2008 азы августы иуæндæсæм бон. Хæсты æртыккæгæм бон, растдæр зæгъгæйæ та хæсты фæстаг бон. Уый – махæн, Хуссар Ирыстоны адæмæн. Уæрæсейы ма бахъуыд дыууæ боны, цæмæй Гуырдзыстоны тыхæй æркодтаид сабырадмæ.

Уыцы бон райсомæй хæстдзагъд Цхинвалы уынгтæм ныккæндтæй рахызтысты йæ цæрджытæ. Бирæтæ нал сæмбæлдысты ацы боныл. Чи йæ мæлæт йæ хæдзары ссардта, чи – знаджы ныхмæ тох кæнгæйæ, чи – фæндагыл, йæ сывæллæттимæ хæстæй лидзгæйæ. Мæлæт кæуыл бацаудыдта, йæ иувæрсты кæмæн ахызт, уыдон, хæсты гыбар-гыбур нал хъусгæйæ, бацагуырдтой сæ хæдзæртты, сæ фатерты. Чи йæ пырх, дæрæн хæдзары раз балæууыд, чи – дымгæ кæм къуыззитт кодта, уыцы фатеры къæсæрæй бахызт. Иунæг фатер, иунæг хисæрмагонд хæдзар, иунæг бæстыхай дæр нал баззад, хæст кæмæн нæ разиан кодта. Адæм кæрæдзимæ цыдысты, кæмæн цы æмæ цас разиан кодта, уыдæттæ уынынмæ. Къаддæр нæ цымыдис кодтой, горæт, иумæйагæй сисгæйæ, цы уавæры ис, уый базонынмæ дæр æмæ иунæджытæй, къордгæйттæй цыдысты, рудзгуытæй чи рызгъæлдысты, уыцы саст æвгты, бæлæсты хауд цæнгты, скъуыдтæ электротелты, хицæн хæдзæртты пырхæнты сæрты. Амыты-уымыты – гуырдзиаг хæстон техникæйы пырхæнтæ, хæстонты мæрдтæ… Уæлдæфы уддзæф æнуд тæф хаста…

Ахæм горæты уынгты цæугæйæ, уæззау хъуыдытимæ балæууыдтæн нæ куысты – Мыхуыры хæдзары раз. Ам сты Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитет, чингуыты рауагъдад, газеттæ æмæ журналы редакцитæ.

Редакцийы бæстыхайы фарсмæ уæрæх фæзуаты (ныртæккæ дзы футболæй хъазæн фæзуат ис) æрбынат кодтой Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрады службæгæнджытæ сæ техникæимæ. Æрластой гуманитарон æххуыс.  Хæстон техникæйæ азмæлæнтæ нæ уыд Мæскуыйы æмæ уымæ хæстæг уынгты. Лæууыдысты типографы кæрты, æрлæууыны фадат кæм уыдис, æндæр ахæм бынæтты. Сæ ных арæзт уыд Гуры фæндаджы ‘рдæм –  Гуырдзыстоны  тыхæй сабырадмæ æркæныны фæдыл операци нæма фæцис…

Мыхуыры хæдзары бæстыхайы раз бæласы бын æрбатымбыл стæм цалдæрæй. Ам уыдис Информаци æмæ мыхуыры комитеты сæрдар Гаглойты Иринæ дæр.  Гаглойты чызг фæдзæхста, цæмæй журналисттæй бынаты чи ис, уыдон зилой горæты, æмбæлой цæрджытимæ æмæ кæуыл цы зиæнттæ æрцыд, чи цы бавзæрста, уыдон фыссой…

Бæстыхайы уæладзгуыты зилгæйæ, зæрдæйæн æхсызгон уыд къæлидорты цæуын, кусæн кабинеттæм ногæй бакæсын, кæд тыгъд дуæрттæ, рудзгуытæй дымгæ къуыззитт кодта, кæд къабинетты астæрдтыл, къæлидорты хуртуанау зæрст уыдысты фыссæн гæххæттæ, газеттæ, уæддæр.

Мæ кусæн кабинетмæ бахизгæйæ, рудзынджы фæйнæгыл фæкомкоммæ дæн… маргъы сисмæ. Бабызы сисы йас. Цы йæ бахаста уырдæм, чи йæ сæвæрдта уым, уымæн абон дæр ницы зонын. Æмæ ахъуыды кодтон, зæгъын, чизоны, цытæ ‘рцыдис, цытæ бавзæрстам, уыдоныл фыссын кæй хъæуы, уый нысан у. Фæлæ ам, редакцийы кабинетты нырма æрбадæн, куыстмæ æрæвналæн нæ уыдис. Уый тыххæй нæ, æмæ ам алцы æрæфснайын кæй хъуыдис. Уый тыххæй, æмæ кусджытæй бирæтæ сæ сывæллæттимæ сæхи хæстæй дарддæр – Цæгат Ирыстоны кæй бааууон кодтой. Уый хорз хъуыддаг уыдис – сывæллæттæ, сылгоймæгтæ, зæрæдтæ æмæ, æгæрыстæмæй, æнæхæцæнгарз нæлгоймæгтæ дæр хæсты нæ хъæуынц. Æвзæр уый уыд, æмæ нæ ныккæндты бирæ ахæм адæймæгтæ кæй баззадысты.

Куыстмæ, газет уадзынмæ æрывналын ма гæнæн уымæн нæ уыдис, æмæ горæт ифтонг нæ уыдис электроэнергийæ. Электротелтæ ныскъуыдтæ сты æмæ сæ ивынмæ уайтагъд æрæвнæлдтой уæрæсейаг энергетиктæ.

Цы ма бадардтон мæ зæрдыл уыцы бон редакцимæ бацæугæйæ, уый – нæ бæстыхайы ныккæнды бирæ марды чырынтæ… Цæгат Ирыстонæй сæ ластой. Амондæн, иууыл нæ бахъуыдысты æмæ ма хæсты фæстæ дæр бирæ рæстæджы уым лæзæрыдысты.

Бацымыдис кодтон, нæ бæстыхайы фарсмæ полиграфион-кондадон баиугæнд цы уавæры ис, уымæ дæр. Уæлдайдæр та уымæн æмæ ам мыхуыр кодтой мæ ног чиныг «Царды хуызтæ». Уыцы бæстыхай дæр хуыздæр уавæры нæ уыд. Уым дæр фенæн уыд раст ахæм нывтæ. Дыккаг уæладзыджы, чингуыты кæм цæттæ кодтой æмæ тыхтой, уыцы цехмæ дæр бахизын хъуыд змæст гæххæттыты, алыгъуызон брæтты сæрты. Фæйнæрдæмыты акæсгæйæ, рахисфарсæрдыгæй иу къуымы кæрæдзийы фæрстæм уыдысты хицæн авторты чингуыты тыхтæттæ  раласынæввонг. Бацыдтæн сæ цурмæ. Æркæстытæ сæм кодтон. Тыхтæттыл фыст уыдысты авторты æмæ чингуыты нæмттæ. Мæ чиныг дæр уыд се ‘хсæн. Йæ хъысмæт цы бауыдзæн, уый тыххæй Гаглойты Иринæйы куы бафарстон, уæд мын цыбырæй дзуапп радта, æз æй, зæгъгæ, цы хъуамæ фæкæнон, алас æй, зæгъгæ, дæ хæдзармæ. Æз дæр æнæхъæн тиражы раластон, афтæмæй дзы нæдæр библиотекæтæм бахауд, нæдæр магазинмæ…

Хæсты хæдфæстæ республикæйы алы цæрæг дæр, æвæццæгæн, банкъардта Уæрæсейы æххуыс. Ацы бæстæйы Уæлвæткон уавæрты министрады колоннæ æрласта, цардифтонгадæн фыццаг рады цы хъæуы, уыдæттæ. Цы генератортæ æрластой, уыдонæй иу сæвæрдтой Мыхуыры хæдзары раз, цæмæй дзы цалцæггæнæн куыстытæ æххæст кæныны фадат уыдаид.

Бæрцæй рацыд нымад бонтæ æмæ, æцæгæйдæр, Мыхуыры хæдзары цалцæг кæнынмæ æрывнæлдтой цæцæйнаг аразджытæ. Рудзгуытæй акалдтой, къабинетты цыдæриддæр уыдис, уыдон. Бæз-зынц, нæ бæззынц, ууыл дзырд нал цыдис. Раивтой рудзгуыты, дуæртты, электрохæххыты, бæстыхайы æмбæрзт. Къултæ цæмæй ноджы растдæр уыдаиккой, уый тыххæй сыл ныххуыдтой гипсокартон. Зæронд цары бамбæхстой «ауындзгæ» цары фæстæ. Æгæрыстæмæй паркет астæрдтыл дæр сæвæрдтой ламинат, къæлидорты, асинтыл та – плиткæтæ. Иу дзырдæй, аразджытæ бацархайдтой, цæмæй йын нырыккон хуыз радтаиккой.

Ахæм уагыл сцалцæг кодтой полиграфион-кондадон баиугæнды бæстыхай дæр. Кæртмæ ракалдтой, бирæ азты чи фæкуыстой, уыцы дамгъæвзарæн уæззау линотипты, æндæр тæрхыты æмæ уый адыл уыдонæн сæ дуг фæцис. Уыйбæрц ифтонггæрзтæ, кусæнгæрзтæ ракалдтой æмæ сæ бæрзæнд дыккаг уæладзыгмæ схæццæ. Бæстыхай æдтейæ-мидæгæй цалцæг куы рцыдис, уæд йæ кондадон фæзуæтты зынгæ хай ссæрибар ис. Æвæрд сæ æрцыдысты нырыккон, бирæ бынат чи нæ ахсынц, ахæм ифтонггæрзтæ.

Мыхуыры хæдзары кусæн кæй нæ уыдис, уымæ гæсгæ нæ редакцийы кусджытæ куыстой, университеты фарсмæ цы къаннæг бæстыхай ис, уым, дыккаг уæладзыджы. Хæсты фæстæ нын фыццаг газет рауадзын цалдæр бонмæ нæ бантыст… Уæдмæ кусджытæ дæр здæхтысты сæ куыстмæ æмæ газет райдыдта цæуын, раздæр куыд цыд, афтæ.

Горæты фыццаг цæуыл бакуыстæуыд, уый уыд йæ уынгты йын ныссыгъдæг кæнын, стæй æрывнæлдæуыд æндидзынгæнæн куыстытæм, кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейы алыварсон æххуысæй. Пырх хæдзæртты бынæтты рæзтысты ног хæдзæрттæ, цалцæг кодтой, кæмæн разиан чындæуыд, уыцы хæдзæрттæ, æрæвнæлдæуыд уынгты бындурон реконструкцимæ.

Мах, Цхинвалы цæрджытæ æвдисæн уыдыстæм, гуманитарон æххуысы хуызы алыгъуызон хæлцадон продукттæ, дарæс, хæдзарон дзаумæттимæ нæм колоннæтæ Уæрæсейы регионтæй куыд цыдысты. Æндæр фарст у, куыд дих цыдысты,уый…

Нæ царды алы къабазы республикæйы алы цæрæг абоны онг æнкъары Уæрæсейы æдзухон  æххуыс æмæ уый руаджы æууæнды йæ сабыр фидæныл дæр.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.