы танк фехста, йæ размæ чи фæцис, уыцы машинæйы адæмæй йедзагæй æмæ сæ ныццагъта…».

Тыхамæлттæй схæццæ сты Мыхуыры хæдзары онг, хæдзæртты аууæтты ахызтысты Октябры уынджы ‘рдæм æмæ уырдыгæй сæ фæнд уыд профцæдисты хæдзармæ. Иумæ ахизын сын тынг тæссаг уыд, знаджы милмæ æхсджытæ сæ куы рахатыдаиккой, уымæй æмæ хъуызыдысты иугай. Сашæ уыд фæстаг. Фæлæ уæдмæ вокзалы ‘рдыгæй æрбазынд знаджы танк. Сашæ йæ ныфс нал рахаста  алидзын æмæ æрæмбæхст, цы хæдзары раз уыд, уый кæрты. «Ахизын мын кæй нал бантыст, уый, æвæццæгæн, чысыл Ланæйы амондæн уыд, стæй-ма мæхæдæг дæр, гæнæн уыдис, æмæ бахаудаин фыдбылызы тæккæ астæу», – загъта Сашæ. Цалдæр минуты фæстæ хæрзæввахсæй райхъуыст тыхджын сæрмыгъдтытæ. Куы акастæн, уæд федтон, гуырдзыйы танк спырхчындæуыд профцæдисты хæдзары раз. Танк хæрдмæ фæхаудта хайгай æмæ дзы иу егъау схъис цæхæркалгæ æрхаудта мæ тæккæ раз. Фæлæ уый афтæ тæссаг нæ уыдис, куы ахъуызыдаин ме ‘мбæлтты фæстæ, уæд мæ æрæййæфтаид æмæ дæ балгъитæг афтæ.  Уалынмæ арæхстгай æрбайгом ис ныккæнды дуар æмæ дзы рахызтис ацæргæ сылгоймаг. Æз æй дисгъуызæй афарстон, куыд ма баззадис уым ацы фыдрæстæджы. Сылгоймаг мын тыхст æмæ тасæмхæццæ зырзыргæнаг хъæлæсæй бамбарын кодта, ныккæнды ма æнахъом саби дæр кæй ис». Сашæ ныллыгъд ныккæндмæ æмæ федта, фондз азы кæуыл цыдаид, ахæм чысыл чызджы талынджы йæ нанайы хъæбысы бадгæ.

«Саби мæм йæ æнæхин, тасы æмæ æххуысдомаг цæстытæй куы æрбакастис, уæд ныккæрзыдта мæ зæрдæ, уыд растдæр мæхи чызджы карæн. Æнæзонгæ сабийы раз банкъардтон ныййарæджы бæрндзинад æмæ загътон – чи фæнды ма уа, мæ цард ын нывонд кæнын!» – дзырдта Сашæ.

Сывæллонмæ æнæдзургæйæ радта, вазæйæ цы æртæ къаффетты рахаста, уыдон, сылгоймæгтæн та бамбарын кодта, уавæр тынг тæссаг кæй у æмæ уал бадой ныккæнды. Йæхæдæг фæстæмæ рахызт æддæмæ. Куы æрталынг ис, уæд сæ ракодта æмæ араст сты Октябры уынджы иннæ кæронмæ, сæ хæстæджытæм. Æртæ æнахъом хъæбулы фыд, хъуыды дæр нæ акодта, афтæмæй йæхимæ райста æртæ адæймаджы цард ба-хъахъхъæныны хæс. Æбæлвырд уыд, сæ нысангонд бынатмæ удæгасæй ныххæццæ уыдаиккой, æви нæ.

 

«Æрмæстдæр Ланæйы цард бахъахъхъæныны йедтæмæ ницæуыл мæт кодтон. Зыдтон æй, разæй кæй ис тынг тæссаг фæндаг, фæлæ мæм афтæ каст, цыма чысыл саби мæ буармæ æввахсдæр куы уа, уæд ын æппындæр ницæмæй тас у. Æрбатыхтон æй мæ курткæйы æмæ йæ нылхъывтон мæ риумæ. Сылгоймæгтæн та загътон, цæмæй мæ фæдыл лидзой, сæ бон куыд у, афтæ».

Алы ‘рдыгæй знаджы танктæ æмæ æфсæддонтæ дыууæрдæм кодтой. Сашæ йе ‘мбæлццæттимæ цалдæр хатты бахаудысты æхстыты бын æмæ-иу  лæппу сабийы, цъиуджын каркау, бамбæхста йæ риуы бын. Сæ сæрты æмæ сæ алвæрсты тахтысты мæлæтхæссæг нæмгуытæ, фæлæ хъæбатыр лæппу йæ хæстон фæлтæрддзинады æмæ Хуыцауы фæрцы, æрхæццæ кодта нысангонд бынатмæ сылгоймæгтæ æмæ сывæллоны. Фæстæдæр сын горæтæй ахизыны фадат дæр ссардта æмæ сæ афтæмæй фервæзын кодта.

«Рыст мæ зæрдæ, мæ уарзон Цхинвалы уынгты мын знæгтæ сæрибарæй кæй тезгъо кодтой, мæ сæрмæ та, сау халæттау, ратæх-батæх кодтой сæ хæдтæхджытæ. Сыгъдис мæ горæт, фæлæ цы уыд мæ бон», – зæгъы йæ мысинæгты Ефименко Сашæ. Уый ма æрымысыд, хайад кæм райста æмæ йæ удыл æнауæрдгæйæ тыхст адæмæн кæм баххуыс кодта, ахæм бирæ цаутæ. Уыцы бон йе ‘мгæрттæй дæр фæмард сты цалдæрæй. Сæ иу уыд Бибылты Алан. «10-æм августы мын Бибылты Сослан загъта, зæгъгæ, танкы мидæг ис Аланы мард, йæ сисынмæ йын йæ ныфс ничи хæссы. Раст зæгъгæйæ, уавæр тынг тæссаг уыд, фæлæ йын уым уадзæн дæр нал уыд, иуæй тæвд уыдис æмæ æвзæр кодта, аннæмæй та танкы фæстаг хай  нырма судзгæ кодта æмæ гæнæн уыд æгасæй куы ссыгъдаид.  Фервæзæн ын нал уыд, фæлæ йæ йæ сыджытмæ фæхæццæ кæнын хъуыд. Цалдæр лæппуйæ, æхстытæм нæкæсгæйæ, схызтыстæм судзгæ танкмæ æмæ йæ мидæгæй систам Аланы мард буар…».

Хуыгаты Милена

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.