Цалынмæ домæнтæ сæххæст кæной, уæдмæ иу суари дæр нæ райсдзысты
Сентябры райдианы Абхазы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Сергей Шамба фехъусын кодта, зӕгъгӕ, 1 сентябрӕй фӕстӕмӕ Уӕрӕсейы Федераци Абхазæн фӕкъаддӕр кодта йӕ финансон ӕххуыс социалон-экономикон программӕйы фӕлгӕтты. Уый фылдӕр бандавдзæн тыхон структурӕты кусджытæ, ахуыргӕнджытæ, дохтыртыл. Уымӕй уӕлдай ма дзырд цӕуы, электроэнерги дӕр коммерцион ӕргътӕй æлхæныныл. Нырыонг истой электроэнерги ӕрдӕг аргъыл. Шамба Уӕрӕсейы райсгӕ мадзӕлттӕ схуыдта «санкцитӕ». Фӕлӕ ахӕм формулировкӕ махмæ раст нæ кæсы.
Информацийы фӕдыл дыккаг къуыри парахат кӕнынц алыгъуызон дам-думтӕ, прогнозтӕ дӕттынц политологтӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм эксперттӕ.
Ахӕм хабар фехъусынмӕ хуымӕтӕг адӕм цӕттӕ нӕ уыдысты, уӕлдайдӕр та Абхазы цӕрджытӕ. Мӕскуы рагӕй дзуры йӕ абхазаг коллегӕтӕн, цӕмӕй ӕххӕст кӕной дыууӕварсон бадзырды пункттӕ. Фӕлӕ Абхазы разамынад уыцы ныхӕстӕ бирӕ азты дӕргъы ницӕмӕ дардта ӕмӕ сӕм афтӕ каст, ома та фӕдзурдзысты ӕмӕ ӕрсабыр уыдзысты. Уӕрӕсейӕ исынц энергоресурстӕ, хӕлц, финанстӕ, пенситӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм ӕххуыстӕ. Цӕуынц сӕм уӕрӕсейаг туристтӕ, сӕ дыргътӕ ӕмӕ халсӕрттӕ уӕй кӕнынц Уӕрӕсемӕ. Ӕмӕ афтӕмӕй Уӕрӕсейы фарсмӕ никуы ницы хъуыддаджы балӕууынц. Сахуыр сты ӕввонг цард кӕныныл.
Фарстайы ратæдзæнтæ
Сæвзӕргӕ уавӕрмӕ лӕмбынӕг куы ӕркӕсӕм, уӕд бӕрӕг у, Мӕскуы кӕй архайы уӕрӕсейаг-абхазаг бадзырды фӕлгӕтты. Бадзырды та комкоммӕ фыст ис, зӕгъгӕ, Абхаз йӕ хӕстӕ куы нӕ ӕххӕст кӕна, уӕд Уӕрӕсе йӕ финансон ӕххуыс сӕхгӕндзæн.
2022-2025 азты Абхазы социалон-экономикон райрӕзты паддзахадон программӕйы ис, Абхаз кæй нæ сӕххӕст кодта, ахæм пункттæ. Ацы программӕйы реализацийы рӕстӕджы Абхазӕн пайда цыдæриддæр уыдис, уыдон Уæрæсейы æрдыгæй иууылдӕр ӕххӕст ӕрцыдысты. Абхаз та йӕхирдыгӕй йӕ закъонӕвӕрынад хъуамӕ «сраст» кодтаид Уӕрӕсеимӕ, цӕмӕй интеграцион процесстӕ нывыл цыдаиккой. Зӕгъӕм, Уӕрӕсейы арбитражон тӕрхондӕтты тӕрхонтӕ хъуамӕ нымад цыдаиккой Абхазы дӕр, фӕсарӕйнаг инвестортӕн Абхазы территорийыл кусыны уавӕртӕ сарӕзтаиккой, фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгтӕн сӕхиуыл сфидар кӕныны бар радтаиккой коммерцион ӕнӕзмӕлгӕ фӕллӕйттӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Ӕппӕт проблемон фарстатӕ аиуварс кӕ-нынӕн сын рӕстӕг радтой 2024 азы 1 августмӕ, фӕлӕ куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй абхазаг коллегӕтӕ, ӕгӕрыстӕмӕй, уыцы домӕнтӕ сӕххӕст кӕнын нæ фæнд кодтой. Ныр цалынмӕ уыцы домӕнтӕ сӕххӕст кæной, уӕдмӕ Уӕрӕсейӕ нал райсдзысты ӕруромгӕ финансон фӕрӕзтӕ.
Ацы проблемӕ бынтон хуымӕтӕджы нӕ фӕзынд ӕмӕ Уӕрӕсе дӕр ахӕм къахдзӕф ӕнӕхъуаджы нӕ сарӕзта. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй Абхазы парламенты депутатты ‘хсæн ис ныгуылӕйнаг ӕнӕхицауадон коммерцион организациты минӕвӕрттӕ. Уыдон оппозициимӕ иумӕ хӕццӕ кӕнынц абхазаг ӕхсӕнады, Уӕрӕсейыл цъыф калынц, дыууӕ бӕстӕйы ‘хсӕн цы ӕнгом ахастытӕ ис, уыдоны ныхмӕ цӕуынц. Бынӕттон цӕрджытӕн ӕнӕуынон кӕнынц Уӕрӕсейы, ома уӕ мӕгуырау цард Уӕрӕсейы аххос у. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ саразынц митингтӕ, æмæ уырдæм рацӕуынц лозунгтимӕ – «Уӕрӕсе – колонизатор», «Абхаз сафы йӕ суверенитет» ӕмӕ ӕндӕр ахӕмтимӕ.
Ӕрӕджы Гуырдзыстонау хъуамӕ райстаиккой «иноагентты» закъон, цӕмӕй раргом уыдаиккой ныгыуылӕйнаг бӕстӕты зианхӕссӕг организацитӕ. Фӕлӕ оппозици уыйонг бакодта ӕмӕ йӕ нӕ ауагътой парламенты. Оппозици ма «ӕрӕхгӕдта» фӕсарӕйнаг инвесторты фӕдыл закъӕттӕ дӕр. Фарон Абхазы хъуамӕ сарӕзтаиккой курортон апартаменттӕ, фӕлӕ оппозици гӕды ныхӕстӕй растын кодта бынӕттон цӕрджыты ӕмӕ нӕ бауагътой ӕмбӕлон закъон райсын. Тынг ма къуылымпы кӕнынц Очамчиры ӕфсӕддон порты реконструкцийы арӕзтад дӕр, Сухумы аэропорты арӕзтад та нырма дӕр нӕ райдыдта сӕ аххосӕй. Комкоммӕ зӕгъгӕйæ, абхазаг оппозицийы архайды фӕстиуӕгӕн дыууӕ бӕстӕйы ‘хсӕн социалон-экономикон райрӕзты программӕ йӕ функцитӕ нал ӕххӕст кӕны.
Бӕлвырд куыд у, афтӕмӕй фӕстаг азты ныгуылӕн йӕ позицитӕ стыхджын кодта Абхазы ӕмӕ ныр ӕндавы ӕппӕт политикон процесстыл. Сабыргай сӕм уавӕр цӕуы дестабилизацимӕ. Ныгуылӕн спецслужбӕтӕ архайынц Абхазы ӕхсӕнад схӕццӕ кӕныныл, Уӕрӕсейы арӕнтыл ӕндыгъд уавӕр саразыныл. Августы мӕйы Абхазы президент Бжания кусӕгон балцы уыд Мӕскуыйы ӕмӕ фембӕлд Уӕрӕсейы хицауады вице-премьер Новакимӕ. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, проблемон фарстатӕ скъуыддзаг не ‘рцыдысты. Ныридӕгӕн Абхазы финансон-экономикон къабаз ис уӕззау уавӕры.
Ис ма ахӕм информаци дæр, зӕгъгӕ абхазаг оппозиционертӕн байсдзысты сӕ уӕрӕсейаг ӕмбӕстагдзинад. Шамба куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй Уӕрӕсейӕн ис знаджы цӕстӕй йæм чи кӕсы, уыцы гоймӕгтӕн се ‘мбӕстагдзинад ба-йсыны бар.
Абхазы разамынад бахаудта уӕйгӕн-джыты ахӕсты æмæ фӕсарӕйнаг спецслужбӕты ӕндӕвдады бын. Оппозицийы фӕндыл куы цӕуой, уӕд сӕхӕдӕг дӕр сырд баййафдзысты ӕмӕ ма сӕ паддзахад дӕр ныппырх уыдзӕн. Политологты хъуыдымӕ гӕсгӕ фыццаг къахдзӕф хъуамӕ райдайой иноагентты тыххæй закъон райсынӕй. Ахӕм закъон сӕм йӕ тыхы куы нӕ бацӕуа, уӕд сӕ паддзахадӕн рухс фидӕн никуы уыдзӕн.
Абхазы уавӕрмӕ хуымӕтӕг цӕстӕй куы ӕркӕсӕм, уӕд дзы фенӕн ис хинӕйдзаг системӕ. Зӕгъӕм, абхазаг ӕмбӕстагӕн Уӕрӕсейы территорийыл ис алы бартӕ дӕр, фӕлӕ уӕрӕсейагӕн та Абхазы – бынтондӕр ницы бартӕ. Абхазӕгтӕн Уӕрӕсейы сӕ бон у балхӕнын алцыдӕр ӕмӕ йӕ сӕхиуыл сфидар кӕнын – зӕхх, хӕдзар, коммерцион бӕстыхай, бизнес ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Уӕрӕсейаг æмбӕстӕгтӕн Абхазы бынтондӕр ницы бартӕ ис –исчи сæ уым исты бизнес куы бакӕны, уӕд бынӕттон бандитон къордтӕ афтӕ саразынц, ӕмӕ ныууадзы йӕ бизнес. Арӕх дзы ӕрцӕуы уӕрӕсейаг амалиуӕггӕнджыты амарыны цаутӕ дӕр. Уыцы криминалон къордты фыдракӕндтæ «нæуынæг» сæхи скæнынц тыхон структурӕтӕ ӕмӕ бынӕттон хицауад.
Кæй фæрцы уæвынад кæны Абхаз?
Фӕстаг фынддӕс азы Уӕрӕсе Абхазӕн арвыста ӕрмӕст финансон ӕххуыс 110 миллиард сомы бӕрц. Уыдонӕй 30 уыдысты инвестицитӕ. Бынӕттон цӕрджытыл ӕй куы адих кӕнӕм ацы суммӕ, уӕд дзы алкӕмӕдӕр ӕрхаудзӕн фӕйнӕ 500 мин сомы. Ӕмӕ Уӕрӕсе ахӕм ӕххуыс кӕны Абхазӕн 90-ӕм азтӕй фӕстӕмӕ.
Абхазы ныридӕгӕн цӕры 245 мин адӕймаджы бӕрц. Куыстуӕттӕ сӕм хӕрзцъус ис, бынӕттон цӕрджыты фылдӕр хай сты гӕвзыкк. Сӕ товарты ӕрзылды 80% баст у Уӕрӕсеимӕ. Бирӕ азты дӕргъы сын Уӕрӕсе электроэнерги дӕтта ӕнӕаргъӕй. Иумæйагӕй сисгӕйӕ, 90-ӕм азтӕй фӕстӕмӕ Уӕрӕсе Абхазыл бахардз кодта егъау финансон ресурстӕ ӕмӕ ма сын хъахъхъӕдта се ‘дасдзинад дӕр. Цыдӕриддӕр сӕм арӕзт ӕрцыд, уыдон иууылдӕр Уӕрӕсейы фӕрцы сты. Абхазӕй та Уӕрӕсе иу сом дӕр нӕ зоны. Ӕрмӕстдӕр сӕ хъусы антиуӕрӕсейаг риторикӕ.
Паддзахадон Думæйы депутат Константин Затулины хъуыдымӕ гӕсгӕ, Абхазы ӕхсӕнады фылдӕр хай сты Уӕрӕсейы ‘рдӕм.
«Ис дзы дзӕвгар къордтӕ, кӕцыты схонӕн ис «абхазаг элитӕ». Растдӕр уыдон баст сты фӕсарӕйнаг НКО-тимӕ ӕмӕ ӕхсӕнады хӕццӕ кӕнынц. Уыдон гӕды ныхӕстӕ парахат кӕнынц адӕмы ‘хсӕн, ома уын Уӕрӕсе ӕвзӕр аразы, сайы уӕ, уӕ суверенитет уын исынмӕ хъавы. Хуымӕтӕг цӕрджытӕ та йӕ ӕмбарынц, инвестицитӕ сын пайда кӕй сты, ӕнӕ уӕрӕсейаг ӕхцатӕй сын фидӕн кӕй нӕ уыдзӕн».
Цы уыдзæн дарддæр?
2025 азы Абхазы уыдзысты президентон ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ дзы уæдмæ цахӕм политикон уавӕр уыдзӕн, уый бӕрӕг нӕу. Ныгуылӕны спецслужбӕты фӕнды сӕ НКО-ты ӕххуысӕй Абхазы мидӕггагон хӕст расидын ӕмӕ сын куы бантыса, уӕд Абхаз куыд паддзахад, афтӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ уӕвынад дӕр мауал кӕна. Криминогегон уавӕр сӕм ӕгӕр карз кӕй у, уымӕ гӕсгӕ бӕстӕйы разамынад ӕгӕр лӕмӕгъ сты, сӕ бон элементарон фӕтк ӕрӕвӕрын дӕр нӕу. Уӕрӕсейы фӕндыд баххуыс кӕнын ӕмӕ сӕм бахатыд, цӕмӕй дыууӕ бӕстӕйы барадхъахъхъӕнӕг органтӕ бафыссой бадзырд ӕмгуыстады фӕдыл ӕмӕ бахъуыды рӕстӕджы кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕной. Фӕлӕ абхазаг коллегӕтӕ не сразы сты, ома нӕхимӕ ис фаг тыхтӕ ӕмбӕлон фӕтк ӕрӕвӕрынӕн.
Нырма бӕрӕг нӕу абхазаг разамынады дарддӕры архайд. Уӕрӕсе фидарӕй загъта, зӕгъгӕ, кусдзыстӕм ӕрмӕстдӕр бафысгӕ бадзырды фӕлгӕтты. Абхазы цӕрджытӕ куы стыхсой, сӕ ра-замынады ныхмӕ ӕргомӕй цӕуын куы райдайой, уӕд та сӕ разамынад фӕндӕгтӕ агурын райдайдзæн Мӕскуымӕ. Абхазӕн ныры дуджы ӕнӕ Уӕрӕсе уӕвӕн нӕй. Кӕд ӕмӕ сæ исчи Турк нын баххуыс кӕндзӕн, зæгъгæ, хъуыды кæны, уæд дзæгъæлы. Туркӕн ӕнӕ Абхаз дӕр йӕ проблемӕтӕ дзӕвгар сты ӕмӕ 200 мин адӕймаджы тыххӕй Уӕрӕсейы хуызӕн хъомысджын паддзахадимӕ йӕ ахастытӕ нӕ фехалдзӕн.
ДЖИОТЫ Алыксандр