Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй Дза­уы районы Котантойы хъæуы байгом, ацы хъæуæй Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ кæ­мæ æрсидтысты æмæ кæй афæндараст кодтой, уыдоны номыл цыртдзæвæн. Æдæп­пæт уыдон уыдысты 88 адæймаджы. 49 дзы фæмард сты тохы быдыры – кæмæн йæ сау гæххæтт ссыд, чи та дзы æбæрæг сæфт фæкодта. Бирæтæ та фæстæмæ æрыздæхтысты цæфтæ æмæ инвалидтæй.
Ацы нымæцтæ бирæ сты, 57 цæрæг хæдзары кæм уыдис хæсты агъоммæ, уыцы чысыл хæххон хъæуæн æмæ уæззау фæд ныууагътой йæ цæрджыты зæрдæты. Уыцы тугкалæн хæсты фæстаг зæлтæй кæд 80 азы рацыд æмæ дзы фæстæмæ чи рыздæхтысты, уыдонæй дæр кæд не ‘хсæн ничиуал ис, уæддæр рох не сты сæ фæста­гæттæй æмæ уымæн та ирд æвдисæн у, сæ уæзæгыл сын цырт кæй сарæзтой, уый. Цырт рауад аив, архитектурон æгъдауæй фæлгонцджын. Цæмæй ахæм рауадаид, уый тыххæй дизайнертæ æмæ архитектортæ æрхуыдтой Цæгат Ирыстонæй. Йæ дæргъ у 5 метры, йæ уæрх та – 4 метры.
Бæрцæй ма цалдæр цæрæг хæдзары кæм аззад, уыцы Котантойы хъæумæ йæ гом кæнынмæ бирæ адæм æрæмбырд. Фысымтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдыс­ты Биазыртæ – куыд бынæттон цæрджытæ, афтæ æндæр æмæ æндæр рæттæй æр­цæуджытæ. Ардæм æрбацыдысты РХИ-йы Президент Гаглойты Алан республикæйы разамынады бæрнон кусджытимæ, тыхон структурæты минæвæртттæ, Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Ванда, администрацийы бæрнон кусджы­тæ, республикæйы компартийы минæ­вæрт­тæ.


Тыбылты Ванда йæ раныхасы банысан кодта котантойæгты активон хайадист Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æмæ бузныг загъ­та, сæ нæмттæ сын сæнусон кæныныл чи бакуыстой, уыдонæн. Ацы тугкалæн хæсты ирон адæмы равдисгæ хæстон сгуыхтдзинæдтыл, кæцыты ‘хсæн хъæбатырдзинады цæвиттон æвдыстой котантойаг хæстонтæ, дзырдта Президент дæр. Уый банысан код­та, куыд ахсджиаг у фыдæлты кадджын хъуыддæгтæн кад æмæ аргъ кæнын, ма сæ рох кæнын. Бузныг загъта, котантойаг хæс­тонтæн цырт саразыныл чи бакуыста, уы­донæн. Уый, зæгъгæ, у стыр хъуыддаг рæз­гæ фæлтæрты патриотикон хъомыладæн, Райгуырæн бæстæмæ сæм уарзондзинады æнкъарæнтæ æвзæрын кæнынæн.
Цырт саразыны инициатор æмæ орга­ни­затор уыд, æппæт куыстытæм дæр йæ хъус дардта æмæ аразджытимæ дæр куыста Биазырты Вениамин. Йæ раныхасы уый раарфæ кодта, цырт гом кæныны церемонимæ æрбацæуæг уазджытæн, бузныг загъ­та, йæ фарсмæ чи ‘рбалæууыдысты æмæ алыгъуызон æххуыс чи бакодтой: Дза­уы районы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæйæн, афтæ ма спонсорон æххуыс чи бакодтой, уыдонæн. Ахæмтæ та разындысты Цæгат Ирыстоны цæрджытæ Биазырты Аслан, Илья æмæ Роланд. Ам ма зæгъын æмбæлы уый æмæ æхцайы фæрæзтæ кæй æрæмбырд кодтой мыггаг сæхæдæг дæр æмæ зæгъæн ис, цырт саразыны хъуыддагмæ сæ алчидæр йæ бавæрд кæй бахаста. Æнæ кусæгдыхæй цырт кæй нæ сырæзтаид, уый дæр зын­д­гонд у. Æмæ та ам дæр Биазырты фæси­вæ­дæй бирæтæ цырд фæлæууыдысты. Уы­дон сæйраджыдæр, уыдысты бынæттон лæп­путæ.
Мадзалы РХИ-йы компартийы номæй И.В. Сталины æмæ Советон Цæдисы сы­рæз­тыл 100 азы сæххæсты сæраппонд ма­йдантæй хорзæхджын æрцыдысты цалдæр адæймаджы. Уый фæстæ æрæмбырдуæвджытæ веноктæ æмæ дидинджытæ хастой æмæ æвæрдтой цырты раз.
Дарддæр зæлыдысты хæстон зар­джы­тæ ирон æвзагыл. Æххæст сæ кодтой Хуы­-ц­ъейы Культурæйы хæдзары зарæг­гæн­джыты къорд.
Котантойæгтæ цырты бынатæн рав­зæрс­той хъæуы астæу. Цæвиттон, хъæу дих у æртæ сыхыл. Сæ астæу – уæрæх фæз. Ахæм фæзæй стæм хæххон хъæу рап­пæлдзæн. Ам уыдысты колхозы канторæ, библиотекæ, дæргъæй-дæргъмæ хордон, зыгуымдæттæ, найæн мустæ, силосы уæ­рм, колхозы фосæн дыууæ стыр скъæ­ты, цъериты дардыл æфтауцдон. Уыдон иу­уылдæр дзурæг уыдысты, йæ цæрджытæ сæ иумæйаг хæдзарады рæзтыл цы удуæл­дай, уæззау куыст кодтой, ууыл. Уымæ нæ кæсгæйæ, ацы фæзæй сæрдыгон изæрты хъуыст хъæуы фæсивæды цины хъæлæба- са­рæзтой-иу хъазт æмæ кафыдысты, хъуыст дардмæ сæ зард…


Гъе, æмæ ацы бынатæй фæндараст код­той кæм иугæйттæй, кæм та къордгæйттæй сæ гъæйтмардзæ фæсивæды тугкалæн хæстмæ. Æртыгай хæстонтæ чи афæндараст кодтой, уыдон уыдысты фараст хæ­дзары. Уыдоны ‘хсæн уыдысты Иосиф, Лади æмæ Тугъан, Сослан, Къалиа æмæ Митъуш (Димитр), Виктор, Гиго æмæ Доме, Сао, Ефим æмæ Григол, Хепа, Сиби æмæ Ладимер… Биазырты Вилген йæ фыд Иосебы нæ хъуыды кæны, саби уыдис, хæстмæ йын куы цыдис, уæд. Иосебæн ма хæстмæ фæцыдысты йæ æфсымæртæ Лади æмæ Тугъан. Æртæ дæр нал рыз­дæхтысты. Æмæ ныр ацы цырты раз лæ­угæйæ, йæ уæлæ дидинджытæ æвæр­гæйæ, зын у хæсты сидзæрæн йæ зæр­дæ­йы æнкъарæнтæ радæттын.
…88 цæвæджджынæй, 88 гутондæрæй фæцух ис хъæубæстæ. Уыдонæй 49 лæп­пуйы туг, уæлахиз цы туджы денджызæй æл­хæд æрцыд, уырдæм къададонау азгъор­дта æмæ йæм баиу…
Ацы цырт байгом кæнгæйæ, котантойаг хæстонтæ – хæсты быдыры чи баз­задысты, хæстæй чи æрыздæхт, гъе та архайæг фронтмæ чи нæ бахауд, фæлæ æн­дæр ран чи сбæззыд, уыдон, цыма, æрæм­­бырд сты ногæй сæ уæзæгмæ, æмæ кæд сæхæдæг нæ, уæддæр сæ нæмт­тæ гранит къæйдуртыл сыгъ­зæрин дамгъæтæй фыст æрцыдысты рæнхъгай, раст цыма сæхæдæг лæууынц хæстон рæнхъы… Уыдон иу фæлтæр уыдысты, хæсты фæлтæр, иумæ хъомыл кодтой, иумæ карстой хос, иумæ дардтой гутон, иу уыд сæ уæзæг. Не ‘хсæн уыдо­нæй ничиуал ис, фæлæ ныр ис сæ номыл цырт æмæ уыдзæнис не ‘хсæн, цæудзысты йæм Биазыртæ, кæмфæнды ма цæ­рой, уæд­дæр æмæ сын мысдзысты сæ ру­хс нæмт­тæ.
…Стыр Фыдыбæстæйон хæст нæ дар­дæй дарддæр кæны. Æнхъæлдтам фашизм куынæг æрцыд æд уидæгтæ. Фæлæ нæ – абон та Уæрæсейы бахъуыд йæ ныхмæ Украинæйы зæххыл тох кæнын. Æмæ та Ирыстоны фырттæ æхсарджынæй тох кæ­нынц ам дæр, уыдонимæ – сæ фыдæлты уæзæг Котантойы хъæу кæмæн у, уыцы лæп­путæ. Æхсæзæй ацыдысты Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы ха­йад исынмæ. Дыууæйæ – Биазырты Бат­радз Олегы фырт æмæ Биазырты Ибрагим Аланы фырт фæмард сты… Мадзалы хайадисджытæ нæ ферох кодтой уыдоны дæр æмæ сæрæгастæн сæ цæст бауарзта уæлахизимæ фæстæмæ æрыздæхын, чи фæмард сты, уыдонæн та æрымысыдысты сæ рухс нæмттæ. Зынгæ зарæггæнæг Ба­гаты Шота ацы æфсæддон операцийы ха­й­адис­джыты ном арынæн сæххæст кодта йæ­хи фыст зарæг «Мад кæсы æнхъæлмæ».
Кæронбæттæны, цырты фарсмæ ма цы дæргъæй-дæргъмæ мæнгагъуыст арæзт æрцыдис, уым мадзалмæ æрцæуджытæ фынджы фарсмæ, æгъдау куыд амоны, афтæ рухс кодтой сæ хæстонтæн.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.