Цалынмæ домæнтæ сæххæст кæной, уæдмæ иу суари дæр нæ райсдзысты

Сентябры райдианы Абхазы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Сергей Шамба фехъусын кодта, зӕгъгӕ, 1 сентябрӕй фӕстӕмӕ Уӕрӕсейы Федераци Абхазæн фӕкъаддӕр кодта йӕ финансон ӕххуыс социалон-экономикон программӕйы фӕлгӕтты. Уый фылдӕр бандавдзæн тыхон структурӕты кусджытæ, ахуыргӕнджытæ, дохтыртыл. Уымӕй уӕлдай ма дзырд цӕуы, электроэнерги дӕр коммерцион ӕргътӕй æлхæныныл. Нырыонг истой электроэнерги ӕрдӕг аргъыл. Шамба Уӕрӕсейы райсгӕ мадзӕлттӕ схуыдта «санкцитӕ». Фӕлӕ ахӕм формулировкӕ махмæ раст нæ кæсы.

Информацийы фӕдыл дыккаг къуыри парахат кӕнынц алыгъуызон дам-думтӕ, прогнозтӕ дӕттынц политологтӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм эксперттӕ.
Ахӕм хабар фехъусынмӕ хуымӕтӕг адӕм цӕттӕ нӕ уыдысты, уӕлдайдӕр та Абхазы цӕрджытӕ. Мӕскуы рагӕй дзуры йӕ абхазаг коллегӕтӕн, цӕмӕй ӕххӕст кӕной дыууӕварсон бадзырды пункттӕ. Фӕлӕ Абхазы разамынад уыцы ныхӕстӕ бирӕ азты дӕргъы ницӕмӕ дардта ӕмӕ сӕм афтӕ каст, ома та фӕдзурдзысты ӕмӕ ӕрсабыр уыдзысты. Уӕрӕсейӕ исынц энергоресурстӕ, хӕлц, финанстӕ, пенситӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм ӕххуыстӕ. Цӕуынц сӕм уӕрӕсейаг туристтӕ, сӕ дыргътӕ ӕмӕ хал­сӕрттӕ уӕй кӕнынц Уӕрӕсемӕ. Ӕмӕ афтӕмӕй Уӕрӕсейы фарсмӕ никуы ницы хъуыддаджы балӕууынц. Сахуыр сты ӕввонг цард кӕныныл.

Фарстайы ратæдзæнтæ

Сæвзӕргӕ уавӕрмӕ лӕмбынӕг куы ӕркӕсӕм, уӕд бӕрӕг у, Мӕскуы кӕй архайы уӕрӕсейаг-абхазаг бадзырды фӕлгӕтты. Бадзырды та комкоммӕ фыст ис, зӕгъгӕ, Абхаз йӕ хӕстӕ куы нӕ ӕх­хӕст кӕна, уӕд Уӕрӕсе йӕ финансон ӕх­хуыс сӕхгӕндзæн.
2022-2025 азты Абхазы социалон-эко­номикон райрӕзты паддзахадон прог­раммӕйы ис, Абхаз кæй нæ сӕххӕст кодта, ахæм пункттæ. Ацы программӕйы реали­зацийы рӕстӕджы Абхазӕн пайда цы­дæ­риддæр уыдис, уыдон Уæрæсейы æрды­гæй иууылдӕр ӕххӕст ӕрцыдысты. Абхаз та йӕхирдыгӕй йӕ закъонӕвӕрынад хъуамӕ «сраст» кодтаид Уӕрӕсеимӕ, цӕмӕй интеграцион процесстӕ нывыл цыдаиккой. Зӕгъӕм, Уӕрӕсейы арбитражон тӕрхондӕтты тӕрхонтӕ хъуамӕ нымад цыдаиккой Абхазы дӕр, фӕсарӕйнаг инвестортӕн Абхазы терри­торийыл кусыны уавӕртӕ сарӕзтаиккой, фӕсарӕйнаг ӕмбӕс­тӕгтӕн сӕхиуыл сфидар кӕныны бар радтаиккой коммерцион ӕнӕзмӕлгӕ фӕллӕйттӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Ӕп­пӕт проблемон фарс­татӕ аиуварс кӕ-нынӕн сын рӕстӕг радтой 2024 азы 1 августмӕ, фӕлӕ куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй абхазаг коллегӕтӕ, ӕгӕрыс­тӕмӕй, уыцы домӕнтӕ сӕх­хӕст кӕнын нæ фæнд кодтой. Ныр ца­лынмӕ уыцы домӕнтӕ сӕххӕст кæ­ной, уӕдмӕ Уӕрӕсейӕ нал райсдзысты ӕруром­гӕ финансон фӕрӕзтӕ.
Ацы проблемӕ бынтон хуымӕтӕджы нӕ фӕзынд ӕмӕ Уӕрӕсе дӕр ахӕм къахдзӕф ӕнӕхъуаджы нӕ сарӕзта. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй Абхазы парла­менты депутатты ‘хсæн ис ныгуы­лӕ­йнаг ӕнӕхицауадон коммерцион орга­низаци­ты минӕвӕрттӕ. Уыдон оппозициимӕ иу­мӕ хӕццӕ кӕнынц абхазаг ӕх­сӕнады, Уӕрӕсейыл цъыф калынц, дыу­уӕ бӕс­тӕйы ‘хсӕн цы ӕнгом ахас­тытӕ ис, уыдоны ныхмӕ цӕуынц. Бынӕттон цӕр­джы­тӕн ӕнӕуынон кӕнынц Уӕрӕ­сейы, ома уӕ мӕгуырау цард Уӕрӕсейы аххос у. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ саразынц ми­тингтӕ, æмæ уырдæм рацӕуынц лозунг­тимӕ – «Уӕрӕсе – колонизатор», «Абхаз сафы йӕ суверенитет» ӕмӕ ӕндӕр ахӕмтимӕ.
Ӕрӕджы Гуырдзыстонау хъуамӕ райс­таиккой «иноагентты» закъон, цӕ­мӕй раргом уыдаиккой ныгыуылӕйнаг бӕстӕты зианхӕссӕг организацитӕ. Фӕлӕ оппозици уыйонг бакодта ӕмӕ йӕ нӕ ауагътой парламенты. Оппозици ма «ӕрӕхгӕдта» фӕсарӕйнаг инвесторты фӕдыл закъӕттӕ дӕр. Фарон Абхазы хъуамӕ сарӕзтаиккой курортон апартаменттӕ, фӕлӕ оппозици гӕды ныхӕс­тӕй растын кодта бынӕттон цӕрджыты ӕмӕ нӕ бауагътой ӕмбӕлон закъон райсын. Тынг ма къуылымпы кӕнынц Очамчиры ӕфсӕддон порты реконс­трукцийы арӕзтад дӕр, Сухумы аэро­порты арӕзтад та нырма дӕр нӕ ра­йдыдта сӕ аххосӕй. Комкоммӕ зӕгъ­гӕйæ, абхазаг оппозицийы архайды фӕстиуӕгӕн дыууӕ бӕстӕйы ‘хсӕн социалон-экономикон райрӕзты программӕ йӕ функцитӕ нал ӕххӕст кӕны.
Бӕлвырд куыд у, афтӕмӕй фӕстаг азты ныгуылӕн йӕ позицитӕ стыхджын кодта Абхазы ӕмӕ ныр ӕндавы ӕппӕт политикон процесстыл. Сабыргай сӕм уавӕр цӕуы дестабилизацимӕ. Ныгуылӕн спецслужбӕтӕ архайынц Абхазы ӕхсӕнад схӕццӕ кӕныныл, Уӕрӕсейы арӕнтыл ӕндыгъд уавӕр саразыныл. Августы мӕйы Абхазы президент Бжания кусӕгон балцы уыд Мӕскуыйы ӕмӕ фембӕлд Уӕрӕсейы хицауады вице-премьер Новакимӕ. Фӕлӕ, ӕвӕццӕ­гӕн, проблемон фарстатӕ скъуыддзаг не ‘рцыдысты. Ныридӕгӕн Абхазы финансон-экономикон къабаз ис уӕззау уавӕ­ры.
Ис ма ахӕм информаци дæр, зӕгъгӕ абхазаг оппозиционертӕн байсдзысты сӕ уӕрӕсейаг ӕмбӕстагдзинад. Шамба куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй Уӕрӕ­сейӕн ис знаджы цӕстӕй йæм чи кӕсы, уыцы гоймӕгтӕн се ‘мбӕстагдзинад ба-йсыны бар.
Абхазы разамынад бахаудта уӕйгӕн-джыты ахӕсты æмæ фӕсарӕйнаг спец­службӕты ӕндӕвдады бын. Оппозицийы фӕндыл куы цӕуой, уӕд сӕхӕдӕг дӕр сырд баййафдзысты ӕмӕ ма сӕ пад­дзахад дӕр ныппырх уыдзӕн. Политологты хъуыдымӕ гӕсгӕ фыццаг къахдзӕф хъуамӕ райдайой иноагентты тыххæй закъон райсынӕй. Ахӕм закъон сӕм йӕ тыхы куы нӕ бацӕуа, уӕд сӕ паддзахадӕн рухс фидӕн никуы уыдзӕн.
Абхазы уавӕрмӕ хуымӕтӕг цӕстӕй куы ӕркӕсӕм, уӕд дзы фенӕн ис хинӕйдзаг системӕ. Зӕгъӕм, абхазаг ӕмбӕстагӕн Уӕрӕсейы территорийыл ис алы бартӕ дӕр, фӕлӕ уӕрӕсейагӕн та Абхазы – бынтондӕр ницы бартӕ. Абхазӕгтӕн Уӕрӕсейы сӕ бон у бал­хӕ­нын алцыдӕр ӕмӕ йӕ сӕхиуыл сфидар кӕнын – зӕхх, хӕдзар, коммерцион бӕстыхай, бизнес ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Уӕрӕсейаг æмбӕстӕгтӕн Абхазы бын­тон­дӕр ницы бартӕ ис –исчи сæ уым исты бизнес куы бакӕны, уӕд бынӕттон бан­дитон къордтӕ афтӕ са­разынц, ӕмӕ ныууадзы йӕ бизнес. Арӕх дзы ӕрцӕуы уӕрӕсейаг амалиуӕггӕнджыты ама­рыны цаутӕ дӕр. Уыцы криминалон къор­дты фыдракӕн­дтæ «нæуынæг» сæхи скæ­нынц тыхон структурӕтӕ ӕмӕ бынӕттон хи­цауад.

Кæй фæрцы уæвынад кæны Абхаз?

Фӕстаг фынддӕс азы Уӕрӕсе Аб­хазӕн арвыста ӕрмӕст финансон ӕх­хуыс 110 миллиард сомы бӕрц. Уы­донӕй 30 уыдысты инвестицитӕ. Бынӕттон цӕрджытыл ӕй куы адих кӕнӕм ацы суммӕ, уӕд дзы алкӕмӕдӕр ӕрхаудзӕн фӕйнӕ 500 мин сомы. Ӕмӕ Уӕрӕсе ахӕм ӕххуыс кӕны Абхазӕн 90-ӕм азтӕй фӕстӕмӕ.
Абхазы ныридӕгӕн цӕры 245 мин адӕймаджы бӕрц. Куыстуӕттӕ сӕм хӕрзцъус ис, бынӕттон цӕрджыты фылдӕр хай сты гӕвзыкк. Сӕ товарты ӕрзылды 80% баст у Уӕрӕсеимӕ. Бирӕ азты дӕргъы сын Уӕрӕсе электроэнерги дӕтта ӕнӕаргъӕй. Иумæйагӕй сис­гӕйӕ, 90-ӕм азтӕй фӕстӕмӕ Уӕрӕсе Абхазыл бахардз кодта егъау финансон ресурстӕ ӕмӕ ма сын хъахъхъӕдта се ‘дасдзинад дӕр. Цыдӕриддӕр сӕм арӕзт ӕрцыд, уыдон иууылдӕр Уӕрӕсейы фӕрцы сты. Абхазӕй та Уӕрӕсе иу сом дӕр нӕ зоны. Ӕрмӕстдӕр сӕ хъусы анти­уӕрӕсейаг риторикӕ.
Паддзахадон Думæйы депутат Конс­тантин Затулины хъуыдымӕ гӕсгӕ, Аб­хазы ӕхсӕнады фылдӕр хай сты Уӕ­рӕсейы ‘рдӕм.
«Ис дзы дзӕвгар къор­дтӕ, кӕцыты схо­нӕн ис «абхазаг элитӕ». Растдӕр уыдон баст сты фӕсарӕйнаг НКО-тимӕ ӕмӕ ӕхсӕнады хӕццӕ кӕнынц. Уыдон гӕды ныхӕстӕ парахат кӕ­нынц адӕмы ‘хсӕн, ома уын Уӕрӕсе ӕв­зӕр аразы, сайы уӕ, уӕ суверенитет уын исынмӕ хъавы. Хуымӕтӕг цӕрджытӕ та йӕ ӕмбарынц, инвестицитӕ сын пайда кӕй сты, ӕнӕ уӕрӕсейаг ӕхца­тӕй сын фидӕн кӕй нӕ уыдзӕн».

Цы уыдзæн дарддæр?

2025 азы Абхазы уыдзысты президентон ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ дзы уæд­мæ­ ца­хӕм политикон уавӕр уыдзӕн, уый бӕрӕг нӕу. Ныгуылӕны спецслужбӕ­ты фӕнды сӕ НКО-ты ӕххуысӕй Абхазы мидӕггагон хӕст расидын ӕмӕ сын куы бантыса, уӕд Абхаз куыд паддзахад, аф­тӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ уӕвынад дӕр мауал кӕна. Криминогегон уавӕр сӕм ӕгӕр карз кӕй у, уымӕ гӕсгӕ бӕстӕйы разамынад ӕгӕр лӕмӕгъ сты, сӕ бон эле­мен­тарон фӕтк ӕрӕвӕрын дӕр нӕу. Уӕрӕсейы фӕндыд баххуыс кӕнын ӕмӕ сӕм бахатыд, цӕмӕй дыууӕ бӕстӕйы барадхъахъхъӕнӕг органтӕ бафыссой бадзырд ӕмгуыстады фӕдыл ӕмӕ бахъуыды рӕстӕджы кӕрӕдзи­йӕн ӕххуыс кӕной. Фӕлӕ абхазаг кол­легӕ­тӕ не сразы сты, ома нӕхимӕ ис фаг тыхтӕ ӕмбӕлон фӕтк ӕрӕвӕ­ры­нӕн.
Нырма бӕрӕг нӕу абхазаг разамынады дарддӕры архайд. Уӕрӕсе фидарӕй загъта, зӕгъгӕ, кусдзыстӕм ӕрмӕс­тдӕр бафысгӕ бадзырды фӕлгӕтты. Абхазы цӕрджытӕ куы стыхсой, сӕ ра-замынады ныхмӕ ӕргомӕй цӕуын куы райдайой, уӕд та сӕ разамынад фӕн­дӕгтӕ агурын райдайдзæн Мӕскуымӕ. Абхазӕн ныры дуджы ӕнӕ Уӕрӕсе уӕвӕн нӕй. Кӕд ӕмӕ сæ исчи Турк нын баххуыс кӕндзӕн, зæгъгæ, хъуыды кæны, уæд дзæгъæлы. Туркӕн ӕнӕ Абхаз дӕр йӕ проблемӕтӕ дзӕвгар сты ӕмӕ 200 мин адӕймаджы тыххӕй Уӕрӕсейы хуызӕн хъомысджын паддза­ха­димӕ йӕ ахастытӕ нӕ фехалдзӕн.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.