Лæгыл 40 азы куы сæххæст вæййы, уæд ын йæ бинонтæ æмæ йæ хæлæрттæ банысан кæнынц йæ райгуырды бон. Æрымысынц ын йæ райгуырд, йæ сывæллоны бонтæ, 40 азы дæргъы йæ царды фæндаг.
Абон нæ уарзон газет «Хурзæрин»-ыл сæххæст 40 азы. Хуссар Ирыстоны фæллойгæнджыты царды уый у стыр бæрæгбон. 40 азы размæ райгуыргæ газет æмбис лæджы кары бацыд. Цæй, куынæ хъуамæ цин кæнæм, куынæ йын хъуамæ банысан кæнæм йæ царды фæндаг!
Цæмæй нæ юбиляры хуыздæр базонæм, бамбарæм ын йæ лæггæдтæ, уый тыххæй ын æрæмысын хъæуы йæ райгуырды бон, йæ фыццаг азтæ, 40 азы дæргъы цæй тыххæй æмæ куыд тох кодта, уый. Ацы хабæрттæ та нын газетæн йæхицæй хуыдæр ничи радзурдзæн.

Фæлдахæм газеты фæрстæ

1924 азы 1-æм январь, дыццæг. Ацы бон рацыд «Хурзæрин»-ы 1-аг номыр. Уыцы боны райгуырд æмæ дунемæ йæхи равдыста ирон газет «Хурзæрин».
«Хурзæрин»-ы тынты руаджы, – фыста газет йæ раззаг уацы, – куырмытæ хъуамæ феной æмæ бамбарой: талынг, æнæахуыр адæймаг ног царды цæрынæн нал бæззы».
Талынг æмæ мæгуыр уыдысты ирон адæм. Газет фыста, зæгъгæ, паддзахы хицæуттæ нæ хъуыды кодтой ирон адæмы цард фæхуыздæр кæныныл. Бынтон раууатмæ æрцыд Хуссар Ирыстон меньшевикты æлдариуæг кæныны азты.
Зынаргъ у райгуырæн бæстæ. Йæ райгуырæн бæстæйæ фырхъалæй ничи фæлидзы. Меньшевикты хицауад тох расидт сæрибаруарзаг Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ. Меньшевиктæ дур дурыл нал ныууагътой. Ирон хъæутæ басыгътой. Æнауæрдонæй мардтой зæрæдты, сывæллæтты, сылгоймæгты.
«Фæстæмæ æрыздæхгæйæ, ма дидинæджы хуызæн хъæутæй æрæййæфтой дуртæ æмæ æвзалытæ. Адæм бынтон смæгуыр æмæ сгæвзыкк сты. Нал ис фос, кусæнгарз, уæлæдарæс. Халсар æмæ хуычъыты йедтæмæ хæринаг ницыуал уыдис. Афтæмæй райдыдтой нæ адæм ног цард аразын», – фыста «Хурзæрин».
Советон хицауады агъоммæ Хуссар Ирыстон талынг хæдзарæй хъауджыдæр нæ уыд. «Хурзæрин» йæ зæрин тынтæй ныррухс кодта талынг ирон кæмттæ æмæ хъæуты, дзыллæтæн æмбарын кодта ног царды æгъдæуттæ, Октябры революци мæгуыр адæмæн цы хæрзиуджытæ æрхаста, уыдон. Советон хицауады сæвæрыны бонæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны фæллойгæнджыты царды фæдфæдыл цæуын райдыдтой стыр цины цаутæ.
Æнæахуыр адæймаг куырм у. «Хурзæрин»-ы фæрцы Хуссар Ирыстоны фæллойгæнджытæ арæзтой ног, рухс цард æмæ карз тох расидтысты зæронд æгъдæутты ныхмæ.
«Лехура стыр зылд у, – фыстой газетмæ, – цæры дзы 1071 хæдзары. Уымæй талынгдæр зылд нæй æгас Ирыстоны. Хорз хабар нæу, уым иунæг скъола дæр кæй нæма ис, уый».
Уыцы азты кæсын-фыссын чи зыдта, ахæм адæймæгты цырагъы рухсæй агуырдтой. Искæмæ-иу фыстæг куы æрцыд, уæд-иу æй кæсынмæ ахаста Квемо Чъаламæ. Уымæй æввахсдæр Лехурагоммæ скъола нæ уыд.
Абон Лехурагомы иу хъæу дæр нал баззад, скъола кæм нæй. Захъхъоры хъæуы ис астæуккаг скъола. Иууыл æхсызгондæр та адæймагæн уый у æмæ скъолаты ахуыргæнджытæ бындуронæй кæй сты бынæттон цæрджытæ, чысылæй уыцы скъолаты чи ахуыр кодтой, ахæмтæ.
Ахуыргæнæн чингуытæ нæ уыд. Газет «Хурзæрин» уыд, кæсын-фыссын чи ахуыр кодта, уыдоны дамгъуат. Йæ алы номыры дæр уый мыхуыр кодта ирон ног алфавиты дамгъæтæ æмæ сæ адæм стыр цымыдисимæ ахуыр кодтой.
«Нæ зынаргъ «Хурзæрин», – кæсæм газеты 9-æм номыры, – дæ фæрцы райхъал сты Хуссар Ирыстоны кусæг адæм æмæ нал æфсæдынц дæ кæсынæй. Ацæргæ адæмæй кæсын чи нæ зыдта, уыдон дæр зæрырдæм ахуыр кæнын райдыдтой».
«Хурзæрин»-ыл иу афæдз куы сæххæст, уæд йæ раззаг уацы фыста: «Хуссар Ирыстоны иу талынг къуым дæр нал баззад, нæ газет кæдæм нæ цæуы, кæм æй нæ кæсынц».
Нæ областы центр Цхинвалы тыххæй газет бирæ уацтæ мыхуыр кодта. Йæ номыртæй сæ иуы фыста: «Гуырдзыстоны мидæггагон хъуыддæгты къамисариат æвзæрста цæрæн бынæтты нæмттæ. Цхинвалы горæты ном ист æрцыд, баззадис ыл ном «местечко».
«Хурзæрин»- ы 31-æм номыры кæсæм нæ горæты тыххæй: «Цхинвалы нырма иу кæркдон дæр арæзт не ‘рцыд. Цы агъуыстытæ дзы ис, уыдон дæр бонвыддæрмæ цæуынц».
Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм цæрæн пунктæн горæты ном ничи радтаид. Абарутма уæды «местечко» абоны Цхинвалимæ.
Цхинвал у ныр дидинæфтауæг социалистон горæт – нæ областы алы фæллойгæнæджы буцдзинад. Бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Газеты ахæм номыр нæ рацыд, исты хорз хъуыддажы тыххæй дзы фыст куынæ уыдаид.
«Цхинвалы типографы мыхуыргонд æрцыд фæсивæды дамгъуат…»
«Арæзт фæцис æмæ байгом Дзадтиаты А. номыл рынчындон…»
«Цхинвалы кусын райдыдта кинематограф (кино). Кæд нывтæ фаг нæй, уæддæр кусдзæн къуыри иу хатт…»
«Козаты Разден сывæллæтты хæдзарæн балæвар кодта 6 туманы…»
«Байгом бæстæзонæн музей…»
«Цхинвалæй Гуры ‘хсæн кусын райдыдта автомобиль…»
«Цхинвалы кусынц иу инженер æмæ дыууæ техникон электростанцы проектыл…»
«Гутнаты Е. Берлины рауагъта 1925 азæн ирон къæлиндар…»
Хуссар Ирыстоны иу колхоз дæр нæма уыд, фæлæ газет фыста, коллективон хæдзарад хъæууон лæгæн цы хæрзиуджытæ хæссы, ууыл.
1929 азы йæ 1-аг номыры раззаг уац «Не стырдæр хæс», зæгъгæ, фыст у хъæууонхæдзарады коллективизацийыл.
«Коллективон уагыл арæзт хъуамæ æрцæуа нæ хъæууон хæдзарад… Уый уыдзæн не стырдæр хæс», – фыста гаазет. Уыцы рæстæджы нæ областы хъæууонхæдзарад уыд тынг фæстæзад, адæм куыстой фыдæлтыккон кусæнгæрзтæй. Æгæрыстæмæй, зын ссарæн уыд цæвæг дæр. Хъæууон фæллойгæнджыты царды тыххæй газет цы бирæ фыстæджытæ мыхуыр кодта, уыдонæй сæ иуы дзырдæуы: «Мах нæ хъæуы зæлдæгтæ æмæ сызгъæринтæ, махæн радтут цæвджытæ, цæхх, зæгæлтæ, хъуымац…»
1929 азы райдианы уыд Хуссар Ирыстоны партион организацийы X-æм конференцийы тыххæй хыгъды газет нысан кодта: Хуссар Ирыстоны ис æрмæст иу машинæты æмбалад æмæ æрмæст уалдзæджы сырæздзæн иу колхоз. Æгасæй нæм ис 32 гутоны, 10 триеры, 5 сыгъдæггæнæны, 2 агроном æмæ 1 зоотехник».
Уыцы аз 19 марты газет æнæхъæн фарс радта, хъæуты цы ног цард рæзын райдыдта, уый тыххæй. Уым Цъунарæй (ныры Къостайыхъæу) уыд ахæм уац: «Мæгуыртæ æмæ партионтæ иу кæнынц сæ хуымы зæхх æмæ сæ кусæг фос. Ацы хабар куы фехъуыстой, исджынтæ, уæд схъиуын байдыдтой».
Газет куыд фыста, афтæмæй уыцы аз фæззæгмæ нæ областы сырæзт 12 колхозы. Уыдоны мидæг уыд 250 хæдзары. «Фидæнмæ коллективизацийы хъуамæ схизын кæнæм 7-8 проценты онг».
Уыцы аз нæ областы колхозтæ æмæ иуæгон хæдзарадтæн ауæй æрцыд: гутæттæ – 354, триертæ – 6, трактортæ – 2, тауæнтæ – 4, цæвджытæ – 900.
Æнæ гал, æнæ къамбец хуым чи кæны, ахæм æфсæн уæйгуыты фæзынд æвиппайды айхъуыст Хуссар Ирыстоны кæмттæм æмæ хæхтæм. Адæм бæллыдысты ахæм диссаджы машинæтæ фенынмæ.
Арцеуы хъæуæй Хуыбылты Н. фыста газетмæ: «Алыбон нæ хъæууонтæ дзурынц, сæ мондæгтæ калынц трактормæ. Фæнды сæ æмбалад саразын, трактор ссарын. Чи уыдзæн, чи фæкæсдзæн ацы хъæумæ, цæмæй йæ бæллиц сыцæг уа, цæмæй феной трактор».
Мах бацымыдис кодтам, ныртæккæ ацы хъæуы колхоз-мæ цахæм машинæтæ ис, уымæ. Мæнæ, гъе, уыдоны номхуыгъд: трактортæ – 12, автомашинæтæ – 15, комбаинтæ – 3, тауæн машинæтæ – 5, культиватортæ – 3, силос лыстæггæнджытæ – 2, хосгæрдæн машинæтæ – 2 æмæ æндæртæ.
… Советон Хуссар Ирыстон куыд рæзтис, афтæ рæзтис газет дæр. Райдианы йæ тираж уыд 500 экземпляры, 1928 азы – 1000 экземпляры, 1932 азы – 3000 экземпляры. Кæд 1924 азы газетæн уыд æрмæст 20 уацхæссæджы, уæд 1932 азы та уыдоны нымæц схызтис 240 адæймæгмæ.
1934 азы Хуссар Ирыстоны фæллойгæнджытæ банысан кодтой сæ уарзон газетыл 10 азы сæххæсты бон. Уæд газет цæуын райдыдта æрвылбон, йæ тираж схызт 4000 экземплярмæ, йæ уацхæсджыты нымæц та 310 адæймагмæ…

БИАЗЫРТЫ Роланд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.