Куыд зонæм, афтæмæй нæ республикæмæ кусæгон балцы æрцыд Абхазы республикæйы Сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын Мактина Джинджолия.
Хуссар Ирыстоны йæ коллегæ Джиоты Аэлитæимæ иумæ бабæрæг кодтой сывæллæтты уагдæттæ. Сæхи цæстæй федтой, сывæллæтты бартæ куыд хъахъхъæд цæуынц Хуссар Ирыстоны. Цы фæлтæрддзинад ис сæ дыууæмæ дæр, уый нæ бахæлæг кодтой кæрæдзийæн. Дарддæр куыд кусдзысты, цы ногдзинæдтæ хæсдзысты сæ куыстмæ, сывæллæтты рæсугъд фидæны сæраппонд, æрдзырдтой уыцы фарстатыл дæр.
Уымæй дарддæр ма дыууæ республикæйы омбудсментæ сæ къухтæ бафыстой кæрæдзи йы æмбарынад æмæ æмгуысткæнынады тыххæй меморандумыл.
Мактина Джинджолия стыр бузныг загъта Джиоты Аэлитæ æмæ æппæт ирон адæмæн, хъарм ахаст сын кæй ис абхазаг адæммæ, уый тыххæй. «Бирæ азты нæ адæмты ‘хсæн цы æфсымæрон ахастытæ ис, уыдон фæцудын ма хъуамæ бауадзæм. Ацы фарсты фæдыл æз мæ зæрдæ дарын абхазаг адæмыл. Сымах дæр иттæг хорз æмæ фæлмæн ахаст дарут Абхазы республикæмæ. Дарддæр дæр тæлм абадын ма бауадзæм уыцы хæлардзинадыл æмæ æмдзу кæнæм размæ, ногдзинæдтыл æнцойгæнгæ», – дзырдта Абхазы республикæйы президенты цур Сывæллæтты бартæ хъахъхъæныны фæдыл æххæстбарджын Мактина Джинджолия.
Уый ма хайад исдзæн Æхсæнадæмон медицинон конференцийы дæр.