Бæрнон æмæ ахсджиаг хæстæ лæууы пе­дагогон конференци кæддæриддæр ахуы­­рады кусджыты – ахуыргæнджыты раз. Ног ахуыры азы райдиан Дзауы районы ахуыры хайад, æппæт скъолаты пе­дагогон коллективтимæ ауагъта ахуыр­­гæнджыты конференци. Уым сæр­магондæй хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады ми­нистр Лолаты Аслан дæр.
Райдианы æппæт хайадисджытæ иу уысм æмырæй алæууынæй ссардтой Беслæны трагедийы амæттæгты рухс нæмт­тæ. Уый фæстæ районы педагогон коллектив æруынаффæ кодтой ахуыр­дзау фæсивæды ахуыр-хъомыладон куысты тыххæй.
Дзауы районы администрацийы ахуы­ры хайады гæс Джиоты Алексей йæ коллегæты рæгъмæ рахаста, ивгъуыд ахуыры азæн цы хатдзæгтæ сарæзта, уы­дон, афтæ ма æрдзырдта ахуырады сис­темæйы аскъуыддзаггæнинаг фарстытæ æмæ дарддæры плæнттыл.
Педагогон конференцийы ма ахуыр­гæнджытæ бакастысты докладтæ, зæ­гъæм, историйы уроктыл скъоладзау фæсивæды патриотикон хъомылады тых­хæй, ног ахуырадон стандартмæ гæс­гæ райдиан кълæсты ахуыр-хъомыладон куысты хæстæ æмæ хатдзæгты тыххæй æмæ æндæр ахæм темæтыл.
Конференцийы раныхас кодта Ахуы­рад æмæ зонады министр Лолаты Аслан дæр. Ног ахуыры азы райдианы тых­хæй арфæты фæстæ министр æр­дзырд­та ахуырады системæйы ногдзинæдтыл, банысан кодта, зæгъгæ, районы æппæт скъолаты проблемæтимæ зонгæ кæй у, уый дæр.
Дзауы районы администрацийы сæр­гъ­лæууæг Тыбылты Вандæ та йæ ра­ны­хасы баныфсæвæрдта, зæгъгæ, районы ахуырадон уагдæттæн баххуыс кæныны тыххæй сæ фарсмæ кæй балæудзæн.
Конференцийы фæлгæтты ахуыр­гæнджытæ Цхуырбаты Нодар, Гасситы Ти­нæ æмæ Гасситы Ильнæ хорзæхджын æр­цыдысты ахуыры хайады кады гра­мотæтæй.

КОЦТЫ Еленæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.