Фыццаг хатт Хуссар Ирыстонмæ дыу­уæ боны æмгъуыдмæ кусæгон балцы æрцыдис Уæрæсейы Федерацийы Æнæ­низ­дзинад хъахъхъæныны ми­нистр Ми­ха­­ил Аль­берты фырт Мурашко. Уый Цхин­­валмæ æр­цыдис РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъ­хъæныны министры фæ­хуын­дмæ гæсгæ.
15-æм сентябры уæрæсейаг делегацийыл хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг арæныл цытджын æгъдауæй сæмбæл­дысты нæ республикæйы Хицауады Сæрдары хæ­дивæг Джиоты Алан, РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны ми­нистр Джыгкайты Томас, Хуссар Ирыс­тоны Уæрæсейы Фе­дерацийы æххæст­барджын минæвар Ма­рат Кулахметов æмæ Дзауы районы адми­нис­трацийы сæргълæууæг Тыбылты Ван­дæ йæ хæ­див­джытимæ.
Цытджын уазджыты ирон æгъдаумæ гæсгæ æртæ уæливых æмæ дзаггарзимæ суазæг кодтой Ручъы рæсугъд комы, афтæ ма сын сæххæст кодтой цалдæр ирон зарæджы.

***

16-æм сентябры райсомæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаг­лойты Аланæн фембæлд уыдис Михаил Мурашкоимæ. Йæ раныхасы бæстæйы сæргъ­лæууæг банысан кодта Уæрæсейы Феде­рацийы иузæрдион æмæ æдзухон æххуыс Хуссар Ирыстонæн. Гаглойты Алан ма сæрмагондæй арфæ ракодта Михаил Мурашкойæн, Хуссар Ирыстоны II Æхсæ­надæмон медицинон конференцийы ха­йади­сæг кæй у, уый сæраппонд.
«Абон махæн нæ Республикон бирæп­рофилон центры Уæрæсейы Федерацийы æххуысы руаджы арæзт æрцыдысты æп­пæт уавæртæ дæр. Ис нын ацы къа­базы скъуыддзаггæнинаг фарстатæ дæр. Уырны мæ, сымах сæрмагондæй æп­пæтдæр куы фенат, уæд махæн фæуыдз­æн рæстæг, цæмæй сыл æруынаффæ кæнæм æмæ ссарæм иумæйаг æвзаг», – банысан кодта Гаглойты Алан. Уый ма Михаил Мурашкойы зæрдыл æрлæууын кодта, Хуссар Ирыстонæн медицинæйы къабазы специалист­тæ цæттæ кæныны хъуыддаджы дæр стыр æххуыс кæй у Уæрæсейы Федераци.
«Ацы хъуыддаджы дæр ис къорд фарс­­тайы, кæцытыл æнæмæнгдæр хъæ­уы æруынаффæ кæнын. Хуссар Ирыстон, стæй ирон адæм рагæй фæс­тæмæ дæр сты уазæгуарзаг æмæ дын ноджыдæр зæгъын æгас цу. Алыхатт дæр нын æх­сызгон у дæ фенд», – йæ ныхасы кæ­рон банысан кодта бæстæйы сæргъ­лæууæг.
Михаил Мурашко дæр йæ рады арфæ ракодта Президент Гаглойты Аланæн æмæ йын бузныг загъта, афтæ хорз æй кæй суазæг кодтой æмæ йыл зæрдиагæй кæй сæмбæлдысты Хуссар Ирыстоны зæххыл, уый тыххæй.

«Стыр бузныг, Алан Эдуарды фырт. Стыр æхсызгонæй сæмбæлдтæн, Хуссар Ирыстонмæ мæ кæй фæхуыдтат, уыцы хъуыддагыл. Абон ам цы конференци уы­дзæн, уым мемæ хайад райсдзысты Уæрæ­сейы размæдзыд медицинон уагдæтты хуыз­дæр специалисттæ – профессортæ, акаде­миктæ, афтæ ма уым хайад исынц æввахс регионты специалисттæ. Конференцийы архайынц æхсæрдæс федералон уагдоны специалисттæ, уыдон ма уымæй уæлдай басгардзысты, ныртæккæ хос чи кæны, уыцы пациентты дæр. Конференцийы фæс­тиуджытæм гæсгæ ма нæ фæндид æр­уынаффæ кæнын дарддæры райрæзты фарстытыл, афтæ ма нæ ныфс ис, дард­дæр дæр кæй æмгуыстад кæндзыстæм», – банысан кодта Михаил Мурашко.

***

Уæрæсейы Федерацийæ уазджытæ дард­дæр бабæрæг кодтой Республикон би­рæпрофилон медицинон центр. Семæ ма уыд Æнæниздзинад хъахъхъæныны ми­нистр Джыгкайты Томас. Уый сын равдыста рынчындоны медико-санитарон, сæрмагонд æмæ тех­нологон медицинон уавæртæ. Хирургион корпусы цы фадæттæ ис, цæмæй экстремалон цауты рæстæджы рынчынтæ æрвыст ма цæуой республикæйæн æддæмæ, дзыр­дтой уыцы фарстыл.


Уазджытæ бахызтысты палатæтæм дæр æмæ сæрмагондæй аныхас кодтой рын­чынтимæ. Фарстой сæ, куыд райгонд сты медицинон кусджыты лæггæдтæй æмæ сын медицинон препараттæ афоныл вæй­йы, æви нæ. Уазджытæ сæрмагондæй ба­цы­дысты алы хайадмæ дæр, М. Мурашкойы æххуысгæнæг фарстатæ лæвæрдта хайадты сæргълæуджытæм, цы медицинон иф­тонгадтæй цух сты, уыдон йæхимæ нысан кодта. Хайадты цы цухдзинæдтæ уыд, уыдон дæр бацамыдта æмæ лæм­бынæг байхъуыста дохтырты фæнди­æг­тæм.

Ахсджиаг конференци

Хуссар Ирыстоны къуырисæры байгом II-æм Æхсæнадæмон медицинон конференци «Практические аспекты развития здравоохранения», ахæм номи­мæ ­пад­дзахадон университеты конференц-залы. Конференцийы куысты хайад ра­йстой куыд нæ рес­публикæ, афтæ Уæрæсейы Фе­дераци, Аб­хазы республикæ, Прид­нес­тровье, Кæсæг-Балхъар, Краснодар æмæ Цæ­гат Ирыстон-Аланийы медицинон уаг­дæтты разамонджытæ æмæ минæ­вæрттæ.
Конференцийы райдиан уазджытæн уæ­рæх экраныл равдыстой Хуссар Ирыстоны медицинæ 2008-æм азы августы хæсты рæстæджы æмæ уый фæстæ республикæ куыд æндидзыдта, уыцы æрмæг.


Пленарон рабадты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан ба­йгом кодта конференци. Уый, сæйраджы­дæр, банысан кодта ацы медицинон кон­ференцийы ахсджиагдзинад.
«Нæ республикæ фыццаг хатт уадзы уæрæхмасштабон æхсæнадæмон конфе­ренци. Ацы конференци стыр ахъаз у æнæ­низдзинад хъахъхъæныны къабазы сæв­зæргæ ахсджиаг фарстатыл æруынаффæ кæнынæн. Афтæ æххуыс у, бæс­тæты медицинон кусджыты æмгуыстад сфи­дардæр кæнынæн æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйæн ног фа­дæттæ саразынæн. Медицинон кусджытæ дзы сæхицæн райсдзысты хъæуæг зонын­дзи­нæдтæ, уымæ гæсгæ æз стыр æхсызгонæй арфæ кæнын æппæт хайадисджы­тæн дæр Уæрæсейы Федерацийы Æнæниз­дзинад хъахъхъæныны министр Михаил Мурашкойы сæргълæудæй. Уадз, ацы конференци фидар бындур æрæвæрæд дарддæры æм­гуыстад æмæ бастдзи­нæд­тæн нæ бæс­тæты медицинæйы къабазы. Буз­ныг æп­пæт хайадисджытæн дæр, мæ зæрдæ уын зæгъы æнтыстджын куыст», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.
Ко­нференцийы хайадисджытæм арфæ­йы ныхæстимæ рахызт УФ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Михаил Му­рашко дæр. Уый банысан кодта, зæгъгæ, йын стыр æхсызгон у, Хуссар Ирыстоны кæй ис кусæгон балцы æмæ хайад кæй исы конференцийы.
«Зонын ирон адæмы тых æмæ истори. Ирон адæм нырма дæр хизынц зындзинæдты сæрты, уыимæ иумæ цæуынц сæ рагон бæллицмæ. Мах абон куыд федтам, афтæмæй горæт йæ хуыз скалдта, уыимæ медицинон уагдæттæ дæр бирæ фæхуыздæр сты, цæуынц ифтонг, фæлæ уыимæ иумæ абон медицинæ размæ цæуы æмæ йын ис ног домындзинæдтæ. Хуссар Ирыс­тоны адæм цы зындзинæдтæ бавзæрстой, уыдон ныууагътой æппæрццаг фæд æмæ уый фæстæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Хуссар Ирыстоны паддзахад æмæ Уæрæ­сейы Федерацийы сæйраг фарста у -æнæ­низ­дзинад хъахъхъæныны райрæзт æмæ цæрджыты æнæниздзинад сфидар кæ­нын», – банысан кодта уæрæсейаг министр.


Дарддæр æрдзырдта Советон дуджы æмæ ныры рæстæджы æнæниздзинад хъа­хъæныны сис­темæтыл. Ацы аз фыдыбæстæйон ме­дицинæйы бындурæвæрæг Николай Се­машкойыл 150 азы кæй æххæст кæны, уый цытæн октябры мæйы Мæскуыйы хъуамæ ауадзой III-æм Национ конгресс æмæ дзы хайад райсыны тыххæй фæхуыдта йæ коллегæты. Михаил Мурашко ма банысан кодта, коронавирусы пандемийы рæс­тæ­джы нысанмæздæхтæй куыд тох кодтой æмæ цавæр зындзинæдтæ æв­зæрс­той, ныр та цæф хæстонтæн медицинон æх­хуыс­тæ кæй кæнынц, уый.
Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъа­хъ­­­хъæныны министр Джыгкайты Томас ба­нысан кодта, зæгъгæ, ацы конференци у ахсджиаг æмæ фæахъаз уыдзæн медицинæйы къабазы æхсæнадæмон æмгуыстад сфи­дар кæнынæн.
Конференцийы ма раныхас кодтой Аб­хазы республикæйы Æнæниздзинад хъахъ­хъæныны министр Эдуард Бутба, Приднестроваг Молдаваг республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министры хæдивæг Лия Пионтковская æмæ Цæгат Ирыстон-Ала­нийы паддзахадон медицинон ака­де­мийы проректор А. Гурина. Гурина конференцийы бакаст Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы ректор Олег Ремизовы фыстæг. Ремизов стыр нысаниуæг дæтты конференцийæн.
Медицинон конференци уыцы бон адард­­дæр ис æндæр æмæ æндæр лек­ци­тæй æмæ тымбыл фынгæй æмæ уын уый тыххæй фехъусын кæндзыстæм нæ радон номыры.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.