Кæд нæ адæм фæстаг цалдæр азы бирæ зындзинæдтимæ иумæ размæ акодтой стыр æмæ ахсджиаг къахдзæфтæ, уæддæр нæ бирæтæй цасдæрбæрцæй айрох сты, æппæт дуне нæ æмæ хуыздæр цæмæй базыдта, уыцы æгъдæуттæ. Алы хатт æмæ сæ алчи нал феххæст кæны, куыд æмбæлы афтæ, хæс-сынц сæм, мæгуырауæрдæм сыл чи æндавы, ахæм ивындзинæдтæ. Бирæтæм, чизоны, ацы дзырдтæ раст нæ фæкæсой, фæлæ афтæ кæй у, уый тыххæй  æрхæсдзынæн цалдæр цæвиттоны.

Чидæртæ фæзæгъынц, зæгъгæ, гæнæн ис æмæ цины фынгыл æруадзæм чысыл цухдзинæдтæ, фæлæ, хъыджы фынджы домæнтæ хъуамæ æххæст цæуой, куыд æмбæлы, афтæ. Фæлæ ирон æгъдæуттæн ма хъуамæ уа уæлдæр-дæлдæры бынат.

Нæ фыдæлтæ кæд мæгуырдæр уыдысты, арæх æййæфтой хойрагцух, уæддæр сæ нæ фæндыд хæрдыл дзурын. Абон ыл бæргæ æз дæр куы нæ дзурин, фæлæ нæм зианмæ æрцæуджытæй бирæтæн сæйраг фынг кæй вæййы, уый бынтон раст нæу æмæ мæ ацы уацæй бафæндыд ахæмтæн сæ рæдыд бамбарын кæнын.

Арæх мын нæ фæвæййы фынгыл æрбадыны фадат, фæлæ куы æрбадын, уæд алы хатт дæр рахатын, кувæг рухс нæ, фæлæ зианджын бинонты Хуыцауæн дæр нæма бафæдзæхсы, афтæмæй иуæй-иутæ фынгмæ æвналын райдайынц хæлæфæй.

 Æз афтæ нæ зæгъын, æмæ ахæмтæ нæ зонынц, зианы фынгыл хи куыд дарын хъæуы уый, фæлæ цы зонынц, уымæй фынгмæ, хæринæгтæм сæ ахаст разыны тыхджындæр æмæ бонæй-бонмæ тайынц, рагæй фæстæмæ буц æмæ сæрыстыр кæмæй стæм, уыцы æгъдæуттæ.

Раст нæ кæнынц, æгъдæуттæ хорз чи зоны, афтæ-мæй æгъдаухалджытæм фæрсæрдæгæй чи фæкæсы æмæ сын, цы ми кæнут, чи нæ фæзæгъы, уыдон дæр.

Нæ хъуыды кæнын, зианы фынгтыл куывдтыты тых-хæй ныхас æрхауд æмæ бирæтæ ма банысан кæной, зæгъгæ, куывдтытæ æгæр бирæ æмæ дардыл кæнæм. Афтæ кæй у, уый не ‘ппæт дæр зонæм, фæлæ уыцы фæтк рараст кæнын куы бахъæуы, уæд фæзæгъæм, зæгъгæ, мæнæй цæмæн хъуамæ рацæуа…

Ацы фарстыл дзургæйæ ма банысан кæндзынæн уый, æмæ Цæгат Ирыстоны зианы фынгыл куывдтытæй иу вæййы, зæгъгæ, нæ зæронд мæрдтæ рухсаг уæд. Хуссар Ирыстоны та алы марды тыххæй дæр фæзæгъынц хицæн рухс. Афтæмæй сæ нымæц ахизы ссæдз рухсæй фылдæрмæ æмæ ма уал агуывзæ раафтид кæныны фæстæ адæймагæн цахæм хъуамæ уа йæ зондахаст?

Нæ хæрнæджы фынгтыл алыгъуызон бæрæгбонон хæринæгтæ фыццаг куы фæзындысты, уæд катай кодтам. Ныр уыдон систы æнæмæнгхъæуæг. О, фæлæ цас раст у, æмæ зианы кæндты рæстæджы фынгыл æвæрæм кæмæй-дæр æрбайсгæ хæринæгтæ.  Иу зианы рæстæджы кæмæдæрты уый бирæтæм раст нæ фæкаст, сæ хъуыды бамбарын кодтой зианджынæн, фæлæ сæм уый нæ байхъуыста, зæгъгæ, уарз-та сæ æмæ, уадз,  уой йæ рухскæнинæгтимæ.

Иннæ та уый, кæд æмæ кувæг фынгæй сыстад, уæд нал æмбæлы æмæ ма фынгыл исчи бада. Ахæм цаутæ дæр фенæн вæййы арæх. Кæд сын сæ алыварс фынгтæ сисынц, фынгæфснайджытæ сæм фенхъæлмæ кæсынц, уæддæр фæбадынц æмæ дæрдтыл, сæхæдæг дæр кæй нал фембарынц, ахæм ныхас фæкæнынц.

Раст нæу, зианы фынгыл, цалдæр рухсы фæстæ бирæтæ тамако кæй сдымынц, уый дæр.

Цалдæр ныхасы ма мæ зæгъын фæнды лæггадгæнджыты тыххæй дæр. Æмæ цæмæй мæ хъуыды фæбæлвырддæр уа, уый тыххæй мæ фæнды иу цæвиттон æрхæссын.

Цæгат Ирыстоны стырдæр хъæутæй иу у Ногир. Айразмæ ацы хъæуы йæ цардæй ахицæн, хæстæг мын чи баххæссыд, ахæм адæймаг. Зианмæ, стæй уый фæстæ стыр бонтæм дæр мын æнæацæугæ нæ уыд. Лæггадгæнджытæ, цуайнæгтимæ чи архайдта, рухскæнинæгтæ чи цæттæ кодта, уыдон æртæ, цыппар адæймагæй фылдæр никуы уыдысты. Æнхъæл уыдтæн, фæстæдæр ам дæр сæ фарсмæ бамбырд уыдзæнис бирæ адæм. Фæлæ афтæ нæ рауад. Хæринагаразджытæ сæ куыст кодтой, зианмæ чи æрбацыд, уыдон та хицæнæй, къордгæйттæй лæууыдысты.

Адæм æрбадтысты, лæггадгæнджытæ, райдианæй цы æмбæлд, уыдон фынгыл айуæрстой æмæ уый фæстæ сæхæдæг дæр рухс загътой. Махмæ та, зиан ацæргæ уа æви æвзонг – лæггадгæнджытæ фыццаг бакæнынц сæхи кой. Фыдызгъæл райдайынц лыстæг кæрдихтæй лыг кæнын. Ноджы сæ цуры уыйбæрц  адæм æрбамбырд вæййы, æмæ сын арæх цалдæр фынг дæр нал сфаг вæййы.

Мæ уацы кæрон ма мæ банысан кæнын фæнды, афтæ кæй хъуыды кæны алы ирон лæг дæр, фæлæ афтæ цæмæн кæнæм, уый у зын бамбарæн.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.