Диссаг уыд нæ фыдæлтæ æнусæй фæстæмæ сæ цард кæм æрвыстой, сæ тухиаджы, фæлæ лæгдзинадæй, æхсардзинадæй, сæрыстырдзинадæй йедзаг чи уыд, уыцы хæхбæстæ. Ам, тызмæг, фылдæр хатт та æгъатыр æрдзы хъæбысы сæ цард арæзтой ирон адæм. Ирон лæджы сæйраг цардбарæн уыд рæстдзинад. Рæстдзинады охыл куырыхон хистæртæ сæ ных къуырдтой, рæдыд фæндагыл чи лæууыд, уыцы кæстæртæн, ам адæм сæ карз тæрхон хастой фыдгæнджытæн. Нæ фыдæлтæн нæ уыд фыст закъæттæ, цардысты фæлтæрæй фæлтæрмæ се ‘хсæн чи ‘рфидар сты, уыцы æнæфыст æгъдæуттæ æмæ закъæттæм гæсгæ.

Ирон æгъдæуттæ, ирон фарн тынгдæр кæм æрбынат кодтой, уыдон уыдысты, Ирыс­тоны бæрзонд хæхты хъæбысы цы кæмттæ ис, уыдоны. Иу ахæм хъæу нæй, кæ­цыдæр коммæ чи нæ хауы. Хъæу хъæуы фарсмæ, ком комы фарсмæ, афтæмæй сæ цæрджытæ сæхи, æрмæстдæр сæхи ныфсæй цардысты хæхты цъассыты.

Ирыстон цы кæмттыл дих кæны, уыдоны бæрзонддæртæй сæ иу у Брытъаты ком. Афтæ та æнæнхъæлæджы нæ хуыйны. Сæйраг хьæуыл нымад у, растдæр зæгъгæйæ та афтæ нымад уыдис Брытъаты хъæу ацы комы. Комбæстæ иу хъæуæй комбæстæ нæ вæййынц. Уый æддейæ ма йæм хæстæг хъæутæ уыдысты Фæзы Брытъат, Хусрутæ, Саумæсыг æмæ Тъæпæн хъæу. Фæлæ цалынмæ ацы комыл нæ ныхас райдайæм, уæдмæ уал базонæм, кæм ис æмæ йæм куыд цæуын хъæуы, уыдæттæ. Дæллаг Рукъы бынты цы фæндаг цæуы, ууыл куы ныллæууай, уæд дæ бахæццæ кæндзæн Згъуыбирмæ, уырдыгæй – хъæууатмæ, стæй фæхæрд кæндзынæ Ахуыбатмæ. Дæ алывæрсты кæсгæйæ дæ йæхимæ ‘лвасдзæн диссаджы алæмæттаг æрдз. Ардыгæй, Ахуыбатæй фæндаг кæны æртæ дихы: галиуæрдыгæй – Челиат, астæуæй – Едыс, æртæ Ерманы, æмæ рахизфарсæрдыгæй та Брытъат. Хæххон зын фæндаг, дæлбылмæ акæсгæйæ, фæлæ бынæй комы доны æнусон зарæг кæцæй хъуысы, уæлбылмæ скæсгæйæ бæрзонд хох тызмæгæй кæцæй кæсы, уый дæ бахондзæн фæзилæнмæ – ракæсæнмæ. Уынгæг хæхты астæуты цæугæйæ ацы ракæсæнмæ бафтгæйæ, дæ цæстыты раз уайтагъд  йæхи айтындздзæн уæрæх, райдзаст ком. Уый у Брытъаты ком. Дæ цæст ыл ахæсдзынæ, фæлæ уæлдæр цы хъæуты ранымадтам, уыдоны нал суындзынæ, Фæзы Брытъаты хъæуы ма цы цалдæр хæдзары ис, уыдон куынæ нымайæм, уæд. Уымæй дæр ма ацы уæзæгыл чи змæлы, уыдон дæр æдзухон цæрджытыл нымад не сты.  Сæрды бонты байгом кæнынц сæ хæдзæртты дуæрттæ æмæ сæ зымæджы къæсæрыл сæхгæнынц. Уæдæ ма куыд ис рахонæн комбæстæ ацы комæн! Ацы комбæстæ фæстæмæ комæй, æдзæрæг комæй зайы. Æмæ ма абон нæ бон цы у, уый – чи дзы змæлыд, чи дзы цардис, цæмæй сæрыстыр уыдысты, уыдæттæ æрымысын. Æмæ канд ацы комæй чи рацыд, уыдонæн нæ, фæлæ нæ адæмæн, нæ фæстагæттæн дæр.

Чысыл ком у Брытъаты ком, куыд базыдтам, афтæмæй дзы хъæутæ дæр бирæ нæ уыд, стæй сæ цæрджытæ дæр бирæ нæ цардис. Хæсты агъоммæ фæзы Брытъаты иу хæдзар цардис Саулохтæй, дыууæ – Дзукъатæй, дыууæ – Букуылтæй, иу – Тыбылтæй, иннæтæ уыдысты Слантæй. Хусруты цы иуæндæс хæдзары уыдис, уыдон иууылдæр уыдысты Слантæй. Слантæй уыдысты, Саумæсыджы цыппæрдæс хæдзары, æмæ ма Тъæпæн хъæуы цы цыппар хæдзары уыдис, уыдоны цæрджытæ дæр. Æдæппæт уыцы рæстæджы ацы комы цæрæг хæ­дзæртты бæрц уыдис 60-65 хæдзары. Хъæутæ кæрæдзимæ дард нæ уыдысты æмæ сæ  хæххон зын царды бонтæ æрвыстой кæрæдзийы ныфсæй, сæ цинтæ, сæ хъыгтæ дæр иу уыдысты.

Куыд Ирыстоны æндæр хæххон хъæуты цæрджытæ, афтæ Брытъаты цæрджытæ дæр цардысты зæххыгуыст æмæ фосдардæй. Хуымзæххытæ, уыгæрдæнтæ æмæ сæрвæттæ та хæххон лæгæн никуы фаг кодтой. Уыцы хъуыддаджы цыма Брытъаты хъæуы цæрджытæн сæ уавæр хуыздæр уыд, уыдис сын, сæ фос кæдæм аздахой, хос кæм æркæрдой, гутон кæм адарой, ахæм бынæттæ. Фæлæ сын сæ къух та нæ арæзта иу ахсджиаг хъуыддаг – фæндаг. Дыууæ æмриу хохы хъæбысты æддаг дунемæ фæндаг уыдонæн æнцон нæ уыд. Æддаг дунемæ, уæлдайдæр  та Цхинвалмæ рафтæн уыд стыр зынтæй, уæййæгтимæ та – ноджы зындæр. Фæлæ дзы адæм уæддæр цардысты, кæстæр дзы лæджы кармæ цыд, лæг та – зæронды кармæ.

Цард иу ран никуы лæууыд, æнæрынцойæ размæ цæуы, ногдзинæдтæ, ивындзинæдтæ йемæ хæсгæйæ. Дуг йæ ивындзинæдтæ хаста Брытъаты коммæ дæр. Уыдон уæлдай тынгдæр фæбæлвырд сты Советон хицауады æрбалæудæй. Фæлæ уал ацы комы цæрджытæ Советон хицауады фыццаг азты, бæлвырддæрæй та 1920 азы, Хуссар Ирыстоны æппæт цæрджытау, басыгъта гуырдзиаг меньшевикты азар. Фыддуг бирæ нæ ахаста – Брытъаты комы хъæуты цæрджытæ, кæд иууыл нæ, уæддæр фæстæмæ здæхын райдыдтой сæ сыгъд уæзгуытæм æмæ сæ цардæн ногæй бындур æвæрын райдыдтой. Афтæ та хъæутæ хъæугъуыз кодтой æмæ ног дуджы ивындзинæдтæ уыдонмæ дæр хæццæ кодтой: фæзынд сæм скъола, арæзтой коллективон хæдзарадтæ. Цард цадæггай размæ æггуырст, фæлæ адæмæн сæ рухс бæллицтæ сæ хъуыры фæбадтысты – райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Æмæ ацы комы цы лæппу-фæсивæд бахъомыл, уыдон дæр тугкалæн хæстмæ фæраст сты. Бирæтæ дзы нал æрыздæхтысты, чи дзы æрыздæхт, уыдонæй дæр бирæтæ – цæфтæй. Немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ хъæбатырæй чи тох кодта, уыдонæй сæ иу уыд Сланты Лентъо, инæлар-майор. Абон дæр дзы сæрыстыр сты Брытъаты комæй чи рацыд, уыдон æмæ æгас ирон адæм дæр.

Хæсты фæстæ азты та цард ногæй йæ гаччы бадын райдыдта, фæлæ, хъыгагæн, хæххон хъæутæм, уæлдайдæр та дæрддаг хъæутæм фаг хъусдард нæ уыдис, сæ цæрджыты социалон æмæ культурон фарстытæ, горæты цæрджытæм абаргæйæ рæстæгыл скъуыддзаг нæ цыдысты. Афтæмæй сæ домгæ та кодтой бирæ – уæззау уаргъæн сыл æвæрдтой стыр фиддонтæ, уыимæ ма сын бар нæ уыд бæрæгбæрцæй фылдæр хисæрмагонд фос дарын. Хъæууон фæллойгæнджытæм ахасты бирæ рæдыдтытæ кæй æруагъдæуыд, уый æркодта бирæ хъæуты цæрджыты нымæц зынгæ фæкъаддæр кæнынмæ, кæнæ та сæ бынтондæр федзæрæг кæнынмæ. Сæ хъысмæт афтæ рауад Брытъаты комы хъæутæн дæр – федзæрæг сты æмæ ма абон ардæм уазæджы сæраппонд чи æрбахауы, уыдонæн къухы æнгуылдзтæй фæамонынц, уым уыцы хъæу уыдис, уым та уыцы хъæу, зæгъгæ. Куыд ма загътам, афтæмæй ацы комы цæрдхуыз дарынц Фæзы Брытъаты ма цы цалдæр хæдзары ис, уыдон.

Рацæудзысты азтæ æмæ, хъыгагæн, ацы хæдзæртты дуæртты дæр сæхгæндзысты бынтондæр æмæ уæд æцæг ивгъуыд афоны дзурдзыстæм ацы комы цæрджыты тыххæй.

Брытъат æдзæрæг кæны, сафы йæ фæд, фæлæ нæ сæфы, ам чи хъомыл кодта, рæз дзы чи хаста, уыдоны фæд. Уыдон фæлыгъдысты алы рæттæм æмæ сæ цард кæнынц, даргъ уæрæхгæнгæйæ. Уырдыгæй, сæйраджыдæр, фæлыгъдысты Цхинвалмæ, Цæгат Ирыстоны Ногирмæ, Джызæлмæ, Комгæронмæ, Черменыхъæумæ æмæ æндæр рæттæм дæр.

Бирæ зындгонд адæймæгтæ рацыд ацы дзæнæттаг бынатæй. Бирæтæ дзы кæд ам нæ райгуырдысты, уæддæр сæ фыдæлты фарн кадимæ хастой æмæ хæссынц. Цæвиттон, æгас Ирыстоны йæ ном хъуыстгонд у кадæггæнæг Сланты Гахайæн. Аивады бæрзæндтæм схызтысты Цæгат Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист, Станиславскийы номыл паддзахадон премийы лауреат Сланты Къоста, зындгонд кафæг, Цæгат Ирыстоны адæмон артист Сланты Æхсарбег, зонадон къабазы архайæг Сланты Аким. Йæ фыдæлты уæзæг Брытъат чи хоны, уыдонæй бирæ ис, спортмæ æвзыгъд чи сты, ахæмтæ дæр. Уыдон сты Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт тренер, спорты мастер Сланты Витали, спорты мастертæ Сланты Аслан, Валодя, Сослан æмæ æндæртæ.

Æдзæрæг кæны Брытъаты ком, фæлæ йæ фарн цæры, ардыгæй æндæр æмæ æндæр рæттæм цардагур чи фæлыгъдысты, уыдоны, стæй сæ бирæ кæстæрты зæрдæты дæр.

БЕСТАУТЫ Валя

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.