Горæт уыд æнахуыр æгуыппæг, боныгъæдæй дæр æмæ иумиагæй сисгæйæ уавæр дæр. Удызмæлæг никуыцæй зынд, æрмæст ма дзы цы иугай цæрджытæ уыд, уыдон хæдзæртты аууæтты чыртæ-чыртæй лæууыдысты. Алкæмæ дæр уыд иу дзуринаг – адæмы катайаг уавæр. Æхстытæ хъуыстысты горæты хуссар æрдыгæй. Хъуыстысты тыхджын срæмыгъдтытæ. Стæй та-иу райхъуыстысты сæ фæстиуджытæ дæр; фæцæф сты, фæмард сты, ныппырх кодтой, басыгътой… Цхинвалы алывæрсты цыд хæст… Шизофреник Саакашвилийы телеуынынады раныхасæй рацыдаид 20 минутмæ æввахс æмæ ссыгъд Цхинвал…

Горæты цæгатварсæрдыгæй мæнæуссæн комбинаты фæсауæрцдонтæй сæ иуы бын ССР Цæдисы дугæй нырмæ цы бункер уыд, уымæ æввахс уынгты цæрджытæ лидзынц бункермæ сæхи баауон кæнынмæ. Æз дæр мæ мад æмæ мæ фыдимæ  фæцæйлыгъдыстæм, фæлæ куыддæр сыхаг хæдзары онг бахæццæ стæм, афтæ бункермæ бахизæны цы чысыл хæдзар уыд, уый хæрдмæ фæрскгай фæхаудта. Нæ цæстыты раз сæвзæрд фондзуæладзыгон хæдзары бæрзæндæн зокъойы хуызæн рыг æмæ хæдзары пырхæнтæй. Æрæхгæдта бункермæ бахизæн. Снаряд снаряды фæдыл æмбæлдысты алы ‘рдыгæй хæдзæрттыл æмæ иугайдыгай сæ пиллон хæрдмæ цыд.  Мах фæстæмæ ралыгъдыстæм, фæсæццæ стæм æмæ хæдзары къулмæ лæугæйæ аззадыстæм. Цы фæуæм, уый нал зыдтам. Уæдмæ сыхаг лæг йæ къулдуар æрбакодта æмæ нæ тагъд-тагъдæй ныххизын кодта йæ ныккæндмæ.  Уы-дыстæм 15 адæймаджы бæрц æмæ нын æрлæууæн бынат дæр нæ уыд, фæлæ куыддæртæй фæрæзтам. Немæ уыд хæдзары хицауæн йæ фырт. Уый куыста хъахъхъæнынады министрады æмæ уыцы изæр æрулæфынмæ рацыд хæдзармæ. Хæст куы сытынг ис, уæд йæ хотыхтæ йе ‘уæхскыл баппæрста æмæ ахъавыд йæ куыстмæ ацæуын, фæлæ йын акъахдзæфы фадат дæр нал уыдис, мах дæр æй нал ауагътам, уавæр тынг тæссаг кæй уыдис, уымæ гæсгæ æмæ уал йæхи бааууон кодта махимæ. Уыдис æм раци æмæ уымæй хъуыстам, горæтмæ гуырдзыйы æфсад, стонг бирæгътау, алырдыгæй кæй æрбабырсынц. Иуафон ныл бæстæ баталынг, ныррызтысты зæхх, къултæ, ныккæнд рыг æмæ топпыхосы тæфæй айдзаг ис. Хъустæ акъуырма сты. Ныккæнды дуар æхсты уылæн фелвæста æмæ йæ йæ ныхмæ иннæ къулыл атъæпæн кодта. Бамбæрстам, рæмудзæн æрмæг нæм тынг æввахс кæй сæмбæлдис. Фæлæ цы хъуамæ фæуæм, уынджы уавæр фыддæр йедтæмæ хуыздæр нæ уыдис. Кæдæм хъуамæ ахизай! Нæ цъиувæдис чысыл фæсабыр кодтам кæрæдзийæн ныфсы ныхæстæй, бануæзтам хостæ, фæлæ…

Бонмæ æввахс æрбалыгъдысты иннæ сыхæгтæ дæр æмæ нын, ныртæккæ дзæнæттаг Джиджджойты Хазби загъта, хæдзарæн йæ иу хай кæй судзы æмæ ныккæнды бадын æдас кæй нал у. Фæнды ныккæнды бад æмæ æнхъæлмæ кæс дæ мæлæтмæ, фæнды бункермæ – згъоргæ. Чизоны ма бантыса бункермæ балидзын хæдзæртты пырхæнты æхсæнты дæр æмæ уæд – аирвæзтæ. Судзгæ хæдзары бын ныккæнды та æрмæстдæр – мæлæт. Æмæ иууылдæр ралыгъдыстæм. Стыр Хуыцауы фæндæй иууылдæр баирвæзтыстæм бункермæ.

Уый уыд 8-æм августы райсомæй. Бункеры æрæмбырд ис 500-мæ  æввахс адæймаджы. Уæды онг уыйбæрц адæм ахæм уавæрты федтон æрмæстдæр хæстон киноты; сау къултæ, сау цар, зæхх. Фыдæлты дуджы царды уавæртæ ауадысты цæстытыл. Адæмы цæстытæм бакæсын зæрдæ нæ хаста, уыйбæрц тас, зындзинад æмæ сæ фæдисы æнкъарæнтæ æвæрд уыд, æмæ-иу адæймаджы зæрдæ бынтон йæхи къултыл ныххоста.

Бункермæ не ‘рбацыдæй цалдæр сахаты бæрц уыд сабыр, æвæццæгæн, уæд знаг нæма зыдта, уым бирæ адæм кæй ис. Фæлæ фæссихормæ æввахс бункеры сæрыл цы агъуыст уыдис, уый ныппырх ис снарядæй. Зæрдæхалæн гуыбар-гуыбурæй нызмæлыдысты къултæ, змæлыд цар дæр, фæлæ йæ арæзт фидардæр разындис знаджы хæстон техникæйæ. Уымæй фæстæмæ суанг 10-æм августмæ æрвылбон æмæ æхсæв дæр ахæм æхстытæ уыд бирæ хæттыты, фæлæ агъуыст нæ ныккалд, нæ радта, йæ мидæг чи бамбæхстис, уыцы адæмы знаджы тугæйдзаг дзæмбытæм.

Иуахæмы æрбахизæнæй райхъуыст ца-вæрдæр зæрдæхалæн кæуын. Мидæмæ æрбакалдысты сылгоймæгтæ, семæ уыд астæуккаг кары сывæллæттæ дæр. «Фезмæлут, фезмæлут! Тагъддæр мидæмæ! – хъæрæй, фæлæ рæвдаугæ хъæлæсæй дзырдтой, семæ цы нæлгоймæгтæ æрбацыдысты, уыдон. Ныр уæхи æрсабыр кæнут, ам æдасдæр у. Зæгъынц, Уæрæсейы æфсад Дзауы æрцæуынц æмæ уæдмæ чизоны уавæр фæхуыздæр уа». Сæ дарæс уыд хуылыдз, чидæртæ дзы æппындæр сæ къахыл нæ лæууыдысты, чи – фырлæмæгъæй, кæмæн та фыртасæй æвзæр кодта йæ зæрдæ. Уыдон иууылдæр уыдысты Дыргуисы районы цæрджытæ, æрвылбон дæр адæймаг кæй уыдта, уыцы хæрзæввахс сыхæгтæ, уарзон æмæ зынагъ адæм.

Джиоты Мадинæйы æрбахизын кодтой йе ‘мкъай æмæ йæ сыхаг чызг, йæ фæйнæ фарс балæугæйæ. Куыд рабæрæг ис, афтæмæй Мадинæ йе ‘мкъаимæ бамбæхстысты сæ хæдзары ныккæнды. «Грады» снаряд сæмбæлдис сæ хæдзарыл. Афардæг ис уæлхæдзарæй суанг ныккæндмæ æмæ ныссагъд, æмкъæйттæ кæм бадтысты, уыцы бынатæй дыууæ метры æддæдæр. Сæ амондæн не схæцыд… Фæлæ ныппырх кодта хæдзар, йæ пырхæнтæ æркалдысты æмкъæйттыл. Ар-тур фæцис уæлæнгайдæр цæфтæ, фæлæ Мадинæйæн ныллыгтæ сты йæ æгъдтæ, йæ цæнгтæ, йæ гуыбын ацъæрæмыхстытæ ис, уадултæ цалдæр раны арф фегом сты æмæ алырдыгæй калд йæ туг. Ахæм уавæры фесты боны дæргъы, стæй талынджы куыддæртæй æрбахъуызыдысты бункермæ. Уæдмæ сылгоймаг æвзæр кæнын райдыдта. Бункермæ куы æрбацыдысты, уæд уал ын сбарстам йæ туджы æлхъывдад, йæ цæфтæ йын æрæхсадтам, спиртæй сæ ныссыгъдæг кодтам æмæ сæ бабастам. Бадардтам ын рыстуромæн хостæ дæр. Нæ къухы медикаменттæй цы уыд, уыдонæй нæ бон куыд уыд, афтæ фыццаг æххуыс бакодтам, кæмæн хъуыд, уыдонæн.

Уыдис бункеры сывæллæттæ дæр. Сæ иу– цыппараздзыд Тедеты Миланæ. Сывæл-лæтты рæвдауæндоны мæ хъомылгæнинаг. Уый уыдис нæ иумиаг стыр катай, уый уыдис уыцы бонты нæ иумиаг стыр хъæлдзæгдинад дæр. Сывæллон не ‘мбæрста, уый æппæт адæм талынджы цæмæн бадынц, фæлæ хæларзæрдæ саби разгъор-базгъор кодта иу зонгæйæ иннæмæ. Фылдæр йæхи æппæрста йæ мадмæ кæнæ та мæнмæ. Куы-иу райдыдтой æхстытæ, уæд та-иу æй кæй разы æрæййæфтой, уый-иу æй йæ хъæбысы нымбæхста. 10-æм августы Миланæйы йæ фыды æфсымæр акодта Цæгат Ирыстонмæ. Ныртæккæ у Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæй сæ иуы студенткæ.

Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы ам цы цард арвыстам, уый ныффыссынæн хъæуы иу хъуыдыйад: уый цард нæ уыд!

ХУЫГАТЫ Миленæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.