Нæ республикæйы рагæй фæстæмæ уæвы, æвæгæсæг адæймæгтæ сæ царды бонтæ кæм æрвитынц, хи хæдзары хуызæн сын чи сси, ахæм бынат – медико-социалон центр. Уыдон райгонд сты, æрвылбон дæр сæм æмбæлон хъусдард чи здахы, зæрдиагæй сын чи лæггад кæны, сæ рæстæг зæрдæйы фæндиаг кæй фæрцы æрвитынц, уыцы персоналæй. Ацы улæфæн æмæ хосгæнæн уагдоны коллективæн 1999 азæй фæстæмæ арæхстджын разамынд кæны йæ куыстыл иузæрдион адæймаг Теблойты Чермен. Уый йæ кусджытæй домы, цæмæй æмбæлон хъусдард дарой, йæ царды бонтæ ам чи æрвиты, уыдонмæ.

Ныртæккæ паддзахадон бюджетон медико-социалон центры ис 25 адæймаджы. Сæ цæрæн хатæнтæ сты сыгъдæг æмæ хæрзæфснайд, зымæджы уазал бонты сæм вæййы хъарм. Æдзух пайда кæнынц куыд уазал, афтæ хъарм донæй.  Ис сын телевизормæ бакæсыны фадат. Æмбæлон у сæ хæлц дæр, бон сын хæрын кæнынц æртæ хатты.

Уагдоны цы 8 санитаркæйы ис, уыдон æнæзивæгæй æххæст кæнынц сæ  хæстæ. Цух не сты медицинон хотæй дæр – сты 5 æмæ сæ хъус дарынц рынчынты æнæниздзинадмæ. Медперсоналæн разамынд кæны йæ хъуыддаджы дæсны æмæ арæхстджын дохтыр Козаты Мадинæ, стæй йæ куыстыл æнувыд, хистæр медицинон хо Фардзиаты Оксанæ. Вæййы афтæ дæр, æмæ æвæгæсæг адæймæгтæй чидæр фæрынчын. Уæд æй æвæстиатæй бакæнынц рынчындонмæ, уым æй кæнæ схуыссын кæнынц, кæнæ та йын æмбæлон хостæ рафыссынц. Уый фæстæ йæ сæхимæ æрбакæнынц æмæ йын дарддæр хос кæнынц. Алы квартал дæр райсынц æмбæлон хостæ.

Уæлдæр куыд банысан кодтам, афтæмæй центры цæрджытæ цух ницæмæй сты, фæлæ сын уæддæр хицæн адæймæгтæ дæр бакæнынц сæ лæггады хай. Теблойы фырт куыд банысан кодта, афтæмæй сæм æрбацæуынц алыхуызон хæлцадон продукттимæ. Раппæлыд Къæбулты Æхсарæй, хæлцадон продукттæй сæм алы аз дæр йе ххуысы къух кæй фæдаргъ кæны, уый тыххæй. Хорз зæгъæн ис нæ горæты Шанхай æмæ Мамсырайы фырты уынгтæй цалдæр лæппуйæ, афтæ ма сæм ацы аз дыууæ хатты уыдысты 6-æм скъолайы ахуыргæнинæгтæ дæр. Арæх сæм фæзыны Уæрæсейы æфсады службæгæнæг сылгоймаг дæр æд хуынтæ. Украинæйы хæсты хайадисæг, ирон нæлгоймаг (хъыгагæн, йæ ном базонын мæ къухты нæ бафтыд) йæ сылгоймаджы ныффæдзæхста, цæмæй сæм бацæуа æмæ сын йæ лæггады хай бакæна, уый дæр ын æнæзивæгæй сæххæст кодта йæ куырдиат. Хорз зæгъын æмбæлы Цхинвалы районы Культурæйы управленийæ (йæ хистæр Гаглойты Ростислав), уыдон сæм алы аз дæр æнæхъæн коллективæй æрбацæуынц, фынг сын æрæвæрынц, уый фæстæ сæ бахъæлдзæг кæнынц хъазтизæрæй.

Уыдæттæ дзурæг сты ууыл æмæ æхсæнады æрдыгæй дæр æнæхъусдард кæй не сты.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.