Æфсымæр æфсымæрæй у тыхджын æмæ цыфæнды уавæрты дæр кæрæдзийы фарсмæ æрбалæууынц. Ирон адæмы иу кæцыдæр хай сæ цард Нары хъæуы æрвыстой, царды уавæртæ та хæххон адæймагæн зæрдæйы фæндиаг кæм уыдысты, фæлæ уæддæр быхстой зындзинæдтæн. Рæстæджы цыдимæ хуыздæр цардагур цæрджытæй иу къорд афтыдысты æмæ æрцардысты Лабæйы, цалдæр мыггаджы та цæрæн бынатæн равзæрстой Хуссар Ирыстоны æмæ йыл ном сæвæрдтой – Цъунар. Æхсæнадон æмæ хисæрмагонд хæдзарадты сæ намысджын æмæ хæрзиуæгон архайдæй скад кодтой сæхицæн, сæ æдзухон фæллойæ дардтой сæ бинонты, сæ ирон æгъдау æмæ намысæй та кады бынаты уыдысты сыхаг адæмтæн. 1939 азы ирон адæмы уарзон фырт, гениалон поэт æмæ йæ адæмы сæрыл æвæллайгæ тохгæнæг Хетæгкаты Къостайы райгуырды 80 азы сæххæсты цытæн дыууæ хъæуæн дæр цытджын æгъдауæй лæвæрд æрцыд Хетæджы-фырты ном æмæ уæдæй фæстæмæ систы Къостайыхъæутæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, кæд сæ кæрæдзимæ дард сты, уæддæр сæ иутæ дæр æмæ иннæтæ дæр фæсаууонмæ хъусынц æмæ зонынц сæ кæрæдзийы æнтыстытæ, раппæлинаг фæстиуджытæ, уыимæ зындзинæдтæ дæр. Афтæ уыд 2008-æм азы августы хæсты рæстæджы дæр, уæд тынг тыхстысты Лабæ-Къостайыхъæуы цæрджытæ сæ хуссайраг Цъунар-Къостайыхъæуы тыхстдзинæдтыл æмæ сын бакодтой се ‘ххуысы хай хæлцадон продукттæй. Уыцы æххуысæй бузныгæй баззадысты хъæуы цæрджытæ æмæ сын фæсаууонмæ æрвыстой арфæйы ныхæстæ. Фæлæ уæддæр не ‘фсымæртæн сæ бæллиц уыд, цæмæй æввахсмæ базонгæ уыдаиккой сæ хуссайраг æфсымæртимæ, бауынаффæ кодтой æмæ сæ æрæджы фæхуыдтой сæхимæ. Ацы æх-сызгон цауыл цинимæ сæмбæлдысты Цъунары цæрджытæ æмæ хъæуы номæй абалц кодтой нæ республикæйы Ахуырады министрад æмæ районы адæмон ахуырады æххуысы фæрцы. Балцы хайадисджытæ уыдысты астæуккаг скъолайы директор Тыбылты Олег, нывгæнæн скъола-студийы директор, Хуссар Ирыстоны адæмон нывгæнæг Гæбæраты Барис, нæ республикæйы сгуыхт нывгæнæг Хуыбиаты Роберт æмæ нывгæнæг Зæгъойты Егнат, студийы курдиатджын нывгæнджытæ Тараты Иренæ, Аннæ, Тегкаты Радим, Саулохты Янæ, Хуыбиаты Аннæ, Иннæ æмæ Миленæ. Ацы æвзонг ахуырдзаутæ семæ ахастой сæ куыстытæй 100 нывы. Сæ балцы тыххæй Гæбæраты Барис афтæ радзырдта:

– Нæ фæндаг даргъ уыд, фæлæ бынтондæр нæ фæлмæцыдысты, се ‘нæзонгæ æфсымæртæ æмæ хотыл кæй æмбæлдзысты, уый сын цахæмдæр уæнгрогдзинад лæвæрдта. Афтæ дæр рауад, куыддæр ныххæццæ сты, афтæ сыл цины æнкъарæнтимæ сæмбæлдысты ирон диаспорæйы хистæр Хетæгкаты Олег, хъæууон администрацийы сæргълæууæг Хъæрджынты Арсен, скъолайы ахуыргæнджытæ, ахуыргæнинæгтæ æмæ хъæубæстæ. Ирон æгъдаумæ гæсгæ фысымтæ сæ уазджытыл сæмбæлдысты хъæлдзæг æмæ хорз зæрдæйы уаги-мæ, арфæтæ кодтой кæрæдзийæн, ацы фембæлд сæрæвæрæн куыд суа не ‘нусон уарзт æмæ хæлардзинадæн. Куыддæр скъолайы кæртмæ бахæццæ стæм, афтæ нæ куыстытæ равæрдтам æмæ сæм æхсызгонæй кастысты æрбацæуæг адæм, цины æнкъарæнтæй сæ цæсгом рухс кодта, ахæм зæрдæмæдзæугæ æмæ аивадон æгъдауæй æххæст куыстытæ куы уыдтой, уæд. Рав-дысты тематикæ уыд алыхуызон, райдайгæ нывгæнджытæ сæ куыстыты æвдыстой Къостайы сфæлдыстадæй алыхуызон нывтæ, Плиты Грисы «Авд цухъхъайы», Ос-бæгъатыр, Ирыстоны пейзаж æмæ æндæртæ. Скъолайæн ис йæхи музей æмæ не скъоладзауты нывтæй сæ зæрдæмæ иууыл тынгдæр чи фæцыд, уыдон сын балæвар кодтам. Немæ ныхас кæнгæйæ ныл зæрдейæ бацин кодта скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дзанайты Людмилæ. Дыууæ скъолайы ахуырдзаутæ дæр тынг аив радзырдтой Хетæгкаты Къостайы æм-дзæвгæтæ. Фæндырдзæгъдæг Къæбысты Сæрмæт йæ рæсугъд цæгъдтытæй барухс кодта адæмы зæрдæтæ æмæ йын кодтой зæрдиаг къухæмдзæгъд æмæ арфæтæ. Дарддæр сæ программæйы уыд æмæ фысымтæн фенын кодтой 10-11-æм æнусы арæзт Чырыстийы аргъуан. Йæ бынмæ бацыдысты, цы æмбæлд, уыцы æгъдау скодтой. Куыд радзырдтой, афтæмæй ахæм рæсугъд бынат уыд æрмæстдæр алантæн. Уазджытæ дæр сæхи рады радзырдтой Джеры Уастырджийы кувæндоны тыххæй.

Уый фæстæ сæ ахуыдтой Черкесскмæ æмæ сыл уым дæр сæмбæлдысты тынг хорз, бацин сыл кодтой зæрдейæ. Ам сыл фембæлд æмæ сæм йæ зæрдæйы хъарм ахаст равдыста не ‘мзæххон, Хелцуайы хъæуæй ацæуæг, дæсны кафæг Хуыгаты Эдик. Уымæй дарддæр ма федтой æмæ базонгæ сты æндæр фенддаг бынæттимæ дæр. Уæдмæ сæ цымыдисон балц фæци æмæ хæрзбон дзырдтой сæ фысымтæн, ахæм хъарм ахаст æмæ уазæгуарзондзинад сæм кæй равдыстой, уымæй сæ баззадысты бузныгæй. Фæлæ сæ нæ ферох ирон æгъдау, ныр та сæ буц фысымты адон  хъуамæ фæхоной æмæ равдисой сæ уазæгуарзондзинад.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.