Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты мемориалы раз РХИ-йы Президент Гаглойты Аланы раныхас

Цытджын æмбæстæгтæ!

Æрвылаз августы Хуссар Ирыстоны адæм æрымысынц 2008 азы цаутæ. Ацы бонтæ æрбаиу кæнынц бавзаргæ зиæнтты рыст æмæ Цхинвалы хъахъхъæнджытæ æмæ уæрæсейаг салдаттæ цы æхсардзинад равдыстой, уыдон.

Æхсæрдæс азы рацыд 2008 азы 8-æм августæй, гуырдзиаг æфсæдтæ куы райдыдтой операци ахæм номимæ «Сыгъдæг быдыр», зæгъгæ. «Сыгъдæг быдыр» саразын сæ фæндыд æгас Хуссар Ирыстонæй.

Июлы мæйы гуырдзиаг æфсæдтæ æхстой нæ позицитæ, фæндыд сæ, цæмæй сын мах дзуапп радтаиккам, æмæ сын уый фæстиуæгæн хæст расидынæн уыдаид æфсон. Зиæнтты номхыгъд фылдæр кодта æрвылбон. Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг фидауынгæнджытæ архайдтой, цæмæй хæст ма сног уа, æвдыстой хиуылхæцгæдзинад. Тбилисы та фидарæй дзырдтой, уыдон аххосджын кæй не сты.

Æнæнхъæлæджы бабырст сифтонг кæнынæн Саакашвили æрсидт ирæттæм æмæ фехъусын кодта, кæй нал æхсдзысты, уый. Æцæгæй та æфсадæн лæвæрд æрцыд бардзырд бабырст райдайыны тыххæй. Æхсæвы горæтмæ райдыдтой æхсын ГРАД-ы ракетæтæ æмæ егъаукалиброн снарядтæй. Цхинвалы ‘рдæм фенкъуыстысты танктæ æмæ фистæг æфсад.

Цалдæр стукæйы цыдысты уæззау тохтæ, фæлæ Цхинвалы хъахъхъæнджытæ гуырдзиаг æфсадæн фадат нæ радтой горæты æрбынат кæнынæн. Ирон хæстонтæ æмæ уæрæсейаг фидауынгæнджытæ фидарæй лæууыдысты сæ позицитыл 58-æм æфсад æрцæуыны онг.

Зын зæгъæн у, цахæм ныфсимæ æнхъæлмæ кастысты Цхинвалы уæрæсейаг æфсадмæ. Уый уыд цард æмæ мæлæты фарст. Адæм куы федтой уырыссаг тырысайы бын танктæ, уæд зыдтой, кæй æрцыд ирвæзынгæнæг, хæсты æбуалгъдзинад кæй фæцис, Хуссар Ирыстон кæй цæрдзæн! Дыккаг бон фæзынд фыстытæ: «Спасибо, Россия!» – адæмы фæндыд Уæрæсейæн бузныг зæгъын, кæцы фервæзын кодта нæ адæмы.

Хуссар Ирыстоны алчидæр зоны, цы аргъæй æлхæд æрцыд уæлахиз. Хуссар Ирыстон зæрдыл дардзæн алкæйы дæр. Æмæ цалынмæ цæрой нæ адæм, уæдæмæ Цхинвалы хъахъхъæнджыты æмæ уæрæсейаг хæстонты цыртдзæвæнты раз уыдзæн дидинджытæ, кæцытæ фæмард сты Цхинвалы сæраппонд тохты. Уыдоны нæмттæ арыны тыххæй арæзт æцырд ацы мемориал – æхсардзинад, удуæлдайдзинад æмæ хъайтардзинады символ!

 

Æрымысæм хъайтарты рухс нæмттæ иу уысм æмырæй алæугæйæ.

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Мах  кæдæм æрбацыдыстæм, уыцы Мемориалон комплекс у, хæсты цаутæ зæрдыл æрлæууын кæнынæн. Уый ма у хæстон хæлардзинад, ирон æмæ уæрæсейаг хæстонты æфсымæрдзинады символ. Уыцы хæсты ноджы тынгдæр сфидар æмæ ног хуыз райстой хæстон хæлардзинад традицитæ, кæцыйæн йæ истори у рагон.

2008 азы августы уæрæсейаг æфсад фæсырдта нæ бæстæмæ æрбабырсæг знаджы æмæ Хуссар Ирыстоны зæхмæ æрхаста сабырдзинад. Абон ирон хæстонтæ, уæхски-уæхск тох кæнынц Уæрæсейы сæраппонд. 2008 азы хæсты хъайтарты цæвиттон разæнгард кæны ирон хæстонты сгуыхтдзинæдтæм, сиды, цæмæй цæуой размæ, Уæрæсейы сæраппонд тох кæнгæйæ куыд райгуырæн зæххы тыххæй, афтæ. Хуссар Ирыстон сæрыстыр у фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты æхсардзинадæй! Æнхъæлмæ сæм кæсæм уæлахизимæ!

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.