2008 азы августы гуырдзиаг агрессийы рæстæджы куыд дипломаттæ, афтæ журналисттæ дæр куыстой ууыл, цæмæй дунейы рæстдзинад базыдтаиккой Хуссар Ирыстоны цæуæг цауты тыххæй æмæ фактон æгъдауæй афтæмæй аккаг ныхкъуырд радтой Ныгуылæны мæнг пропагандæйæн.

Ацы хъуыддагмæ стыр хайбавæрд бахаста уæрæсейаг æфсæддон уацхæссæг Евгений Поддубный дæр. Уый активонæй æвдыста Хуссар Ирыстоны хæстон архайдтыты цаутæ, куыд 2004 азы (æгæрыстæмæй, уæд 22-æм августы йæ гуырæн бон дæр банысан кодта Цхинвалы кафе «Ромашка»-йы), афтæ ма 2008 азы августы хæсты рæстæджы дæр. Йæ исæн къорд  куыста Киевы, Донбасс, Артемовск, Луганск, Славянск, Краматорск, Горловка æмæ æндæр æндыгъд бынæтты. Куыста æмæ æвдыста Сирийы цаутæ дæр. Æрæджы, 7-æм августы Евгений Поддубный уæззау цæф фæцис  Курскы областы. Фæлæ, табу Хуыцауæн, мæлæтæй аирвæзт. Ныртæккæ йын хос кæнынц Мæскуыйы. Йæ цардæн тæссаг нæу.

Журналистты æмрæнхъ сæ пиар-активондзинадæй бахъуыды кодтам æндæр категориты адæймæгты дæр. Гуырдзиаг агрессийы фыццаг сахаттæй фæстæмæ конфликты зонæйы цауты сæйраг спикер ссис инæлар-булкъон Анатолий Ноговицын. Æппынæдзух уагъта брифингтæ хæстон архайдтыты тыххæй. Уый Уæрæсе æмæ дунейы зындгонд ссис 2008 азы августы куыд УФ-йы хъахъхъæнынады министрады официалон минæвар, афтæ. Уымæн хæсгонд уыд æрвылбон дæр телеуынынады æхсæнадæн информаци дæттын гуырдзиаг тыхæйисджыты ныхмæ хæсты тыххæй. Ноговицын комментаритæ лæвæрдта æрвылбон дæр, бирæ хатт та боны дæргъы цалдæр хатты.

Уый уыд уæззау æмæ зын куыст, цыран иу æнæраст ныхас дæр гæнæн ис æркодтаид дунеон хъаугъамæ. Инæлар Ноговицын аккагæй сæххæст кодта йæ ахсджиаг æмæ бæрнон хæс. 2008 азы июлы мæйы Ноговицын нысан æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты Генералон штабы хистæры хæдивæгæй – УФ-йы Гарзджын тыхты Генералон штабы æфсæддон-зонадон комитеты сæрдарæй. 2010 азы августы уæрæсейаг инæлар уыд Хуссар Ирыстоны. Республикæмæ уый æрцыд Колллективон æдасдзинады тых-хæй Бадзырды организацийы баиугонд шабы хистæры хæдивæджы бынаты кусгæйæ. Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад Анатолий Ноговицыны схорзæхджын кодта Кады орденæй. Инæлар цардæй ахицæн 2019 азы 67 аздзыдæй.

2008 азы информацион быдыры тохы ма уыд ноджы иу нысаниуæгджын фигурæ. Кæд инæлар Ноговицын сæйраджыдæр  информацион къабазы архайдта, уæд Виталий Чуркинæн  та егъау уыд йæ архайд дипломатон фронты. Уыимæ уæрæсейаг дипломат равдыста хæсты быдыры иу адæймаг дæр хæстон кæй у, уый. Цæвиттонæн æрхæссæм 2008 азы 28-æм августы ИНО-йы Æдасдзинады рабадт. Рабадт уагъд æрцыд Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад куы банымадта, уымæй дыууæ боны фæстæ. Чуркин Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы хæдбардзинад банымайыны тыххæй УФ-йы Президенты Барамындтæ куы бакаст æмæ ацы паддзахадон акты фæдыл юридикон æмæ историон бындуртæ куы æрхаста, уæд ИНО-йы цур ныгуылæйнаг бæстæты æдзухон минæвæрттæ ралæууыдысты критикæимæ Уæрæсейы архайдтыты фæдыл. АИШ-ы минæвар Алехандро Вулф фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ бæстæ «цæхгæр тæрхон кæны» Уæрæсе тыхæй кæй спайда кодта æмæ Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинад кæй фехæлдта, уымæн. Критиконæй Мæскуыйы адресыл раныхас кодтой Стырбритани æмæ Коста-Рикийы æдзухон минæвæрттæ Джон Сойерс æмæ Хорхе Урбина. Уыдон банысан кодтой, зæгъгæ, тыхæй спайда кæнын  у дунеон барады ныхмæ æмæ Кавказы дыууæ республикæйы банымад та халы Гуырдзыстоны фæдыл ИНО-йы Æдасдзинады советы резолюци.

ВиталийЧуркин

Виталий Чуркины реакци райдианы уыд иронион, æлхыскъæмхасæн: «Если бы в нашем зале… появился бы инопланетянин, то после того, как он послушал бы нашу дискуссию, его сердце переполнилось бы гордостью за членов Совета Безопасности. Какие принципиальные люди! Как последовательно они защищают высокие принципы международного права!». Фæлæ уый фæстæ уæрæсейаг дипломат цæхгæр рахызт серьезон ныхасмæ æмæ акцент сарæзта АИШ-ы минæварады хъусынгæнинагыл, зæгъгæ, паддзахадтæ сæ архайдтыты хъуамæ сæхи уромой тыхæй спайда  кæнынæй. «Фæнды мæ бафæрсын АИШ-ы цытджын минæвары: Æмæ дзыллон æгъдауæй куынæггæнæг хæцæнгарз ссардтат Ираны æви ма йæ ныр дæр агурут?..», – загъта Чуркин æмæ бацамыдта уымæ, зæгъгæ, йæ рæстæджы уый уыд æфсон Æввахс Хурскæсæны ацы бæстæмæ бабырсынæн.

Уый фæстæ зæрдыл æрлæууын кодта балкайнаг фæлтæрддзинады тыххæй, мидисмæ гæсгæ бирæ паддзахадтæн дывæр стандартты тыххæй бауайдзæф кæнгæйæ. «Некоторые члены Совбеза ООН напоминают о важности соблюдать резолюции Совета Безопасности и принцип территориальной целостности. А где же вы, дорогие мои коллеги, были, когда мы Косово обсуждали?». Æмæ бацамыдта Ныгуылæны дывæр политикæмæ.

2007 азы ноябры, Æдасдзинады Совет райста резолюци, цыран фидар æрцыд раздæры Югославийы паддзахадты территориалон æнæхъæндзинады принцип. Сымах цæмæннæ бафидар кодтат ацы принцип цалдæр мæйы фæстæдæр, Æдасдзинады Советмæ план Ахтисаари куы æрбавдыстой, уæд? Кад кæнут резолюцитæн? Æмæ куыд уа 1244-æм резолюци та, кæцымæ гæсгæ Косовойæн бар нæ уыд хæдбардзинад расидын? Кæм ис дунеон барадæн кад кæныны принцип?», – загъта Виталий Чуркин.

ИНО-йы уæрæсейаг минæвары уæндон æмæ принципиалон позици æнæ хъусдардæй нæ баззад Хуссар Ирыстоны ‘рдыгæй. Виталий Чуркин хорзæхджын æрцыд бæстæйы уæлдæр хорзæх – Уацамонгæ»-йы орденæй. Хорзæхджынгæнæн сыфы фыст уыд, зæгъгæ, орден лæвæрд цæуы «Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад сфидар кæнынмæ йæ хисæрмагонд хайбавæрд бахæссыны, дунеон ахастыты æппæт нациты æмæ адæмты барты рæстдзинад æмбарад сфидар кæныны уæлдай лæггæдты тыххæй. Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты æмрæнхъ тох кодта республикæйы сæрибардзинады сæрыл æмæ æппæт дунейæн фехъусын кодта рæстдзинад 2008 азы августы цауты тыххæй». Уый уыд ахæм дипломат, кæцыйы лæггæдтæн саргъгæнæн дæр нæй. Хъыгагæн, хорзæх йæхæдæг нал райста…

2017 азы 20-æм февралы цардæй æнæнхъæлæджы ахицæн Виталий Чуркин,  йæ 65 азы юбилеймæ ма йæ иу бон куыд хъуыд, афтæ. Ирд æмæ курдиатджын адæймаджы йæ коллегæтæ хуыдтой дипломатийы æцæг хæстон, нысан ын кодтой йæ æгъдауыл ныхас, юморы æнкъарынад æмæ йæ раныхасы рæстæджы тагъд реакци. Йæ оппоненттæ дзырдтой, зæгъгæ, Чуркин кæд  карз ныхмæлæууæг уыд, уæддæр-иу алыхатт дæр баззад  сæ хæларæй.

Виталий Чуркины æнæрæстæджы амæлæтыл Хуссар Ирыстоны дæр сæмбæлдысты стыр хъыгзæрдæйæ, алкæйы зæр-дæ дæр ыл фæрыст, уымæн æмæ уый хуссарирыстойнаг адæмæн ссис æцæг хæлары хуызæн.

Хуссар Ирыстоны адæм никуы ферох кæндзысты, сæ уæззау рæстæджы сæ фарсмæ чи æрбалæууыд æмæ сын алыгъуызон æххуыс чи бакодта, уыцы адæймæгты.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.