Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университеты 2022-2023 ахуырадон азы сæйраг исæн кампани райдыдта 1-æм июлæй. Боны хайадмæ куырдиæттæ ист фесты 15 июлы, фæсаууоны хайадмæ та 20 июлы. Ныртæккæ фæуд кæнынц сæйраг исæн кампанийы бацæуæн фæлварæнтæ.

Боны хайадмæ куырдиæттæ балæвæрдтой 231 абитуриенты.

Абитуриенттæн сæ фылдæр хай бацыдысты ахæм дæсныйæдтæм, куыд: юриспруденци, сæудæджерадон æмæ æмбæстагон арæзтад, экономикæ æмæ куыстуаты управ-ленийы факультеттæ.

Фæсаууоны хайадмæ бюджетон æмæ коммерцион бындурыл сæ куырдиæттæ балæвæрдтой 533 абитуриенты.

Сæйраг исæн кампанийы рæстæджы æдæппæтæй сæ куырдиæттæ балæвæрдтой 764 абитуриенты.

Ныртæккæ райдыдта уæлæмхасæн исæн кампани куыд боны, афтæ фæсаууоны хайæдтæм. Боны хайадмæ куырдиæттæ бадæттæн ис ахæм факультеттæм: прикладон математика æмæ информатика; медицинон биохими; ирон æвзаг æмæ литературæ, уырыссаг æвзаг æмæ литературæ; æхсæнду-неон журналистикæ; райдиан ахуырады педагогикæ æмæ методикæ, скъолайы агъоммæйы ахуырад; истори. æхсæндунеон ахастыты истори; уырыссаг æвзаг æмæ литературæ. Афтæ ма фæсаууоны хайадмæ дæр физикон хъомылады факультетæй дард-дæр. Уæлæмхас истмæ куырдиæттæ ист цæудзысты ацы азы 15-æм августмæ æмæ уый фæстæ райдайдзысты уæлæмхасæн исæн кампанийы бацæуæн фæлварæнтæ.

Адæймагæн ахсджиаг у царды йæ сомбоны професси равзарын. Хъуамæ уарзай, цы дæсныйад равзæрстай, уый. Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университеты ис алыгъуызон дæсныйæдтæ æмæ æппæт уавæртæ уыцы иу кæнæ иннæ професси равзарынæн.

Уæлæмхасæн информаци базонæн ис ХИПУ-йы официалон сайты:www.xipu.ru/

 

ЦЫБЫРТЫ Анжелæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.