Советон дуг историон барæнтæм гæсгæ бирæ нæ ахаста – 70 азæй цъус фылдæр. Стæй ивгъуыд æнусы нæуæдзæм азты бахæццæ йæ кæронмæ – ныппырх æй кодтой. Цæмæн афтæ рауад, цы уыдысты йæ аххосæгтæ, уыдоныл нæу мæ ныхасы сæр. Уым, советон дуджы, баззадис ме ‘взонгад æмæ мæ куыд ме ‘взонгады, афтæ уыцы дуджы тыххæй дæр фæнды цыбыртæй мæ хъуыдытæ зæгъын.
Советон хицауад куы пырх кодта, уæд сæхи тынгæй тынгдæр зонын кодтой, чи йæ пырх кодта æмæ æнæуынон кæмæн фестад, уыдон, афтæхуыйнæг, демократтæ. Уыдон баивæрзтысты разамынадмæ æмæ фæсарæйнаг бæстæты æххуысæй куыстой, архайдтой, цæмæй советон цардæвæрд бындзарæй тагъддæр ныппырх кодтаиккой æмæ рахызтаиккой капиталистон цардæвæрдмæ. Æмæ ныппырх. Хъомысджын бæстæ аныгъуылд мылазон тары. Уыцы дуг мæ фæлтæрæн хъуамæ уыдаид царды иууыл рæсугъддæр рæстæг – æвзонгад æвзонгад у, фæлæ дзы цы федтой, уый – хæстытæ, тугкалд, тыхбахаст, наркоманийы дидинрафтыд, гæвзыккдзинад, сомбоныл не ууæндын… Уыцы азтыл хъуыды кæнгæйæ, хуыцауæй бузныг дæн, советон дуджы кæй батыдтон ме ‘взонджы бонтæ.
Алчи иугъуызон цæстæй нæ кæсы уыцы дугмæ. Иутæн, куыд ма загътон, афтæмæй æнæуынон фестад, æндæртæ йæ сæрыл гæрæхтæ кæнынц, ис ахæмтæ дæр, кæцытæ дзы уыдтой хæрзтæ дæр æмæ æвзæртæ дæр. Мæнæн нæдæр æнæуынон уыд, нæдæр ын табу кодтон, фæлæ уыдтон æмæ мæхиуыл æвзæрстон, хорзæй мын цы лæвæрдта, æвзæрстон мæхиуыл, цы рæдыдтытæ уагътой «уæлейæ», уыдоны фæстиуджытæ дæр. Фæлæ куыдфæнды ма уыдаид, æз аргъ æмæ кад кæнын мæ советон æвзонгадæн. Иуæй уымæн æмæ адæймагæн иу æвзонгад йедтæмæ нæ вæййы. Уый вæййы рухс бæллицты, бирæ гæнæнты рæстæг, уæнгты тых æмæ туг куы абухы, зæрдæйы уарзт куы райгуыры, царды йæхи фæндагыл куы абалц вæййы. Æмæ цасфæнды зын ма уой уыцы азтæ, уыдон ныфсы, бæллицтæ æххæстгæнæн азтæ сты æмæ нын хорзæй мысинаг сты. Иннæмæй та мах æнкъардтам, цард азæй азмæ размæ кæй цæуы, кæй хуыздæр кæны æмæ æууæндыдыстæм, афтæ кæй аххæсдзæн.
Советон хицауад йæ сырæзтæй фæстæмæ стыр хъусдард здæхта ахуырады рæзтмæ. Хъæуты гом цыдысты скъолатæ. Мæ цахъхъæнтимæ æз дæр цыдтæн скъоламæ, райстон астæуккаг ахуырад. Советон Æфсады рæнхъыты службæ кæнгæйæ, хъахъхъæдтон нæ Советон Цæдисы, сахуыр кодтон уæлдæр ахуыргæнæндоны, фæхæст дæн уарзон куыстыл, арвыстой мæ ноджы ахуыр кæнынмæ, радтой мын фатер… Нæ зонын, цахæм хорздзинæдтæ ма мæм кастаид разæй, мæ царды фæндаг куыд цыдаид, дуг куынæ фæивтаид æмæ адæм сæргой куынæ фæуыдаиккой, уæд. Уый уыд ме ‘взонгад, мæ дуг, æлхæнæн-уæйгæнæн-баивæн кæмæн нæй… Чизоны исчи афтæ зæгъа, зæгъгæ, алкæмæ ахæм хорздзинæдтæ кæм æнхъæлмæ каст, фæлæ уый раст нæу. Алкæмæн дæр уыд ахуыр кæныны фадат, дæсныйад прфессионалон-техникон ахуыр-гæнæндæтты, техникумты, уæлдæр ахуыр-гæнæндæтты райсын. Уæдæ куыст ссарын дæр проблемæ кæм уыд.


Цы бирæ хорздзинæдтæ дзы уыд, уыдоныл дзурын дардыл хъуыддаг у, фæлæ сæ «демократтæ» цæмæдæр гæсгæ нал уыдтой, уый хыгъд ын йæ рæдыдтытыл радысты æмæ ма йыл уыимæ цъыф калыныл дæр нал ауæрстой.
Афтæмæй фæсарæнтæй сæ аминдигæнджыты къух арæзтой. Æмæ хъомысджын бæстæйæн йæ бындур ныззылдтой, цы сæ фæндыд, цахæм цард аразынмæ хъавыдысты, уымæн ницы æмбаргæйæ.
Цымæ нæ уыдис гæнæн æндæр фæндагыл ацæуын? Цæдис бахъахъхъæнын, хорзæй дзы цы уыд, уыдон бавæрын æмæ рæдыдтыты та рараст кæнын? Куыннæ уыдаид афтæ бакæнын. Миллиард æмæ æрдæг адæймагæй фылдæр кæм цæры, уыцы Китай, капитализмы хорзæй цы уыд, уыдон райста социализм бахъахъхъæнгæйæ æмæ цы фесæфта? Размæ феггуырст ноджы æмæ Америкæйы дæр фæстейæ фæуадзынмæ хъавы. Йæ бирæ цæрджыты дæр дары æмæ ма йæ рауадзгæ товартæ дунейы базæртты дæр уæй кæны.
Афтæ нæ бафæндыд нæ бæстæйы разамынады. Ныгуылæн бæстæты æндæвдады бын бахаугæйæ, сæ удхæссæг фестад, чи сæ схъомыл кодта, царды сæ размæ чи ракодта, уыцы Советон Цæдис. Горбачев йæхæдæг басаст, йæ ныппырх кæнын йæ бæллиц кæй уыд. Афтæмæй алæгæрстой советон цардæвæрдыл æмæ дзы хорзæй цы уыдис, уыдоны дæр скуынæг кодтой. Ныр нæхи цæстæй уынæм, уыцы дуджы æргъадтæй бирæты фæстæмæ царды кæй биноныг кæнынц Уæрæсейы æмæ ам, Хуссар Ирыстоны дæр.
О, ме ‘взонгад цы советон дуджы баззад, уым алцы нывыл нæ уыд, фæлæ йын йæ цыбыр историйыл дæ цæст куы ахæссай, уæд дзы хуыздæрмæ æнхъæлмæ кæсæн уыд? Историйы барæнтæм гæсгæ 70 азы у хæрзчысыл рæстæг. Райдианы ног цардæвæрдимæ фæзынгæ паддзахады бахъуыд фæсарæйнаг интервентты æмæ мидæггагон знæгтимæ тох кæныны сæр. Æмæ бахъахъхъæдта йæхи. Уæрæсемæ æрбаиу сты æндæр паддзахадтæ дæр æмæ сырæзт Советон Цæдис. Уæззау уыд рæстæг, фæлæ ахæм уавæры дæр стыр хъусдард здæхт цыдис æнахуырдзинад скуынæг кæнынмæ, зонад, культурæ рæзын кæнынмæ. Цæхгæр мадзæлттæ ист цыдис хъæууон хæдзарад æмæ сæудæджерады рæзт ифтонг кæнынмæ. Æмæ уыдис æнтыстытæ. Фæлæ та дыууын фондзаздзыд советон бæстæйы бахъуыд æгас ныгуылæны хæстон машинæйы ныхмæ æрлæууын. Æрлæууыд æмæ фæуæлахиз. Фæуæлахиз, абон та Украинæйы йæхи чи зонын кæны, уыцы фашизмыл æмæ дзы æгас дунейы фервæзын кодта.
Фæсхæсты азтæ – хæсты хъæдгæмттæ гасгæнæн азтæ. Уыимæ адæмы цард дæр йæ гаччы цадæггай бадт. Хуыздæрæй хуыздæр кодта. Уымæн æвдисæн у æрмæст нæ горæт дæр. Æхсайæм азты ам аразын райдыдтой бирæуæладзыгон цæрæн хæдзæрттæ, куыстуæттæ, ахуырадон уагдæттæ, административон бæстыхæйттæ… Дунейы аренæмæ цы дыууæ хъомысджындæр бæстæйы рацыдысты, уыдонæй сæ иу уыдис Советон Цæдис, кæцыйæн йæ адзал мидæггагон æмæ æддагон знæгты аххосæй æрцыд.
О, ивгъуыдмæ ацыдис уыцы дуг, кæцы фæллойгæнæгæй, уæлдайдæр та хъæууон фæллойгæнæгæй домдта, бирæ тых кæм хъуыд, ахæм куыстытæ æххæст кæнын. Йæ гутон, йæ цæвæг, йæ бел йæ къухæй нæ хаудысты, йе стырдæр ныфс уыдысты йæ галтæ. Уымæ нæ кæсгæйæ, æнæ къахт сæ хуымзæххытæй иу гæппæл дæр нæ уагътой, нæ уагътой æнæкарст сæ уыгæрдæнты дæр. Сæрвæттæ нæ фаг кодтой фосæн æмæ сæ скъæрдтой æфцгуытæм, сæрдыгон хизæнуæттæм. Æмæ сæ колхозты фермæтæ дзаг уыдысты фосæй, сæ быдырты тыллæг æфснайыныл не ‘ххæссыдысты æмæ уыцы куыстыты хардз кодтон æз дæр ме ‘взонг тых. Уæлдæр ахуыргæнæндоны ахуыр кæнгæйæ дæр мах, студентон фæсивæд æххуыс кодтам хъæууон фæллойгæнджытæн сæ тыллæг æфснайыны. Фосдарды æмæ быдыркуысты продукттæн сæ зынгæ хай уæй кодтой паддзахадæн. Паддзахадмæ сæ хисæрмагонд исады тыххæй фыстой хъалонтæ, кæцыты фидын сын æнцон нæ уыдис. Фæлæ уыдон зыдтой, паддзахадмæ цы продукттæ дæттынц, цы хъалонтæ фидынц, уыдон кæй цыдысты паддзахады къазнамæ, цæмæй бæстæ рæзтаид, рæзтаид адæмы фæрныгад, фæстæмæ сæм цæмæй здæхтаиккой лæвар хос кæныны, лæвар ахуырад райсыны æмæ бирæ æндæр хæрзиуджыты хуызы. Нырау хицæн адæймæгтæ сæ дзыппытæм, стæй фæсарæнтæм милуантæ, миллиардтæ куыд ссивынц, афтæ не ссывтой.
Советон дуджы нæ хъомысджын бæстæйы адæм цардысты сæйраджыдæр сæхи æркæнгæ продукттæй, æндæр товартæй, кæ-цыты гъæдмæ фау æрхæссæн нæ уыд. Уый уæд æмæ ныры хуызæн алыгъуызон хъомысджын хъæууонхæдзарадон техникæйæ ифтонг куынæ уыдысты. Ныр ма акæсут – нæ базæрттæ, нæ магазинтæ байдзаг сты фæсарæйнаг фауддзаг товартæй æмæ фæсарæйнаг товаруадзджыты ноджы хъæздыгдæр кæнæм.
Стæй алцы гуыбын æмæ рагъæй кæнгæ кæм у. Сты ма, адæймаг хайджын кæмæй у, уыцы удварны хæрзиуджытæ. Æмæ уæдæ цы цæуы абон нæ удварныл, цæмæн ихсыйы, лæзæры æмæ йын йæ бынат æцæгæлон æргъадтæ цæмæн ахсынц? Цæмæн авæрдæуыд иуварс, æрыгон адæймаджы удварнæн рæсугъд бындур чи æвæрдта, уыцы советон ахуырад æмæ хъомылады системæ? Цæмæн нын хæссынц нæ размæ æппæт амæлттæй алыгъуызон æнæгъдау, адæймаджы удварныл дæлæмæ чи хæцынц, ахæм æргъадтæ, цæмæн нын сæ хъарынц, цæмæй сын табу кæнæм? Цæмæн дард кæнынц, цæмæн æцæгæлон кæнынц адæм кæрæдзийæн, кæрæдзийы рис афтæ тынг цæуылнæуал æнкъарæм, алчи æрмæст йæхи гуылы бын æндзарын цæмæн райдыдта? Цæмæн цудынц нæ фыдæлты æгъдæуттæ, традицитæ? Чи ратдзæн дзуапп ацы æмæ бирæ æндæр ахæм фарстытæн?
Советон скъолайы ахуыр кæнгæйæ, æз сæрыстыр уыдтæн, сабийæ октяброн кæй уыдтæн, кæй хастон ногдзауы галстук, фæскомцæдисоны риуылдарæн нысан, фæстæдæр та мæ дзыппы кæй дардтон партион билет. Сабийæ фæстæмæ ахæм организациты архайды хайад исгæйæ, адæймаг йæхи æнкъардта, коллективы уæнг кæй у, иумæ алыгъуызон мадзæлтты хайад кæй иста, сæ разы бæрндзинад кæй æнкъардта… Бирæтæ сæ организаторон æвзыгъддзинæдтæн æвæрдтой уым бындур. Æмæ ныр адæймаг адæймагæн æцæгæлон кæй кæны, уымæн йæ аххосаг уырдыгæй цæуы. Компартийыл куы дзурæм, уæд уымæн кæд йæ тых асаст, адæмы цардыл кæд тынг нал æндавы, уæддæр йæ идеалтæ мæнæн зынаргъ сты æмæ сын абон дæр кад æмæ аргъ кæнын.
Ацы æмæ бирæ æндæр фарстаты фæстæ æз арæхдæр æрымысын мæ советон æвзонгад. Уыцы советон æвзонгад, цыран цард бонхуыздæр кодта, цыран адæймаг æууæндыд йæ сомбоныл, цыран фыдгæнæджы къухæй йæ адзал ничи ардта, хæстыты нæ цагъды кодтой æрыгон адæймæгтæ, цыран ме стыр райгуырæн бæстæйы алы къуыммæ дæр сæрибарæй, æдасæй ацæуæн уыд, цыран наркомани цы уыд, уый зонгæ дæр ничи кодта, цыран мæ хæлц уыдысты натуралон продукттæ, кæрæдзимæ цыдыстæм уазæгуаты, фæрæзтам кæрæдзийыл цин кæ-нын, кæрæдзийы хъыгыл та хъыг кæнын, цыран адæймаг адæймаджы нымадта æмæ йын аргъ кодта.
Нæ раздæры Советон Цæдис кæй нал ис, уый бирæтæ æмбарын кæнынц, зæгъгæ, йæхæдæг йæ кæронмæ бахæццæ, йæхи дарын нал фæрæзта, бамбыд. Уыдон уыдысты, йæ ныппырх кæныныл сæ удтæ чи хъардтой, уыцы «реформатортæ».
Абон бирæтæ фæзæгъынц, зæгъгæ, ныр æнцондæр цæрæн у, алцы ссарæн ис, алы хæдзары раз – машинæ, кæнæ машинæтæ. О, уый раст у, фæлæ ууыл афтæ тынг цин кæнын хъæуы, дæ кæстæртæн сæ сомбон куыд уыдзæн, уый куынæ зонай, хæсты, кæнæ дын æй кæмдæр уынджы исчи амардзæн, уымæй куы тæрсай, цы алыгъуызон æвзæр цайдагъдзинæдтæ апарахат сты, уыдоныл фæхæст уæвынæй сын куы тæрсай, цыбыр дзырдæй, дæхи æмæ дæ кæстæрты, дæ хиуæтты сомбоныл куынæ æууæндай? Стæй ацы тагъдивæг, размæ тагъдцæуæг дуджы абарæн куыд ис 30-40 азы размæйы цардæн?

БИАЗЫРТЫ Роланд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.