Фыццаг хатт æвæрд нæ цæуы Ирыстоны театрты сценæтыл Хуыгаты Георы пьесæмæ гæсгæ спектакль «Сау нымæт». Бирæ хæттыты ма йæ фенæн уыдзæн Цæгат Кавказы æмæ æндæр регионты æвæрдæй дæр. Ныхас дзы цы хъуыддæгтыл цæуы, уыдон æхсæнады нырма бирæ рæстæг тыхсын кæндзысты. Бирæ рæстæг – уый цалынмæ адæймаг царды мидис агурынхъом уа, уæдмæ.

Царды мидис агургæйæ та адæймаг, стыр хъыгагæн, нырма бирæ рæдыдтытæ æруадздзæн. Ныридæгæн уал кæй æруагъта, уыдоныл ын ацы спектаклы дзурынц адæймаджы фæлгонц райсæг хæдзарон цæрæгойтæ æмæ сырдтæ. Пьесæйы авторы хъуыдымæ гæсгæ, уыдонæн тынг хъыг вæййы, зæгъæм, «бирæгъау æнæфсис», зæгъгæ, ахæм ныхас хъусын. Бирæгъ æххормаг куы нæ уа, уæд никæй хъыгдары, адæймаг та йæ фырхъалæй æдзух йæ ныййарæг æрдзæн знаггад хæссы! Кæнæ цæмæн загъдæуы «уæртæ та цыдæр фысы хицауæй сæвæрдтой», зæгъгæ? Фыс æнæмаст, сабыр цæрæгой куы у, уæд æнæджелбетт æмæ тутсæр адæймагыл йæ ном цæмæн «аныхæстæуыд»? Уæдæ, «куыдз дæ», зæгъгæ, дæр адæм кæрæдзийы цæмæн æфхæрынц, кæд æмæ уый хуызæн йæ хицауыл æнувыд ничи у, уæд?
Ацы æмæ бирæ æндæр «фауабарстытæ» æвæргæйæ, йæхи æрдзы паддзах хонæг адæймаг йæ азым æмбары, фæлæ йыл йæхицæн ницы хуызы басæт-дзæн. Уæд ын æрдзы сконд удгой-мæгтыл гадзрахатæй цæуæн нал уыдзæн, дунейы рæсугъдæй цы ис (уыимæ йæхи къухæй нывæст дæр), уыдон нал ныффалгæрон кæндзæн, йæхицæн хорз уа, уый охыл хæст æмæ æндæр бæллæхтæ нал расиддзæн.
Ам бахъæцæм адæймагæн йæ хъæндзинæдтæ йæ цæстмæ дарыныл æмæ, «цæстмæдарæнтæ» кæй номæй райдыдтам, уыдонæн сæхи равдисæм. «Сæхи» – уый Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры спектакль «Сау нымæт»-ы архайджыты.
Æнцон нæу, аивадуарзджытæ ма уый размæ дæр кæй федтой, уыцы «нывты гауыз» фæстæмæ райтауын. Æнæмæнг хъæуы но-гæй исты зæгъын, æндæра сфæлдыстадон коллективы удвæллой цæй охыл у?! Æвæрæг-режиссер Джелыты Хъазыбег æмæ йе ‘мхъуыдыгæнæг артисттæн уый бантыст. Сæ развæдгæнджытау бахастой æвæрæн ЦЫФÆНДЫЙÆ ДÆР АДÆЙМАГЫЛ ÆУУÆНДЫНЫ ХЪУЫДДАГМÆ. Артисттæй алкæцыдæр йæ хъайтары афтæ бауарзта, æмæ йын уыцы æууæнк фæцудын нæ бауагъта. Æрмæст сын баст у, АДÆЙМАДЖЫ НОМ хæссыны аккаг æцæгæй чи у, уыдонимæ.
Спектаклы иунæг адæймаг-хъайтар Фыййау (Хаситы Сослан) уыцы ном хæссыны аккаг у æмæ… нæу. Иуæй – æнæмаст, æрдзы хъæбысы фос хизæг лæг. Иннæмæй йæ иузæрдион хæлар куыдз Тузары (Куымæридтаты Батрадз) багæрах кæны. Йæ хъизæмæрттæй йæ фервæзын кæныны охыл, фæлæ уæддæр режиссер ацы нывы æндæр хъуыды æвæры. Куыдз (иумæйагæй æрдз) цъысымы Фыййауы (иумæйагæй адæймаджы) аххосæй бахауы, æмæ уый дæр æмбарын хъæуы.


Диссаг, фæлæ сæрыстыр æмæ æнæрцæф Тузар йæхæдæг дæр адæймаджы æппæрццæг миниуджытæй æнæхай нæу. Цæмæн æй бахъуыд йæ хицауыл гадзрахатæй рацæуыны фæндагыл æрлæууын? Уарзондзинады тых æгæрон у? Куыд нæ стæй – куыдз æмæ бирæгъы ‘хсæн цавæр «цæхæр арт» хъуамæ ссудза? Ам дæр та пьесæйы автор, режиссер-æвæрæг æмæ артистты руаджы театрдзау æмбары – цард вазыгджын у, иударон ницы-мацытæй дзы дæхи не сфæлтæрдзынæ. Куыдз фæстæмæ уайтагъд раст фæндагыл æрлæууыд, сæрвæты миты хъæпæныл сыдæймæлгæйæ йæ хицауæй рох сау нымæт хъахъхъæнгæйæ баззад.
«Хорз æмæ йæ уыцы сау нымæт фæци, æндæра цымæ йæ рæдыд куыд сраст кодтаид?», – ахæм хуызы фарстытæй адæймаджы хи сайын нæ хъæуы – урс бæллицтыл сау нымæт æрытауынмæ æгæр уæлæнгай æвæрд у.
Диссаджы хорз рафидыдта сценæ зæронд бирæгъ Чобры (Мамиты Григори) фæлгонцæй. Артист снывæста æцæг æгъатыр, фæлæ, цардæй йæ цы хъæуы, уый хорз зонæг сырды фæлгонц. Ацы сырд йæ идеалтыл гадзрахатæй никæд рацæудзæн, сæрибар ницæуыл баивдзæн, фæлæ… адæймагау сыгъдæг уды гадзрахатдзинады малы ныттулынмæ æмхиц у.
Иннæ сырдтæ – мадæл бирæгъ Чобрæ (Хуыгаты Альбинæ) æмæ рувас Буреттæ (Хаситы Эммæ). Сценæйыл уынæм, сæ хъару æмæ рæсугъддзинады руаджы сын царды алцыдæр бантысдзæн, зæгъгæ, чи хъуыды кæны, ахæм æрыгæтты фæлгонцтæ. Нысанмæ тырнын – уый тынг хорз у, фæлæ – хин æмæ кæлæны, кæнгæ митæй искæй амонд халыны руаджы? Нæ, ам дæр та адæймаджы фæзмыдæуы…
Æрдзы куыд вæййы, афтæ сценæйыл дæр сæ хъысмæт бæлвырд у мадæл Тæрхъус (Таугазты Дзерассæ) æмæ Зыгъарæгæн (Туаты Алан). Сæ цард зыр-зыргæнгæ æрвитынц, спектаклы сты сæ тугдзых «æмбæлттæн» дымыстæр æмæ лæггадгæнæг. Æмæ цы? Адæмæй козбаугæнджытæ, дымгæ кæцырдæм фæвæййы, уыцырдæм «симджытæ» иу æмæ дыууæ ис? Нæй, нæ та фæхицæн сты уыдон дæр «æрдзы паддзахы» æбæллиццаг зондахастæй.
Цардæй бирæ чи нæ домы, фæлæ æнæраст хъуыддæгтæ удæй чи æнкъары, ахæм адæмы фæлгонцтæ систы зæронд Халон (Къозонты Давид) æмæ йæ цардæмбал (Дыгъуызты Иринæ), хæрæг Хъихъо (Тедеты Андрей) æмæ Уæрыкк (Уалыты Георги). Алчидæр сæ йæхирдыгонау у философ-гуманист (халон никæд никæй мары, хæрæг йæхицæн ницы агургæйæ фыргуыст кæны, уæрыкк кæрдæджы халæй дарддæр никæй хъыджы цæуы).
Нымадæй – цалдæр фæлгонцы, фæлæ сæ баиу æнæхъæн дуне. Æнцон уыдис æви нæ артисттæн сæ дунембарынад цæрæгойты фæлгонцы бацæугæйæ равдисын? Сæйраг хъайтар Тузарæй райдай æмæ нымадæй цалдæр ныхасы скæнæг Зыгъарæгæй фæу – иууылдæр сты уырнинаг æмæ цардвæлтæрд сурæттæ. Стыр бузныг сценæйы дæснытæн æмæ се ‘ххуысгæнджытæн уый тыххæй. Бантыст сын АДÆЙМАДЖЫ ТРАГЕДИ равдисын. Тæригъæдджын рæдийаг у, фæлæ уæддæр – зондджын æмæ дардмæуынаг. Ууыл нæ æууæндын кæны йæ уд исæг фыййау куыдз. Адæймагыл иузæрдион уæвын ын æрдзæй лæвæрд миниуæг æнусты размæ сси, æрмæст уый тыххæй – нæ. Сау нымæт хъахъхъæнгæйæ, уый æндæр цавæрдæр хæзна хъахъхъæны, æмæ нын Ирон театры курдиатджын минæвæрттæ уымæ амонынц. Уыцы хæзна алкæмæн йæ миддунейы агургæ у, цæрæгойты зæрдæ ныл цæмæй къаддæр худа, уый тыххæй. Хъайтарты мидхъуырдухæн æмæ адæймагон миниуджытæй режиссер, бæлвырд, уыцы æнкъарæны «раивылдмæ» дæр хъавыд.
Цард кæддæриддæр у урс æмæ сау (æвæрццæг æмæ æппæрццæг) тыхты тох. Спектаклы уый разынд Тузар æмæ Чобры ныхмæлæуды сценæты. Сыгъдæг уды тырнæнтæ æхсæнад арæх афоныл нæ бамбары, æмæ уæд уыцы уд иунæгæй фæтухи кæны Тузары хуызæн. Галиу митæй йæхионтæ чи кæны, уыдон та уыцы сыгъдæг удтыл фæхудынц, сæ рæстаг архайд кæй нæ фæрæстмæ, ууыл сæхи худæгæй схæссынц, Чобр куыд кæны, афтæ. Бирæ арфæты аккаг сты Куымæридтаты Батрадз æмæ Мамиты Григори, æнусон ныхмæлæуд афтæ æнкъарæнджынæй кæй равдыстой, уый тыххæй. Уыдоны æмæ иннæ артистты хъайтарты дæр театрдзау бауарзы, куыд сты, афтæмæй. Кæмæн дзы тæригъæд кæны, кæуыл мидбылты бахуды, фæлæ дзы иуыл дæр йæхи нæ тигъ кæны, æмæ уый у, спектакль адæмы зæрдæтæм фæндаг æнтыстджынæй кæй агуры, уымæн æвдисæн…

ТЪЕХТЫ Тамерлан,
Уæрæсейы фысджыты цæдисы уæнг

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.