2008 азы августы хæсты хуссарирыстойнаг цæрджытæ цы хъизæмæрттæ æмæ дудгæбæттæ бавзæрстой, цы сындзджын фæндагыл рацыдысты, уый диссагæн дзуринаг сты.
Рацыд 16 азы 2008 азы августы тугуарæн, æнæмсæр хæстæй. Кæд уый размæ дæргъвæтин хæстон азты дæр бæлиццаг нæ уыд нæ уавæр, уæддæр 2008 азы августы  хуссарирыстойнаг адæм лæууыдысты сæрсæфæны былыл. Чи йæ зоны, Стыр Уæрæсе нæм æххуысмæ куынæ фæзындаид, уæд нæ хъысмæт цахæм уыдаид, хъуыддаг цæуыл фæуыдаид, уый.

О, цас фыдæбæттæ, фыдæвзарæнтæ æрхаудта ирон адæммæ! О, цас  фæкалд æнæаххос ирон адæмы туг! О, цас цæссыг фæкалдтой ирон саударæг мæдтæ! О, цас тæссаг бонтæ æмæ æхсæвтæ фервыстой хуссарирыстойнаг цæрджытæ! О, цас хъæбатыр лæппуты æмæ сабыр цæрджыты фесæфта Ирыстон! Фæлæ бæрæг куыд у, афтæмæй фыдбон æмæ фыдлæгæн бирæ цæрæнбон нæй æмæ æппынфæстагмæ рæстдзинад фæуæлахиз вæййы.

Цалфæнды азы ма рацæуа, уæддæр уыцы тугуарæн бонты ам, Цхинвалы чи уыд, мæлæты тас йæхиуыл чи бавзæрста, мæлæты цæстытæм комкоммæ чи каст, уыдон никуы ферох кæндзысты 2008 азы августы трагикон бонты. Уыцы бонтæ нæ мысынады баззайдзысты цæрæнбонтæм. Августы хæстæн æвдисæнтæ чи систы, уыдон абон куыдфæнды ма фæлварой уыцы трагедийы тыххæй радзурынмæ, уæддæр сæ æххæстæй сæ бон нæ бауыдзæн равдисын, ахæм æнæбауырнинаг цаутæн систæм æвдисæнтæ. Ау, кæй хъуамæ бауырна, ныккæндты бадгæйæ егъау гуыппыты рæстæджы нæ сæртыл къулы сæрстытæ кæй калдысты, алы минут дæр мæлæтмæ кæй æнхъæлмæ кастыстæм, æппынæдзух алы æмæ алы цыфыддæр хабæрттæ кæй хъуыстам, уы-дæттæ. Хаттæй-хатт адæймаджы зонд фæкуыддæр вæййы, уыцы æбуалгъы хабæрттæ мысгæйæ. Уæззау уаргъ æрхаудта ирон мæдты уæхсчытæм. Сæ хъæбултæ постыты кæмæн лæууыдысты æмæ сæм æппынæдзух сæ зæрдæ кæцы мæдтæн æхсайдта, уыдоны æз схондзынæн мад-хъайтартæ. Алы ныййарæг мадæн йæ бон нæ бауыдзæн йæ хъæбулы мæлæтхæссæг тохмæ æрвитын, куынæ йæ зонай фæстæмæ ма дын сæрæгасæй æрбаздæхдзæн, уæд. Уыцы мæдтæ æцæг хъайтартæ сты, уыдон сæ Райгуырæн Ирыстоны сæрвæлтау сæ хъæбулты цард дæр не ‘вгъау кодтой. Æппынæдзух сæ хъæбулты ныккæндты рамбæхс-бамбæхс кæнынæй бафæлладысты æнахъом сабиты мæдтæ дæр. Хуссарирыстойнаг цæрджытæй бирæтæ фæрынчын сты уал азы дæргъы хæстон уавæрты алыгъуызон мæлæтхæссæг хæцæнгæрзты хъæлæбамæ хъусынæй, уыдонæй бирæтæ цæрынхъуагæй аивгъуыдтой се ‘нусон бæстæм.

Цы бонтæ, цы ‘хсæвтæ æрвыстам…

Кæд 16 азы рацыд августы хæстæй, уæддæр сæ хъæбулты цы мæдтæ фесæфтой, уыдоны зæрдæты рис нæ фæкъадæр ис æмæ сæ царды бонтæ æнæады тынд кæнынц, уымæн æмæ хъæбулы рис зын уромæн у, арс дæр æй нæ уромы. Хъæбулыл хур куынæуал фæкæсы, уæд ныййарæг мадыл дæр нал фæкæсы, нал æй фæтавынц йæ тæвд тынтæ дæр. Августы мæйы æрбалæудимæ уæлдай тынгдæр сытынг вæй-йынц нæ мысынады, уыцы æбуалгъы хæсты цаутæ. О, цас тæригъæддзиндæтæ æрцыд, уыцы тæссаг бонты Ирыстоны зæххыл.

2008 азы 7 август… Цхинвалы уынгты уыд цахæмдæр æнахуыр тæссаг сабырдзинад. Уымæй зæрдæ уæлдай тынгдæр рыст æмæ тыхст. Уынгты ма цы иугай цæрджытæ цыдысты, уыдон цæсгæмттыл дæр ирдæй зынд æнахуыр тыхстдзинад. Æгæрыстæмæй, адæймагмæ афтæ каст цыма уæлдæфы дæр æнкъардæуы тыхстдзинад. Æрбалæууыд 7 августы æхсæв æмæ адæм цæмæй тарстысты, уый сæ баййæфта. Кæд изæры Гуырдзыстоны тугмондаг президент Саакашвили телеуынынады загъта, зæгъгæ, ирæттæ куы æхсой, уæддæр мах, гуырдзиæгтæы ‘рдыгæй иу æхст дæр нæ фæцæудзæн, уæддæр. Йæ ныхæстæ бирæты бауырныдтой, æмæ æнцад-æнцойæ схуыссыдысты сæ хъарм уæтты. Фæлæ, 23.36 сахатыл тыхджын æхстытæ куы айхъуыстысты Ирыстоны фæллад зæххыл, уæд ма сын æй цы базонын хъуыд Гуырдзыстоны сæрхъæн президент сæ кæй фæсайдта, уый. Адæм спаникæ сты æмæ æрдæгфынæйтæй ныккæндтæм лыгъдысты.  Уалынмæ ноджы фæтынгдæр сты æхстытæ æмæ хъустæ къуырма кодтой алыгъуызон хъомысджын хæцæнгæрзты гыбар-гыбурæй. 8-æм августы райсомæй адæм базыдтой гуырдзиаг танкæтæ горæтмæ кæй æрбафсæрстой, уый тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, адæм уый æнхъæл нæ уыдысты æмæ уæлдай тасы ныххаудысты. Ныккæндты бадгæйæ нæм хъуыстысты амæй-ай фыддæр хабæрттæ.

8-æм августы Мидхъуыддæты министрады Сæрмагонд нысаниуæджы къорды лæппутæ Тъбеты хъæумæ æввахс мæлæтдзаг тохы бацыдысты гуырдзиаг æфсады ныхмæ, кæцы уыдонæй уыд бирæ хатты фылдæр æмæ ифтонг уыд алыгъуызон хæцæнгæрзтæй. Уымæ нæкæсгæйæ, нæ лæппутæ равдыстой стыр хъайтардзинад æмæ удуæлдай тох кодтой агрессоры ныхмæ. Фæлæ ГРАД-æй æхсын куы райдыдтой, уæд сæ бахъуыд фæстæмæ алæууын горæты ‘рдæм. Уыцы тохы нæ лæппутæй бирæтæ фæмард сты.

8-æм августы Цхинвалмæ æрбахизæны, æфсæнвæндаджы цурмæ æввахс Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæт дыууæйæ бацыдысты æнæмсæр тохы танкæты колоннæйы ныхмæ. Уыдон иу сахатæй фылдæр дыууæйæ баурæдтой знæгты, спырх сын кодтой сæ танк, амардтой дзы бирæты. Дыууæ хъæбатыр лæппуйы сæхæдæг дæр фæмард сты удуæлдай хæсты, фæлæ уыдон знæгты кæй баурæдтой, уымæй сæхи цардæй бахъахъæдтой адæмы цард.

8-æм августы Сталины уынджы гуырдзиаг фыдгæнджытæ карз тохы рæстæджы фсесæфтой сæ техникæ æмæ ма дзы чи аривæзт, уыдон бамбæхстысты хисæрмагонд хæдзары. Нæ хæстонтæй сæ иу – Джиджойты Æхсар (Джетæ) иунæгæй бацыд хæдзармæ æмæ сæ скуынæг кодта, фæлæ Æхсар йæхæдæг дæр фæмард хъайтардзинад равдисгæйæ.

2008 азы августы æнæхæцæнгарзæй дæр бирæтæ равдыстой хъæбатырдзинад. Алыхатт дæр мæ зæрдыл æрлæууы нæ горæты психиатрион рынчындоны медицинон хотæ Бибылты Ирæ æмæ Хъуылымбегты Светланæйы хъайтардзинад. Уыдон уыцы æхсæв уыдысты радгæс медицинон хотæ. Писхиатрион рынчындоны пациенттæ тыхджын срæмгъдтыты хъæлæбайæ куы райхъал сты, уæд ноджы сызнæт сты, бирæтæ дзы хъавыдысты алидзынмæ. Фæлæ ацы дыууæ хъаруджын сылгоймаджы сарæзтой æппæтдæр, сæхи цардыл нæ хъуыдыгæнгæйæ бахъахъхъæдтой рынчынты цард алы рæтты сæ фæрамбæхс-бамбæхс кæнгæйæ. Магазин «Фарн»-ы ныккæнды уыдон баззадысты 13 августмæ æмæ сæ уый фæстæ фæхæццæ кодтой Дзæуджыхъæумæ. Дыууæ сылгоймаджы цы стыр хъайтардзинад равдыстой, ууыл дис кæнын хъæуы, уымæн æмæ уыцы тугуарæн бонты алчидæр хъуыды кодта йæхи цард аирвæзын кæныныл.

Уæдæ республикон рынчындоны дохтыртæ æмæ медперсонал цы диссаджы  удвидардзинад равдыстой, уæззау уавæрты ныккæнды, цы операцитæ фæарæзтой, уыдон дæр диссагæн дзуринаг сты. Æмæ цал æмæ цал ахæм цæвиттонæн ис æрхæссæн, уыдон чи фæнымайдзæнис.

Джиоты Екатерина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.